Къаннæг æмдзæвгæтæ, зондамокæнтæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Къаннæг æмдзæвгæтæ, зондамокæнтæ  (1914) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1914, Рауагъ аз: 1914. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


КЪАННÆГ ÆМДЗÆВГÆТÆ, ЗОНДАМОНÆНТÆ


КЪАННÆГ ÆМДЗÆВГÆТÆ

 * * *
Гъей, джиди, искуыцæй исчи
Мæ зæрдæмæ куы ныккæсид!
Исчи нæ сагъæстæ
Йæ зæрдæмæ куы ныххæссид!

 * * *
Ахуысс, ахуысс, афынæй у,
Мæ мады зæнæг. Рæхджы дæм у æрцæуинаг
Сагъæс, хъæргæнæг.

ИРЫ ФÆСИВÆД
Худинаг уæм куыд нæ кæсы
Æнцад бадын фыддæрадæн.
Иу уæ, лæгау, куыд нæ тæрсы
Фесæфынæй Иры 'взагæн!

КУЫРМ
Исты куы уынин, уæд бæргæ
Дæуæн дæр хай кæнин мæ рухсæй;
Нæ кæнин мæхиуыл уæд кæугæ,
Адæммæ нæ кæсин уæд фæлурсæй.

ФÆЛЛАД
Фæллад лæгæн фæлладуадзæн:
Сæрибар дуг, æнцад бадæн;
Фæлæ мæнæн мæхи 'руадзын
Никуы вæййы мæхи радæн.

ДАИРАН. ТАМАРЫ ФИДАР
Фæнды мæсыг фæндтæй фехæлд,
Зæрдæ ныссау, ныддури,
Дургай далæ Теркмæ фезгъæлд,
Терк дæр мæстæй ныссури.

 * * *
«Хуры тын» æрбакаст—
Нæ зæрдæ ныррухс.
Курæм дæ, хуыцау,
Бакæ нын æххуыс!

ЛÆджы ЗÆРДÆ
Кæй цы уырны,
Уый у йæ дин.
Чи цы кусы,
Уый та — йæ кад.

Кæй чи æфхæры,
Уый у йæ хин..
Чи кæй тавы,
Уый та — йæ мад.

ТÆХУДЫ
Тæхуды ирон лæг
Йæхи куы зонид,
Йæхи, æнæмæнг,
Бæстон куы хонид.

Ирон адæм цытæ сысты?!
Чи гуырдзиаг, чи уырыссаг,
Чи тæтæйраг, чи кæсгон...
Никуы федтон ахæм диссаг,
Ныр куыд сæфы Ирыстон!..

УДХÆССÆГ
Мæлæтæй та цæмæн тæрсыс?
Дæ цуры ку' ис кæддæриддæр.
Рамбæхс-бамбæхс цæмæн кæныс?
Ыссардзæн дæ кæмдæриддæр.

ТÆХУДЫ
Тæхуды, йæ ныййарджытæ
Бирæ кæй уарзтой,
Кæй ахуыр кодтой
Чиныджы дзæбæх;
Æмгæртты 'хсæн-иу
Зондæй кæй фарстой,
Кæмæн нæ лæууы
Балы 'хсæн йæ бæх.

РÆСТÆГ
Каркæй, кæркгæсæй
Цъиуæй, цæргæсæй,
Иууылдæр æмгæрттæ;
Бæхæй, хæргæфсæй,
Уырсæй, сыл ефсæй
Иууылдæр æлдæрттæ.

МÆРДТÆМДЗÆУÆГ
Уадзын дунеты фæлывдæй,
Æз нал хъусдзынæн сæ маст.
Мæрдты раст лæгæн бæлвырдæй,
Æз радзурдзынæн сæ хъаст.

ÆФХÆРД
Мæ тых фесæфт, мæ ныфс асаст, -
Нал фæразын улæфын;
Зæрдæйы туг мæстæй бацахст,
Æхсæв-бонмæ уынæргъын.

МЛЕТ
Зæхх куы фыхти, йæ арты тæф
Уæд къæдзæхты хæрдмæ хаста;
Касфьщæгау, урс тæппæлттæй,
Ныры хæхты хæрдмæ ласта.

БÆЛЦЦОН — ЛАРСÆЙ
«Лæтæртæ — лæтæртæ
Сау мигъы тымбылтæ
Хохæй-.хохмæ тæхынц.
Денджызы тымыгътæ,
Æврагъы тъыфылтæ
Арвы комы нæрынц.

СÆНА
Сæнайы хæхтæ —
Сау чысы дæгътæ, —
Сау æндæрг хæссы.
Дзæгъæлдзу дымгæ,
Рæбынты ниугæ,
Фæндæгтæ мæрзы.

КЪОБ
Бур-бурид — сæ хуымтæ,
Кæрдинагæввонг;
Фезмæлут, лæппутæ,
Ма кæнут æвзонг.

РАСЫГГÆНДЖЫТÆ
Тузарæн ис
Æртæ фырты:
Иу —уырдыглæууæг,
Иннае — уарæг,
Аннæ — зарæг,
Тузар — бадæг.
Расыгæй кæнынц
Сæхицæн цæсгом.
Ай дын сæ митæ, —
Куыд фæнды сæ дом.

ИРОН ЛÆГ
Ирон лæгæн арахъхъ дæтт,
Æмæ дæ æдзухдæр ыстаудзæн.
Йæ цуры та дæ дзых бæтт, —
Зон, исчи дæ фæсайдзæн.

ГОЙАТЫ ЧЫНДЗ
Уастæн, ныммæлай зыдæй, —
Бинонты чи мары сыдæй!
Уастæн дыл бахæца кæрз рын, —
Мæгуыртæн чи нæ дæтты кæрдзын!

ХАДЗЫ — ЧАБÆДЗАУ
Куы 'ргæвдыс хуыцауæн нывонд хъуырмайнаг2
Куы 'рхæссыс йæ размæ дæ куывд, —
Уæд марыс зæххыл цаерæг удгоймаг,
Нæ зæгъыс: ныббар мын, нæ фыд!

ЗОНДАМОНÆНТÆ

НЫФС
Дæ ныфс куы асæттай,
Уæд сæфт дæ, уый зон,
Дæхи зæрондæй дæр
Лæппу-лæгтæй хон.

МÆГУЫРЫ ФÆНДАГ
Мæгуырæн йæ фæндаг уæлæуыл — æхгæд,
 Мæрдты цы уыдзæн, уымæн бæрæг нæй.
Ды йæм бадзурынц, — алцæуыл æгъгъæд,
Уæлдай ысдзурын йæ бон нæу хъæрæй.

ХÆРАМ ЛÆГ
Æвзæр лæгмæ æвзæр ныхас
Йæ удæй дæр хуыздæр кæсы;
Цы йын дæттай—дзæгъæл фæлхас,
Нæ йын хъæуы, нæ йын бæззы.

ХЪАЛТÆ
Уадз æмæ хъалтæ минæстæ уарзой,
Сæ сой æнхъиза сæ сæрæй хæрдмæ.
Уыдон пъадвалты сæны тæф уадзæнт,
Цалынмæ æгас уой, нæл хуыйау, уæдмæ.

 * * *
Лæг дæм худгæ куы дзура,
Уæд æй зон, уый де знаг у.
Лæг дæ исты куы кура,
Уæд ын æй ратт,—де 'мгар у.

 * * *
Лæг кæмæй райгуыра.
Уый зæрдæ хæссы.
Цы бирæгъы фена,
Уый цæстæй кæсы.

МÆГУЫРЫ ДУГ
Зонын, мæ уындæй дæ зæрдæ
Никуы фæдзуры — бафсæдон.
Уæддæр мæгуырæй гæндзæхтæ
Дæ разы цæгъдын алæбон.

ПОЭТ
Цы поэт искæмæ хъуса,
Уымæн йæ аргъ у хъампыхал;
Искæй фæндонæй куы куса,
Уæд нæу иууыл йæхи бар.

ХЪÆБАТЫР
Зындзинады фидар лæууын
Лæгæн хъæуы, чъырын сисау.
Нæ йын бæззы, чызгау, кæуын.
Хъынцъым кæнын, æвзæр усау.

Лæг йæхæдæг йæхи митæй
Йæхицæн у фыддæр ызнаг.
Дæхи хъахъхъæ лæджы хинтæй,
Бæстæ сафы хæрам девзаг.

СÆРИБАР
Цагъарадæй фæнык къæфын
Хуыздæр кæсæд дæхимæ дæр;
Искæмæнты цырыхъ сæрфын
Макуы 'рхæссай дæ сæрмæ дæр.

 * * *
Ахуырдзинад цы пайда у,
Зондджын куыст дзы куы нæ кæнай;
Цæмæн хъæуынц бкрæ юстае;
Дзæбæх кæрдзын куы нæ хæрай?

 * * *
Хорзгæнæг лæг дуне сæттьг,
Æвзæргæнэдг бон дæр тæрсьг,
Æхсæв-бонмæ хъгьугæраетты,
Æрра куыдзау, дзæгъæл лæсьг.

 * * *
Топпы цæф тагъд дзæбæх кæны,
Æвзаджы цæф — æрæгмæ.
Фыдæвзагæй бæстæ хæлы, —
Макуы йæ 'рхæсс дæ сæрмæ.

 * * *
Мæгуыр лæгæн йæ хæринаг
йæ тугæй у æлхæнинаг.

 * * *
Куыстæй йæхи чи нæ дары,
Уый кусæджы туг лæмары.

 * * *
Иутæ кусæгæн йæ куыст уарзынц,
Йæхи та йын мæстæй марынц.

 * * *
Мæгуыр кусæг йæ къæбæрæй
Кæйдæриддæр рæвдауы,
Магуса та йæ къæйныхæй
Кæмдæриддæр фæлгъауы.

МАГУСАТÆ
Бирæ хуыссынц, чысыл кусынц,
Адæмы туг цъырттгай дуцынц.

СУГДЗАУ
1
Фьфгуыстæй — фæлмæцыд,
Æнæскаст, æнкъард,
Йæ зæрдæ — мæстæй сыгъд,
Тыхст-уырыд — йæ цард.

2
Тыхджын мæгуырæн
Йæ уæнгтæ бæтты,
Йæ куысты мызд ын
Ысхуыстæй дæтты.

 * * *
Ахуыргæнæгмæ хъус,
Дæ бонтæй иу дæр ма саф.
Хуысгæ-иу кæн цъус,
Дзæгъæлы дæр-иу ма каф.

ЦАЛЫНМÆ ÆГАС ДÆН
Куы амæлон, уæд мæ хорз Йæ хъæуы, —
Цалынмæ æгас дæн, уалынмæ мæ рæвдау.
Фæсарæфт хæринаг зæрдæмæ нæ цæуы, —
Цыдæриддæр йæ афоныл фæлгъау.

ГÆДЫЙЫ КЪАХ ЦЫБЫР У
Сæр бахъуыди æвзæр лæджы,
Уæд де 'фсымæр, дæхи уыдзæн;
Куы нæ уал уа фыд уынгæджы,
Уæд дæм кæсдзæн куыдзы хуызæн.

СÆУУОН ФИЙЙАУ
Сæууон фиййау, Уырызмæгау,
Йæ худинаг куыд æмбæхсы,
Бон хъæууынгты, къуымзил лæгау,
Гуыбыр-гуыбыр фæцæйлæсы.

РÆДАУ ÆМÆ ЧЪЫНДЫ
Рæдау лæгмæ йæ фыдгул дæр
Хæлар вæййы кæддæриддæр.
Чъынды лæгмæ йæ хъæбул дæр
Хæрам вæййы кæмдæриддæр.

САБАТИЗÆРХÆССÆГ
Сывæллæттæ сыдæй мæлынц!
Сабатизæр кæдæм хæссыс?
Хæринæгтæ уыдон хъæуынц,
Хæлæйфаг сæ цæмæн кæныс?

ÆМБИСОНД
Зылын къæцæл дон нæ ласы,
Растæн та йе 'фхæрд бирæ у.
Ыстонг уасæг хорз нæ уасы,
Æфсæстæй куыдз дæр бирæгъ у.

ДЫУУÆ БОЦКЪАИЫ
Дыууæ боцкъайы тылд,
Иу афтид уыд, иннæ — 'дзаг.
Афтид схъиудтытæ кодта,
Уæддæр нæ фæци фыццаг.

ПЪАЛТЪО
Пъалтъо дар,
Зондæй фæнды
Мацы 'мбар,
Уæддæр дын кад кæндзысты,
Дæ пъалто дын сæрфдзысты.
Пъалтъо дыл куы уа, —
Дуне — дæу;
Куы нæ дыл уа, —
Æддæ лæу!

 * * *
Куы зæгъын бæззы,
Куы зæгъын даер нæ.
Дæ куырой цы ссы,
Кæрдзын уымæй кæ.

 * * *
Хорз лæг адæмæн царды хос хæссы,
Фыд лæг адæмæн сæ уындæй тæрсы.
Хорз лæг адæмæн цæры,
Фыд лæг адæмы хæры.

 * * *
Æдзæсгом лæг цыдæриддæр фæразы,
Йæ къæйныхæй кæмдæриддæр фæхъазы.

МÆСТЫГÆР
Мæстыгæр лæг йæ фырмæстæй,
Цы фæдзуры, уый нæ зоны;
Йæ сау цæсгом, цъыфы сдерстæй,
Адæмæй хуыздæр фæхоны.

ФЫД ÆМÆ ФЫРТ
Зæронд лæг дæн, ма мæ хъыгдар,
Ма мыл хъæр кæн фыддзыхæй, —
Разындзæн дын ахæм бындар,
Дæу чи 'фхæрдзæн мæн тыххæй.

МÆ ГÆДЫ ЛЫМÆНМÆ
Кæд дæ фæнды мемæ цæрын,
Уæд мæ ма сай цæстæнгасæй;
Æз дæу тыххæй мæрдтаем цæуын,
Ды мыл худыс уæлбæласæй.

 * * *
Дзæгъæлдзыхæн ныббар,
Зондджын демæ цæрдзæн,
Лæджы дзырдæй фæлвар,
Сабыр куы уа — бæздзæн.

 * * *
Æнæбары бæх дыгæйттæ хæссы,
Мæгуыры зæрдæ хæппæй дæр тæрсы.

 * * *
Зынгæй куы хъазай, —
Дæ къух дын судздзæн.
Донæй куы хъазай, —
Хуылыдз дæ кæндзæн.
Зæххæй куы хъазай, —
Сыдæй дæ мардзæн.

 * * *
Зæрдæ фæндтæ ссары,
Зонд сæ лыстæг луары.

 * * *
Дæ къух хæстæг куы нæ 'ххæсса,
Уæд æй дардмæ ма иваз.
Дæ царды дуг куы нæ бæзза,
Уæд хъуыды кæн, ма-иу хъаз.

 * * *
Æвзæрмæ ма кæс, —
Хорз йæхи хъары;
Адæмы сагъæс
Йæ зæрдыл дары!

 * * *
Хорзæн йæ кой нæ сæфы,
Æвзæр — удæгасæй мард;
Хорз адæмæн фæцæры,
Æвзæр кæны йæхи нард.

 * * *
Йæ куыстæй йæхи чи дары,
Уый адæмы дæр рæвдауы.

 * * *
Чи у кадджын, чи — къуылых,
Чи та — барджын, чи — æдых.

 * * *
Гæртам куы исай, уæд æй зон,
Ацы хатт дæм ыссардзысты æфсон.

 * * *
Искæмæн куы уай аггæл,
Уæд дæ хорзæй ма 'ппæл.

ИРОН ЛÆГ АМЕРИКÆЙЫ
Ирон лæг цæфæй цæфы 'хсæн
Æнхъæлмæ кæсы.
Хуыздæр æнхъæлæй йæ сæры фæтаев
Цæфæй æрхæссы.

СОСЛАНБЕГÆН
Зонын, зонын, ма мæ хъыгдар,
Мауал мыл кæн æвдисæнтæ;
Рагæй нæ дæ лæгæн æмгар,
Мауал мыл хæсс æмбисæндтæ…

Ныууадз мæ, халон,
Дæ хъæрæй тæрсын.
Кæдмæ дын барон
Фыдуацтæ хæссын?!

комдзог
«Комдзог фæуай» — фыдæлтæ
Æлгъыстæн уый нымадтой,
Ныр Ирыстоны æвзæртæ
Сæхи уымæй ысхастой.

КУЫ ДÆ ФÆНДА
Зондджыны фæрс,
Æдылыйæн амон.
Дæ ныхасмæ кæс, —
Зон ын-иу афон.

 * * *
Æххормаг бирæгъ кæртмæ лæбуры,
Мæстджыны зæрдæ хæрд дæр нæ куры.

 * * *
Æнæфсæстæй ирон лæг
Хуыцауы дæр нæ мысы,
Куы бафеæды йæхæдæг, —
Уæд та бæстæ ныббырсы.

Мæ дзырдтыл чи худа,
Уый иры 'хсæн фæцуда!

 * * *
Æнæгъдау митæ бирæ уынын мæ цæстæй,
Хаттæй-хатт дзырд нал фембарын мæ мæстæй.

 * * *
Дæхи куы фауай, уæд дæхи стауыс,
Дæхи куы стауай, уæд дæ дзырд сафыс.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse