Лæг æви ус? (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Лæг æви ус?  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ЛÆГ ÆВИ УС?


Зиууæтты зарæгæй хæхтæ ныццараудтой,
Рацæуынц хъæутæм... Фæсабыр сæ хъæр, –
Иу лæбырды бынæй фæндагмæ рахаудтой
Марды ыстджытæ – йæ цæнгтæ, йæ сæр...

– Ох–хай, гъе! – зиууæттæ загътой, – нæ фæндæгтæ
Амæй кæд исты хæс дарынц уæд та?
Сæрыкъуыдыр дæр йæ урсурсид дæндæгтæ
Барæй цыма цæм ныззыхъхъыркодта, –

Хурныгуылдмæ цæм æрттивы, сызгъæринау,
Цæстыхуынчъытæ, цæстытау, кæсынц...
Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау;
Нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц.

– Уым та цы ми кæнут? – дзуры цæм лæгæтæй
Иу лæг, хæрз зæронд, нæ зыны сæгæй.
– Мæнæ æвзарæм, кæй уыд цымæ дзыллæтæй
Ацы сæрыкъуыдыр, – усæй, лæгæй?

– Гъе, æрра лæппутæ! – лæг та цæм радзырдта, –
Чи уыд, кæд уый бæрæгкæнут æцæг,
Уæд уый ныр къаннæг сывæллон дæр базыдта,
Чиу, уый цæмæй фæчындæуы бæрæг!

Алкæмæн йе гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр:
Усæн мæрддзыгой – йæ тыхджындæр мæт, –
Искуы фæцæуæд фæдисы хъæр, марды хъæр, –
Усæн ма иу ран фæлæууæн ис уæд?!.

Бафæлварут–ма, гъе, уыцы хорз миниуæг, –
Исчи ныккæнæд мæрдæрцыды хъæр! –
Кæд лæг уыд, – сæрмæ нæ фехъуысдзæн фидиуæг,
Ус, – уæд уæ хъæрмæ нæ фæлæудзæн сæр.

Худæг фæкасти йæ хабар нæ хосдзаутæм:
– Ай нæ хынджылæг куы кæны, сæрæй!
Цæй, уæддæр байхъусæм фыдæлты хорз даутæм,
Фенæм, – цы нын у æхсæны хъæрæй?

– Рухсаг уæд! Амард æлдараты Хамбитта! –
Иу хосдзау загъта йæ хъæлæсыдзаг...
Гъæйт, мардзæ! Сæр дын æвиппайды асхъиудта,
Далæ фæтулы йæ фæндаг–фæндаг!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse