Jump to content

Мæнгæ соми (Багъæраты)

From Wikisource
Мæнгæ соми (1914)
by Багъæраты Созыр
290517Мæнгæ соми1914Багъæраты Созыр


МÆНГÆ СОМИ


Берæ зæнхитæ байзадæй
Хъубадитæн сæ фидæй.
Хъалон есгæй си фиййæуттæ
багъигæнцæ сæ зудæй.
Хæси-Тасо сæ бæстæмæ
Уæллагирæй æрцудæй,
Хъубади ин æ фустæмæ
лæборидæ уæлбæхæй.
Нæ фиййау дæр ниффудзæрдæ'й
'ма сæ хæццæ фæххилæ'й.
«Губур-Гату сæ косæг æй,
ба-син æй есон хинæй». —
– Фæххастонцæ нæ биццеуи
Уæллагирæй нæ гъæдæй:
ракодта'йбæл мæнгæ соми,
'ма Хъубади фæммулд æй.
Губур-Гату æ хецаутæй
æнæнгъæлти исуæгъдæ'й.
Хæси-Тасо фæммæнгард æй
'ма фестъæлфуй фунæййæй.
Бонвуддæр кæнун райдайуй,
нецибал ес æ фустæй.
Дигоргоми æрæнцайуй,
æнамондæй, æлгъистæй.
Фæззæгъунцæ, — исæфагæ'й
мæнгæ лæгæн æ фæстаг —
Тасойæн дæр фæррæуагæ'й –
æркунæг æй æ муггаг.


1914 анзи феврали 7 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 109 years or less since publication (if applicable).