Къæвда (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Къæвда  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


КЪÆВДА


Къæвда сахæттæ
Æнкъардæй тæхынц,
Нæ къорд сагъæстæ
Нæ зæрдыл лæууынц...

Нæ сау хæхтыл мигъ
Æрæнцад, æрбадт.
Нæ бæстæ, нæ Ир,
Фыдбонæй ныттад...

Нæ саутар хъæдты,
Уылæнтæгæнгæ,
Бæлæстæ сæтты
Фыдбоны дымгае.

Нæ тыгъд быдыртæ
Лæхъирæй лæууынц,
Нæ сахъ тырæнтæ1
Цæуылдæр кæуынц.

Нæ хæхты къултæ —
Лæбырд æмæ къæй.
Цы 'рцыд? — Нæ къуымтæ,
Куы 'руайут сæрæй...

Къæвда у, фыд бон,
Фæрнджын нæу нæ бон,
Нæ зæрдæ, нæ зонд,
Уæлдайдæр ныссонт...

Уырны мæ, фыццаг,
Æрцæудзæн рæстæг,
Нæ хъæлæсы дзаг
Ныззардзыстæм уæд...

Уырны мæ, хæстæг у
Иыр ахæм рæстæг:
Къæвдайы фæстæ-иу
Кæны хорз фæззæг...

Нæ бæстæ фæрухс и, —
Æрзилы йæ рад.
Цæмæдæр ныхъхъус и
Нæ зæрдæ æнцад...

Нæ хуры тынтæ,
Кæс, мигъыл тыхсынц,
Ыстæй сæрибарæй
Нæ бæстæм кæлынц.

Нæ хуры тынтæй
Фæрухси нæ цард,
Нæ маст, нæ зынтæй
Нæ зæрдæ фæдард.

Ныккувæм ныр, цæй,
Нæ адæм цæмæй
Ныр сыста фæрнæй
Йæ уæззау фынæй!

Ныккувæм, зæгъæм:
«Нæ уарзон зæдтæ,
Ма нæ ныууадзут
Гъе, ныр, гъе, дзæгъæл!»



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse