Jump to content

Мæлæг æфсæддон (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Мæлæг æфсæддон (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290374Мæлæг æфсæддон1902Гуырдзыбеты Бласка


МÆЛÆГ ÆФСÆДДОН


Кæд ма ес æфсæддон будури æгас,
Уæд тагъд æрцæуæд мæмæ ардæмæ!
Рохс нæбал уиндзæнæй нуртæккæ мæ каст, —
Æд кадæ фæццæун æз мæрдтæмæ.

Фæххæссæд ми зæрдихалæн нистауæн,
Базонунмæ хъурмæй мæ мадæмæ;
Дзæгъæд, куд сомий æфстауи Хуцауæн,
Гъæуагкин нæ байзадтæн кадæмæ.

Некебал йес!.. Сау халæнттæ мæ сæргъи
Цурд желунцæ, фидмондаг гъæргæнгæй,
'Ма, мæрдидзагæй, æ уæрхæ, æ дæргъи
Арвмæ ниннеуй будур унгæгæй.

Басор дæн мæ хъурми, гъæрзун мæ цæфæй...
Ай-гиди, дон баниуазæ ма уæддæр!..
Жин мæ содзуй æрдгæмæ хор æ тæфæй!..
Аууонгонд ма ку фæцайдæ мæ сæр!..

Ку мæлун уин, о, мæ мадæ, мæ хуæртæ!
Бинойнаг, фæууадзун дæ дзæгъæлæй!
Сауæй мæбæл бадаретæ уæ сæртæ,
Неуетæ, ихалгæй дор уæ нæгæй!
Мæ цъæх сабий мин искæнетæ аккаг
Бадарунмæ æд кадæ мæ ном;
Мæнæн ба, æуингæй, дзæгъетæ «рохсаг»,
Гъенур мæ цæфæй фæммæлун æнцон.

Додой фæккæнайтæ, Турки æфсæдтæ,
Æнæ хатт нæ байзайдзæнæй мæ тог:
Гъæддаг хутæн уин хуæруйнаг уæ мæрдтæ
Искæндзæнæй нæ Урусæн æ топп!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.