Къоста (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Къоста  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


КЪОСТА


Рухсаг уæд Къоста, —
Кодта ныл сагъæс,
Уый тыххæй нæ кæны
Ирыстонæй рох.
Нæ загъта йæхицæн
Нæ цард, нæ дарæс,
Фæкодта рынчынæй
Рæстдзинадыл тох.

Йæ дзыхæй фæцыди
Зæлдагау, йæ дзырд.
Æгъдауæй фæфыста
Йæ сæры фынтæ.
Таубитæм нæ хъуыста,
Хуыдта сæ-иу сырд,
Йæ зондæй нывæзта
Сызгъæрин тынтæ.

Цырагъау, фæсыгъди
Уый адæмы 'хсæн.
Рухсаг уæд, æнусмæ
Уæд уымæп йæ кой.
Йæ къухæй нæ иста
Æдзухæй фыссæн,
Нæ кодта йæхицæн
Æхсæв дæр æнцой.

Йæ зæрдæ фæдзырдта
Йæ бæсты сагъæс.
Ныссау и, ныддур и
Йæ бæсты мæтæй.
Фæдардта цъæх цухъхъа
Фыдæлты дарæс.
Нæ тарсти рæстагыл
Цæттæ мæлæтæй.

Нæ талынг бæстæн уыд
Ирд цæлхыдзаг мæй.
Йæ рухсæй æрттывта
Нæ сау хæхбæстæ.
Йæ сæрæй лæбырди
Сызгъæрины зæй...
Цæмæй дын фиддзыстæм
Дæ бирæ хæрзтæ.

Фæхицæн нæ фæтæг
Йæ уарзон бæстæй,
Ыскæут йæ цыртыл
Йæ уарзон лæгтæ.
Æфхæрд уыд мах тыххæй
Хуыцауы рæстæй,
Фехæлдысты уымæн
Йæ хорз фæндæгтæ.

Нæ хæхтæ лæбырынц
Тызмæг уарынæй,
Нæ быдыр фæуыдзæн
Лакъоны бынат.
Йæ зæрдæ фæрысти
Хъуызгæ зарынæй, —
Кæд искуы батæфсид
Нæ хохы цæгат.

Тыхуадæй ныссæттынц
Нæ хорз бæлæстæ...
Уромын нæ комы
Нæ тæвд цæсты сыг.
Кæмæн ма фæдзурæм
Нæ сонт ныхæстæ!
Мæлæт нын ныхæлдта
Нæ зонды мæсыг.

Уæу, нæ хъал лæппутæ
Бæрзондæй кæсынц...
Тæрсын, куы фехæла
Нæ номы гæнах.
Нæ тæрхононтæ та
Хæппæй дæр тæрсынц,
Ничиуал сæ кæны
Нароны гæрах.

Махмæ сарæх ис
Сусæг дывзагон,
Знагау, нал уарзæм
Кæрæдзийы цард.
Хæлæгау, нæм уасы
Фыдбоны халон,
Уæддæр ма нæ зонæм
Нæ судзаджы мард.

Ма ферох кæнæм, ма,
Нæ хорз фыды 'взаг.
Цæмæй ма фесæфа
Нæ мыггаджы кой.
Базонæм нæ хæстæг,
Гъе, нæ фыдызнаг!..
Къуылыхæй слæууæм
Нæ лæдзæджы 'нцой.

Ныззарæм æмбырдæй
Иунæджы зарæг!
Радзурæм зарджыты
Зæрдæхалæн дзырд!
Ракæнæм фæндырæй
Сагъæсты хъарæг,
Скæнæм Кьостайæн
Номхæссæны цырт.

Рухсаг у, рухсаг,
Нæ бон æндæр циу,
Дунеты хорз лæг,
Рæстдзинадыл мард,
Атæх æмæ фест
Рухс дзæнæты цъиу,
Ацы дунетыл
Нæ амæлдзæн дæ кад.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.