Лæскъдзæрæн (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Лæскъдзæрæн  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ЛÆСКЪДЗÆРÆН


А р г ъ а у

Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
     Иу мæгуыр лæг цард.
Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,
     Удхарæй йæм мард.
     
Адæммæ кæм нæу фыд–зæрдæ
     Иуцæстон сæтой! –
Хоры къутуйау йæ тæнтæ,
     Бинаг был – кæфой.
     
Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, –
     Алыбон хæргæ! –
– Цæй–ма, — лæг ын иу хатт загъта, –
     Ахицæн мæ кæ!
     
– Хорз, мæ хур, кæд дæ нæ фæнды, –
     Цу! Дæ фæндаг раст!..
Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды,
     Уромы йæ маст.
     
Кусы та... Хуыцау æй зоны,
     Цас ма йæм фæци...
Атъæпп уа, цы фыййау хоны
     Амондджын йæхи!
     
Махон дзы йе сæфт ыссардта, –
     Байсысти йæ туг!
Иубон хизæнæй æртардта
     Йе фсæст фосы дзуг.
     
Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, –
     Артау сыгъд йæ сæр,
Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, –
     Банызта кæмдæр!
     
Дзурын ма зынæй фæразы...
     Бухъхъытæгæнгæ,
Загъдæмхæст фыййауæй хъазы:
     — Хорз лæг дæ, бæргæ, —
     
Дзуры йæм, – фæлæ кæд уарæм,
     Уæд дзæбæх, нывыл.
Туг кæрæдзийæ нæ дарæм,
     Байхъус мæм чысыл!
     
Алырдæм дæр æй куы барай,
     Ай нæ хуыздæр хос:
Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, –
     Дæу фæуæд мæ фос!
     
Науæд фосæй дæр æнæ хай,
     Хизгæ дæр лæвар.... –
Хорз, – зæгъы, – уæдæ цы зæгъай!
     Хорз, фæуæд дæ бар!
     
Уæйыг бахудти фырцинæй...
     – Иу, уæдæ, мæ хур!
– Иу – Хуыцау! Хуыцауы динæй
     Арвмæ хауы дур.
     
– Кæд дыууæ, дыууæ та? – загъта.
     – Сау дыууæ цæстæй
Хорз фыййау дзæгъæл нæ уагъта
     Иу дæ нæлфыстæй

– Кæд æртæ, æртæ цы давы?
     – Фынг æртæкъахыг
Уазæгæн йæ фæллад сафы,
     Зианджынæн – йæ хъыг.

– Уæд цыппар та дын цы сидынц?
     – Кæд цыппар фырты
Афæдзæн йæ куыст æрвитынц, –
     Базон–ма цæ ды!

– Фондзæн та дæм дзуапп бæргæ нæй!
     – Фондз фырты мæн дæр
Хизынц хин æмæ кæлæнæй, –
     Чи цæ у хуыздæр?

– Кæд æхсæз – сæ сæр мæ дзырдтæн?
     – Æз æхсæз хатты
Фос байуарынмæ бæллыддæн,
     Не сразы дæ ды!

– Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы, –
     Авдæн исты зæгъ!
– Авд сæры уæйыгыл зайы,
     Зондæй та – къæдзæх!

– Цæй–ма, цæй, уæдæ мын астæн
     Исты дзуапп ыссар!
– Аст азы дæ фосмæ кастæн,
     Айс цæ ныр, – хæлар!..

– Барæй дæм лæмæгъ лæууыддæн. –
     Фараст та цы уыд?
– Фарæстæмы ам нæ уыддæн,
     Ахæтын мæ хъуыд...

– Ох–хай! Демæ æз нæ фæдæн,
     Радзур–ма, лæгау!..
– Терк–Турчы бæстæ – мæ хæтæн,
     М 'амæддаг – рæгъау...
     
– Денджыз дæр ма лæг кæм ласы!
     Цавæр уыд дæ бæх?
– Мæн къуылых дзынга фæразы,
     Гъе–ри–гъа, дзæбæх!

– Хорз бæх уыд, кæд байсыст сæрды
     Денджызæн йæ дон!
– Цæргæсæн нæ уыд йæ сæрты
     Атæхын йæ бон.

– Иуæй–иу лæппын цæргæсы
     Карчы цъиу бырсы...
– Карчы цъиу бæргæ нæ хæссы
     Галы мард пыхсы!
     
– Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд
     Афтæ уæззау нæу!
– Мысты уæныл ма æрлæууæд
     Даредзанты хъæу!

– Иу кæркдон хъæуыл нымайы
     Къулыбадæгус!..
– Ау, кæркдоныл ма фæллайы
     Иу зылдæн тæрхъус?!.

– Ох–хай, гъе! тæрхъус–лæппыныл
     Афтæ ма бахуд!..
– Уастæн, баззайой йæ быныл
     Даргъ кæрц æмæ худ,

Уастæн, ма стæфса сæ хъармæй
     Гас нæртон зымæг,
Чи цæ сарæзта йæ цармæй,
     Нарты Уырызмæг!

– Нартæ се мгæрон куыд уадзынц
     Ахæм къаннæджы?
– Раст йæ уæлфадæй куы уасынц
     Авд нæл хæрæджы,
     
Уый цын уæд сæ хъæр нæ хъусы,
     Ахæм къаннæг у!
– Ау! æмæ цы диссаг у, цы,
     Кæд къуырма лæг у?!.

– Авд хохы фæстæ мæгатæ
     Хос куы фæкæрдынц,
Авд дæлдзæхы бын дзынгатæ
     Снæр куы фæцæгъдынц,

Адæмæн цæ уæд фæдзуры
     Уыцы лæг ныр дæр...
Кæд мæнгæй зæгъын, — мæ цуры
     Цавддур фест ды дæр!

Йе лгъыст уæйыгыл æрцыди:
     Раст йæ хуызæн дур
Комхæлиуæй хъен лæууыди
     Лæскъдзæрæджы цур.
     
Фервæзт лæг... Иæ фос æртардта..
     Ис æм ныр йæ фаг...
Абон дзы мæнæн дæр радта
     Иу нард кусæрттаг.
     
Уымæй æз куыд дæн æнæ хай,
     Афтæ мын ды дæр
Фосджынæй æмæ дзæбæхæй
     Се 'рцыдмæ фæцæр!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.