Лæг, уæйыг æмæ рувас (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Лæг, уæйыг æмæ рувас  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ЛÆГ, УÆИЫГ ÆМÆ РУВАС


Лæг сау хъæды цуаны хатт, —
Йе 'хсæвæйраг агуырдта.
Уымæ дардаей рувас каст, —
Йæ цæсты сындз ауыдта.

Рувас уайтагъд фæлидзæг,
Фæстæмæ дæр нал фæкаст,
Фыдгул афтæ фæризæд,
Уыцы сахат уый куыд тарст.

Уæйыг фарста рувасы:
— Кæдæм лидзыс, зинты сайд? —
Иуран бадти хурварсы, —
Йæ хъуынджын кæрц — ихау салд.

— «Кæдæм лидзын, зæгъон дын:
Æпбацæуы цуанон,
Æз уымæ сыпп нæ уæндын,
Амардзæн мæ иу афон».

— Стыр диссаг фехъуыстон, —
Искæмæй та куыд тæрсыс:
Æз сау хохы фесхуыстон, —
Ныллæбырди, ныцъцъæл ис.

Куыд дзы тæрсыс уагæры,
Цавæр уыдзæн уыцы лæг!..
Зæххы 'нкъуыстæй н'акаелы
Хохы сæрæй иу сынæг...

Уалынмæ лаег æрбакаст,
Уæйыг дæр йæхи ысдардта;
Лæг топпы рагъæй акаст, —
Уæйыджы цæст ыскъахта.

Уæйыг куырмæй фæлидзæг,
Къултыл хоста йæ фæрстæ, —
Ныр йæ тыхыл фæмизæд, —
Дзæгъæл баззад йæ бæстæ.

Рувас фарста уæйыджы, —
Иу баисты хуссары:
— федтай йæ, цы, нæ лæджы?
Чи ц' агуры, уый ссары.

— Уæддæр мыл цæф кæй не 'руад,
Уый дын зæгъын, мæ уарзон,
Амардтаид мæ де 'рвад,
Тыхджын кæй у, уый базон.

Йæ иу ...... æй мæ цæстæн
Раст йæ гагуы фелвæста.
Хицау нал и мæ бæстæн, —
Мæ бын-хай мын фесæфта.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse