Куырттатаг фиййæуттæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Куырттатаг фиййæуттæ  (1914) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1914, Рауагъ аз: 1914. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
Куырттатаг фиййæуттæ

Раджы кæддæр Куырттаты фиййæуттæ схъал сты, уазал дзыкка нал хордтой, сау фысы æхсыр нал цымдтой. Иу хатт бирæгъ æрцахстой æмæ йæ удæгасæй бастыгътой. Бирæгъ Хъæриуы хохы сæрмæ ссыд æмæ уырдыгаей ниудта. Бон-иу хурæнтæфæй йæ буар ныххус æмæ-иу йæ хъæр кæмттæ араудта. Æртæ боны Хъæриуы сæрæй фæниудта, стæй æнтæфæй йæ буар ахус æмæ йæ уд систа.

Цыппæрæм бон фиййæуттыл фыдæхсæв скодта. Тæгъдызæй уарын ихæмхæццæ фæлдзæгъдæг хаста. Арв нæрыди, цæхæртæ калдта. Зæхх æнкъуыст. Хæхтæ рызтысты. Фос иуран нал лæууыдысты, уылæнтæ кодтой. Фиййæуттæ сæ фос лæгæтмæ аскъæрдтой æмæ лæгæты бацыдысты. Лæгæты дуарыл стыр айнæг хох къæй æрирвæзт æмæ фиййæуттыл лæгæты дуар сæхгæдта. Дыккаг бон сæм адæм фæдисы ацыдысты, фæлæ лæгæты дуар айнæг цасдæр къахтой, уыйас айнæг дæлдæрæй-дæлдæр цыд. Бирæ фæцархайдтой æмæ куы ницы фæрæзтой, уæд сæ ныууагътой, æрмæст ма лæгæтæй æддæмæ хъуыст фиййæутты хъарджытæ.

«О, мæгуыр нæ бон, о, мæгуыр нæ зæхх!

Сыхгæдта махыл æнусы къæдзæх!»

Иукъорд бонты сæ уынæр хъуыст, стæй бамыр сты, хох сæ аныхъуырдта.

Æнæгъдауæй бирæгъы дæр ма хъыгдар.

This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse