Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас (Кочысаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас  (1907) 
by Кочысаты Розæ
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1907. Равзæрæн: Творчество осетинских писателей
МÆ УАРЗОНДЗИНАД ÆВИ МÆ ФЫДЫ НЫХАС

АРХАЙДЖЫТÆ:



Зауырбег – зæронд, 49-аздзыд лæг, афтид цикъæ хæдоны.
Хъамболат – Зауырбеджы фырт, 23-аздзыд. Фыццаг æвдысты – афтид сау куырæты, дыккаг æвдысты – бæлццон лæг, хæрзарæзт, Æртыккаджы – урс куырæты.
Сахтинæ – 46-аздзыд, даргъ хæдоны æмæ афтид сæрбæттæны.
Хъасболат– йæ фырт, 21-аздзыд, сау куырæты, сау стыр худы, зæнгæйтты, месты æнæ дзабыртæ.
Меретхан – æрвадæлты чызг, схъомыл Сахтинæйы хæдзары, бæстырæсугъд чызг, 17-аздзыд.
Борыхъон – Зауырбеджы чындзыцыд хо, 30-аздзыд.

ФЫЦЦАГ АР ХАЙД[edit]

Зауырбеджы хæдзар. Чысылгомау уат, йæ иу къуымы тъахтиныл хуыссы Зауырбег рынчынæй, йæ сæрмæ йæ хæцæнгæрзтæ ауыгъд, йæ уæлхъус – йæ хо Борыхъон, йæ фырт Xъамболат тарвазы æнцой лæууы. Цырагъ ныллæг уагъд.

Фыццæгтæ: Зауырбег, йæ хо æмæ й æ фырт.

Зауырбег. Гъæй, дуне чи скодта, уыцы хуыцау, цы раны лæуд дæн! Мæ иунæг фырты ма уæддæр куы федтаин!
Борыхъон. Ма тæрс, ма тæрс! Дæ хуызæн рынчынтæ бирæ вæййы! Хъамболат дæр мæнæ дæ цуры куы лæууы!
Зауырбег. Мæ дунейы рухс, Хъамболат! æз кæй мæлын, уый зонын. Абондæргъы дын дæ цæсгом куы нæ федтон, хæстæг ма мæм æрбацу!
Хъамболат. Цы кæныс, дада? (Йæ уæлхъус æрлæууыд, ус ацыд.) Ахæм æвзæр зæрдæйыл хæст цæмæн дæ? æз та ма дæм зæрдæтæ æвæрынмæ æнхъæлмæ кастæн!
Зауырбег. Цы зæрдæ дын сæвæрон, мæ хур, цæр... дзаг хæдзары... Иунæгæй мын зайыс, уыййеддæмæ дын дуагæй нæ тæрсын. Мæ ис, мæ бон, мæ хæзнатæ уадзын дæуæн. (Къулмæ амоны.) Лæварæн дын уадзын уæлæ уыцы хъыримаг. Уæ, мардзæ, мæ иунæг фырт, нæ фыдæлты дзаума æгады хастæй ма фæхæсс!
Хъамболат. Царды уынаффæтæ мын ма кæ, мæ уарзон фыд! Дæ фæстæ æз нæ хæдзар адджын нал скæндзынæн мæхицæн. Хæрзбон зæгъдзынæн мæ ис, мæ бонæн. æз схъомыл дæн дæ уындмæ бæлгæйæ. Мæ мадæн ма мын йæ ингæн уæддæр бацамон! æз дæ курын уыцы хорз. æз æй абон баивон мæ цæрæн хæдзарæй!..
3ауырбег. Зæрдиагæй мæм байхъус, мæ хур! æз дын радзурон мæлæты фæндагыл мæ хабæрттæ. Ацы (йæ хуылфыл йæ къух æрæвæрдта) хуылф мын чи фехæлдта, мæ ингæны былыл мæ чи æрлæууын кодта, уы­цы хъуыддæгтæ...
Фыццаджыдæр, мæнæ æз дæ цуры мæлын! Дæ мады хъуыддаг дæ ныры онг фембæхстон, ныр æй хъуамæ базонай... Дæ мад Зали рæсугъд уыд, адæмæн æмбисонд, йæ рæстæджы йыл æппæт адæм схæцыдысты курыныл, æмæ йæхицæн адджынæн сæвзæрста мæн. Уыцы адджын цард кæнгæйæ нын дыууæ азы бонмæ райгуырдтæ ды... Афæдз дыл нæма рацыд, æз цуаны уæвгæйæ, афтæмæй мæн æгас дзыллæтæн худинаг фæкодта, дæу та сидзæ­рæй баззайын кодта Курдиаты Естъа (йæ дæндæгтæ схъыррыст кодта). Ахаста дæ мады мæ хæдзарæй... Уыцы бонæй фæстæмæ сидзæрæй искæй къухы фæрæзыдтæ, мады рæвдыд нæ федтай, фыды æппын нæ уыдтай хæдзары дæ цæстæй. æз та хицæн адæн хуыцауæй æмæ зæххæй сæ фæстæ зилыны тыххæй. Уыцы джауыр мæнæй тæрсгæйæ хъæуы мидæг иу бонæй фылдæр фысым не ‘ркодтаид. Хъуыстон сын сæ хабæрттæ... Дæ мадæн райгуырди чызг; уый дæр кæйдæр къухы æмбæхстæй хъомыл кæны, йæ ном – Меретхан. Мæ иунæг фырт, Хъам­болат! Уыцы æртæ удæй кæй никæуыл фæхæст дæн, уы­цы маст мæ ингæны былыл æрлæууын кодта... Мæлын... æнæ мæ хæс райсгæйæ æмæ зон, мæрдты ма иу мард кæй кæндзынæн, уый... Маст мын мæ зæрдæ бахсыдта. (Дзурын нал фæразы, йæ уд тухи кæны.)
Хъамболат. Ацы хъуыддагмæ, дада, дæ зæрдæ мауал æхсайæд æппындæр! Уыцы заманы – мæ уды æмгъуыд, æз мæ бынат цы бон æрхъарм кæнон!.. Кæд æмæ, чи зоны, нæ фæхæст уон йæхиуыл, уæддæр де ‘фхæрддзинад йæ хъæстæйæ искæмæй райсдзынæн, мæ хуыцауы къух дæм дæттын!
3ауырбег (тагъдгомау ын йæ къухмæ февнæлдта æмæ йæм æдзынæг кæсгæйæ дзуры). Бузныг! æгайтма мын мæ дзырд кæныс,– мæрдты мæ ингæны къæйтæ стыдтаин... Дæ мады-иу бахъахъхъæ! Агургæ йын йæхи кæн!.. Кæм фæхæст уай, уым та йын йæ чызгыл дæр ма аздæх фæхудинаг кæныныл!.. Хъусыс! Ма мæм æрбацу чъизи цæсгомимæ. Ныр, мæ дунейы рухс, æз мæлын... хæрзбон у! Хæрз... бон! (Адаргъ кодта йæхи æмæ амард. Хъамболат йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ ныббогътæ кодта.)
Хъамболат. Мидæмæ-ма рацу, мæ иунæг цъæх хо! Мæ хæдзар куы фехæлди... Мæ иунæг фыд дæр та мæ хæрз сидзæрæй куы ныууагъта... (Борыхъон, йæ сæрыхъуынтæ тонгæйæ хъæргæнгæ базгъордта; хъарæг; йæ фæстæ иукъорд лæджы сæ сæртæ хойгæйæ æрбацыдысты).

Æмбæрзæн

ДЫККАГ АРXАЙД[edit]

Сахтинæйы хæдзар, рудзынджы бын – тъахтин, рудзынгыл цырагъ судзы. Меретхан хæрдгæхуыдтæ кæны. Астæуæй Сахтинæ цыдæртæ æмпъузы. Даргъ бандоныл Меретханы цур Хъасболат хъыримаг сыгъдæг кæны.

Фыццæгтæ:Сахтинæ,Меретхан æмæ Хъасболат.

Сахтинæ. О мæнæ, Мери, мæ уат куы æрæппарис! Сымах мондагмæ фæбадын æмæ мæ уæрджытæй мæлын. Зæрондæн йæ бадт дæр ницыуал.
Меретхан. Уæ нана, чысыл-ма фæлæуу, æххæст ма мæ хæрдгæхуыд акæнон, нырма раджы у...
Хъасболат. Цы йын лæгъстæ кæныс, цы? Зæронд адæм фæразондæр сты ногтæй – абаддзæн ма! (Чидæр дуар бахоста. Фæджих сты.)
Сахтинæ. Акæс-ма, Хъасболат! Чидæр нæм дзуры. (Хъасболат ацыд.)
Хъасболат. Чи дæ, чи? Кæд уазæг дæ, уæд–мидæмæ!
Хъамболат. æнафоны уазæг, уæдæ, кæд мæ дæ хæдзармæ бауадзай, уæд!
Хъасболат. Уазæг–хуыцауы уазæг! Мидæмæ рацу! æрмæст дæхицæн æгæр мæгуыр фысым бацагуырдтай.

Фыццæгтæ æмæ Хъамболат.

Хъасболат. Уазæг, нана, уазæг, ды та ма нын дæхи æфснайынмæ хъавыдтæ!
Хъамболат. Фарн – а хæдзары, æмæ уе ‘хсæвтæ хорз!
Сахтинæ (сыстад). Фæрнæйдзаг у æмæ æгас цу, уазæг!

Хъамболат нымæт, басылыхъхъ систа æмæ сын сæ къухтæ исы.

Хъасболат. Марадз, Мери, уазæджы дзауматæ афснай. (Мери дзауматæ райста æмæ сæ сауыгъта, дуаргæрон алæууыд. Хъамболаты Сахтинæ йæ фарсмæ аба-дын кодта.)
Хъамболат. Мæ хорз фысымтæ! Курын уæ иу хуыцауæй фæстæмæ, æмæ мын бахатыр кæнут, æнафоны уæ кæй батыхсын кодтон, уый. æндæр гæнæн нал уыд, сы-махæй йеддæмæ рухс никæмæй уал цыд.
Сахтинæ. Ма тæрс, мæ хур, ма, мæгуыр фысым-иу ницæуыл тыхсы. Хорз дæ куы нæ фендзыстæм, мыййаг!
Хъасболат. Нана! Уазæджы-иу аргъæуттæй не ‘фсадынц, æнхъæлдæн. Фæллад дæр уыдзæн, чи зоны, фæлтау нын фæйнæ арахъхъы куы авæрис!
Сахтинæ. Уæ, мæ бон, Хъасболат! Ныры адæм зæрæдты кæндтытыл нал æрвæссынц, нал! Рауай, Мери, мемæ! (Рацыдысты, Хъамболат йæ фæдыл кæсы, Хъас­болат æй уыны.)

Хъасболат æмæ Хъамболат.

Хъамболат. Аипп ма уæд, фæлæ мæ мæ уарзон фысымты базонын бæргæ фæнды, Хъасболат...
Хъасболат. Мах дæр мæгуыр, сидзæр бинонтæ стæм: зæронд мад æмæ æз мæ хоимæ. Кæрæдзи базонынæй хуыздæр цы и уазæг æмæ фысымæн! (Мери фынг æрæвæрдта.)

Фыццæгтæ æмæ Мери.

Мери. Хорз æхсæвæр уын не сцæттæ кодтам, фæлæ фæйнæ арахъхъы аназут!
Хъасболат. Уазæг! Кæрæдзи дæр базондзыстæм, фæлæ уал нын нæ хорз æхсæвæрмæ хæстæгдæр æрбабад! Мери, ды ма нын арахъхъ авæр!
Хъамболат. Мæнæн аккаг бæргæ нæу ныры онг мæхи нæ бацамонын, фæлæ мын æй бахатыр кæнут! Хъуыддаджы фæдыл зилын, æмæ уый æнæ мæ къухы бафтгæ ардхорд дæн мæхи схъæр кæныныл. Аипп дæр бæргæ у ацы æгъдау кæнын, мæ ном – Хъамболат, уый мæ уæддæр зонат. (Мери нуазæн дæтты Хъамболатмæ, уый йæ нæ исы, стæй йæ айста Хъасболат.)
Хъасболат. Цæй, уæдæ нын хуыцау тæригъæд бакæнæд! Уастырджи бæлццæтты рахиз фарс цæуæг у кæддæриддæр æмæ дын, дæ зæрды цы хъуыддаг ис, уый сæххæст кæнæд, Хъамболат.
Хъамболат. Хæлар дын уæд! (Райста агуывзæ.) Хуыцауы хорзæх уæд мæ фысымты! æз дæр æнæхъæн æртæ азы зилын, фыдæбон кæнын, æмæ мын ахæм амондджын фысымтæ фæут, æмæ мæ хъуыддагыл куыд фембæлон.
Сахтинæ (рудзынгæй æрбадардта йæ пыхцыл сæр). Уæ, мæ бон, Хъасболат! Нæ мæгуыр æхсæвæрæй уазæджы хорз фен!
Хъасболат. Хуыцауæй – бузныг, нана, нæ уазæг нын æнцонхæссæн фæци! Мери, схорз кæн дæ фынг! (Сахтинæ æрбацыд гуыбыр-гуыбыр.)
Сахтинæ. æнафон дæр бæргæ у, фæлæ мæ нæ уазæгимæ аныхæстæ фæндыд. (Йæ уæрджытыл æрбадт.) Дæдæй, мæ уæрджытæ æрхауынц.
Хъасболат. Уæууа, сымахардыстæн, æзынма, схуыссыд... Нана! Уастырджистæн, хуыссын афон у! Райсом-иу фæныхæстæ кæн, ныр нæ уазæг дæр фæллад у, Мери, хуыссæнтæ бакæн æмæ ацæут!
Мери (дыууæ хуыссæны бакодта). Хæрзæхсæвтæ ут!
Xъамболат. Хорз амонд дæ хай, æмæ, кæй æхсæв у, уый хæрзтæй хайджын ут! (Йæ фæстæ акаст, ныуулæфыд къæхты бынæй.)
Сахтинæ. Уæуу, æна! Ныры адæм цы хуызæн сысты, цы хуызæн? Куы дæ хуыссын нæ уадздзысты, куы та дæ тыххæй мæрдцъынд кæндзысты.
Хъасболат. Ех, нана, ныры адæмы сæ зæрдæйы фæндагыл ауадз, бирæ цæрæнбон сын куы нæ и, мыййаг. (Дыууæ дæр сæ хуыссæнты æрхаудтой æмæ ныххуыссы-дысты. Сахтинæ йæ къух ауыгъта æмæ рацыд.)

Æмбæрзæн

ÆРТЫККАГ АР ХАЙД[edit]

Хъасболаты цæхæрадон, бæласы бын – бандон; йæ фарсмæ цъæх нæууыл нымæт тыд æмæ нымæтыл урс куырæты мидæг X ъ а м б ол а т.

I НЫВ



Хъамболат. Мæ худинаджы дуг æрзылдис æмæ ма цы кæнон, чердæм ма цы кæндзынæн, уымæн куы ницы зонын! Цас хорз уыдаид, мæ фыды æфхæрд райсты фæстæ йыл куы сæмбæлдаин, уæд? Фæлæ, æвæццæгæн, иууылдæр арæзт хъуыддæгтæ сты. Уыцы æгъдау мæнæн уадзæн нæй! æнæ уыцы чызг та мæ мæлæт мæ цардæй хуыздæр у! Йæ бинонтæй бæргæ нæ тæрсын, фæлæ йын иучысыл йæхи зæрдæйæн исты куы бамбæрстаин. Хуыцæутты хуыцау! Уæдæ ма мæ кæд исты амонд ис, уæд æй ацы хибармæ рауадз! (Меретхан æрбацыд.) Гъæй, джиди! Нæ амонд иу бауынмæ куыннæ скуывтон, куы! Ме скуывдæй йæ рацыд тагъддæр куы фæцис! (Мери аздæхынмæ хъавы. Хъамболат фестад.) Мауал фæлидз! Байхъус-ма мæм æрмæст дыууæ ныхасмæ!

II НЫВ



Мери. Цæсгом дæр мын нал ис, фæлæ мæ цæуылнæ ауадзыс: дæу тыххæй мыл зæрдæниз кæй бафтыд, уый æгъгъæд нæу? Ноджыдæр ма дын дæ ныхæстæм хъусон?..
Хъамболат. Мери! Ацы дунейыл æз худаистæй цы хъуыддаг куырдтон, уый дæхи дзыхæй ссыди. Фæсмон фæкæндзынæ æрæджиау, ныртæккæ дæ зæрдæ цы æгъ-дауыл лæуд у, уый мын куы нæ зæгъай, уæд! Зоныс æй, кæй тыххæй худинаг кæнын, уый... æнæхъæн къуыри ам кæйдæр хæдзары кæй тыххæй бадын, уый!.. Нал ис мæнæн ацæуæн ацы хæдзарæй æнæ дæ бæрæг, æмæ мын ныртæккæ зæгъ, дæ фæстаг ныхас цы уыдзæн, уый!
Мери. Уæдæ, кæд æндæр гæнæн нал ис, уæд мæнæн мæ мад æмæ ме ‘фсымæры ныхасыл дыккаг зæгъæн нæй.
Хъамболат. Мери, иучысыл æрбад бандоныл, мыййаг, дæ мад куы æрбацæуа, уæд дæ фендзæни. (Мери бæласыл банцой кодта, Хъамболат бандоныл сбадти.) Мæнæн абонæй фæстæмæ ничиуал ис ацы мæнг дунейыл дæу йеддæмæ, æмæ мын ныр мæ хабæрттæ хъуамæ базонай...
Мери. Цæй-ма, уæдæ! Цымæ ныры онг цы хабæрт­тæ нæ хъæр кодтай. (Худынц.)
Хъамболат. Ныр мæ уæдæ базон! æз дæн, фыццаджыдæр, Борыхъуаты Зауырбеджы фырт. æртæ азы цæуы мæ фыды амæлыныл; мæлгæ-мæлын æм радтон мæ къух, де ‘фхæрд дын райсдзынæн, зæгъгæ. Уый амæлæты бонæй фæстæмæ зилын æмæ æппæты бæсты дæр дæуыл сæмбæлдтæн...
Мери. Омæ чи у, дæ маст кæмæй исыс, уый, цавæр зын арæн у, уагæр, æртæ азы кæуыл зилыс, уыцы адæймаг?
Хъамболат. Дыууæ удыл зилын æмæ мын хъауджыдæр нæу, кæцыйыл сæмбæлон, уымæй. Уыдон сты Курдиаты Естъа æмæ йæ чызг. Уыцы дыууæйæ æз хъуа­мæ райсон иуæй мæ мæгуыр фыды хæс. (Мерийæн йæ хуыз фæцыд, йæ къухæй къæбæл æрхауд, цæсгом бамбæрзта æмæ ныцъцъæхахст ласта.)
Мери. О мæ дуне! Цæй талынг мыл æрбадæ!.. Цæмæн нæ агурыс? æз та дын цы кодтон! Естъа мæнæн мæ фыд у, Хъамболат!
Хъамболат (фестад). Ма мын кæнын кæн ахæм джауыры кой дæ хуызæн зæды цур! Хъуамæ Меретхан мæ уындæй арвы талынгты лидза. Мæнæн æрмæст дæ ном сдзурын дæр тых куы кæны, æмнæмттæ кæй стут, уый тыххæй.
Мери. æз уæдæ Естъайы чызг дæн! Хæссынмæ мæ куы райстой нана æмæ Хъасболат, Мери мæ уæдæй нырмæ хонынц.
Хъамболат (йæ тигъ фæзылдта Меримæ). Уæ, хуыцау! Мæ мады гуыбыны мæ цæй æнамонд бон сæвзæрын кодтай! Цы ма бакæнон, мæ зæрдæ мæ хуылфы дыууæ ‘мбисы куы аци? Уæ, мæгуыр лæппу! Йе – уарзондзинад, йе – дæ фыды ныхас! (Йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта.) Худинаг райсæн нæй, æнæ дæу та – фæцæрæн. (Аджих, стæй зæхх къахæй ныццæлхъ кодта.) Гъе, уæууæй, Хъамболат! Зауырбеджы фырт куы дæ... Ма райс ныры лæппуты зæрдæ. Чъизи цæсгомимæ ма бацу дæ фыды цурмæ! Мери, цы кæнон?! æз æнæхъæн æртæ азы дæ джауыр фыдыл фæзылдтæн, æмæ мæ къухы нæ бафтыд... Дыккаг агуырдтон дæу, мæ зæрды дын уыд мæ мады ми бакæнын æмæ фæстæмæ раскъæфын... Ныр нал у мæ бон ну бакæнын дæр! Мæ зæрдæ дæу баци, æмæ йе – ды, йе – мæлæт. (Йæ дамбаца исы.) Ху­динаг у сылгоймаг амарын, фæлæ æндæр гæнæн нал ис! Цы зæгъыс?
М е р и. Цы дын кодтон? Мæ уарзондзинад йеддæмæ дын куы ницы ракодтон!
Хъамболат. Мæн мæлын хъæуы æмæ, Мери, демæ мæлын! (Дамбаца фыццаг Мерийыл ныццавта, стæй йæхиуыл.)
Мер и. Куы мæ амардтай!.. Хæрзбон!..
Хъамболат. Ныббар мын, мæ фыд, мæ рæдыддзинад! (Ахаудысты, фыццаг – чызг, стæй – лæппу.)

Æмбæрзæн

This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse