Мæгуыры зæрдæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Мæгуыры зæрдæ  (1910) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1910, Рауагъ аз: 1910. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ


Мæгуыр лæг куыстæн дæр
Нæ зоны фæрæз, —
Йæ сæрæй фæуæлдæр
йæ хъалон, йæ хæс.

Æххормаг—йæ зæнæг,
Хæрзбæгънæг — йæ ус,
Фырмæстаей йæхæдæг
Йе стджытыл ныххус.

Куы мæла, уæддæр æй
Ныууадзынц кæугæ,
Бæгъæмвад, бæгънæгæй, —
Кæнынц ыл хъæртæ.

Фæлмæн дзырд ызгъалы
Сау хохы къæдзæх,
Калм дæр æй æмбары,
Байхъусы дзæбæх.

Мæгуыры хæдзары
Уад тымыгъ хæссы.
Фынæй йæм нæ хъары,—
Уынæргьгæ хуыссы.

Артау, судзы зæрдæ,
Фæрстæм лæбуры:
«Уæу, Нана, цы фæдæ!»
Мæрдтæм æм дзуры.

Нывондæн куы хæссид
Искæуыл йæ сæр,
Исчи йæ куы фæрсид:
«Куыд цæрыс ды дæр?»

Йæ бæхæн куы кæрдид,
Æнæвгъау, кæрдæг,
Уæд афтæ нæ кæнид
Хæрзцола, мæллæг.

Быдыры куы кæнид
Гутонæй хуымгæнд, —
Афтæ тагъд пæ хæлид
йæ хъуыддаг, йæ фæнд.

Æхсырфæй куы кæрдид
Сырх мæнæу дзæбæх,
Ыстъæлфгæ, уæд цæуид
Уæрдоны йæ бæх.

Æдасæй куы хæссид
Сау хъæдмæ фæрæт, —
Хуыздæр æм нæ кæсид
Йæ цардæй мæлæт.

Йæ куыстæй æндæртæ
Цæл-инас кæнынц,
Сæ къухтæй фæндыртæ
Хъæлдзæгæн цæгъдынц.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.