Куыд мын алыгъдис! (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Куыд мын алыгъдис!  (1926) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1926, Рауагъ аз: 1926. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Куыд мын алыгъдис!

Цыппаруæладзыгон хæдзар мæлдзыджыты губаккау кусджытæй æмызмæлд кодта. Алырдыгæй дуæртты гуыпп æмæ хъист не ’нцадысты. Ам уыди фыццаг 85 кусæджы, ныр 150-æй фæфылдæр сты. Фыццаг æртæ æфсæйнаг фæндаджы хъуыддаг ам уыди; ныр райсомæй фæссихормæ кусджытæ тыргъты æмæ хатæнты дыууæрдæм хъеллау кæнынц, фæндæгтæй дыууæ ныллæууыд, — немыц æмæ сæ урс инæлæрттæ фехæлдтой мидхæсты. Ныр ма дзы иу къуыри æртæ хатты уаллоны бырд кæны. Райсомæй фæссихормæ кусджытæ дыгæйттæ-æртыгæйттæй æмбырдтæ кæнынц, чи цы бахордта, чи цы бахæрдзæн, уый тыххæй ныхас кæнынц. Мæскуымæ хæринаг нал æфты — контрреволюцийы æфсæдтæ æрцахстой хорджын Украинæйы. Бон дыууæ-æртæ хатты алыран сихор чи нæ бахæры, ахæм дзы нæй, фæлæ «стонгæй нал фæразын» чи нæ зæгъы, ахæм дæр дзы нæй.

Æз дæр уыдонæй дæн. Абон мын дыууæ хатты иу ран бантысти сихор райсын. Раст спичкæйы къоппы йас кæрдзыны хæйттæ лæвæрдтой къабускайы донимæ. Бацин кодтон кæрдзыныл, кæд йе ’рдæг зыгуым уыди, уæддæр. Басæй нал фæразын... Уæддæр дзы ахуыппытæ кодтон, цæмæй кæрдзыны къæбæр хъуыры аирвæзтаид.

Куыддæр баздæхтæн фæстæмæ кусæндонмæ, афтæ уынын: кусджытæ, цин кæнгæйæ, кæрæдзийæн цыдæр ног хабар хъусын кæнынц. Иу хайады кæимæ куыстам, иу ахæм мын мæ уæхскыл йæ къух авæрдта:

— Цы хабар у, уый зоныс?

— Цы?

— Абон сихорæн уыдзæн æрмæст къабускайы бас нæ, фæлæ картофы змæст дæр... Ныртæккæ байдайдзысты дæттын.

Бацин кодтон. Нæ хæрæндоны ныр нудæс боны дæргъы къабускайы бас йеддæмæ ницы уыди.

Бæлвырд, ис нæ хæрæндоны картофы змæст: йæ цъæрттимæ змæст у, уый ницы кæны; фæлæ та кæрдзын нæй — ссад, дам, Мæскуыйы скуынæг ис, æмæ хæрæндонмæ хай нал æрхаудта.

Бадын фæнычы уæлхъус. Изгард мæ хъуырæй уæлæмæ бырсы, фæлæ стонгæй мæлын æмæ та басæй ахуыпп кæнын. Картофы змæст дыууæ уидыджы дзаг уыди, æмæ йæ уайтагъд аныхъуырдтон.

Уалынмæ мæ сыхаджы басы къусмæ фæкомкоммæ дæн. Уынын, басы уæлæ ленк кæны раст стыргомау цæппæры йас сойы стъæлф. Дис кæнын: кæцæй фæци ацы сой?! Мæ зæрдæ мæм дзырдта: ацы басы, æвæццæгæн, дзидза дæр сфыхти, фæлæ хистæрты хъуыры аирвæзти.

Фæкастæн та мæ сыхаджы къусмæ. Сыхаг сойы алыварсæй бас исы æмæ хуыппытæ кæны, соймæ не ’вналы. Бамбæрстон æй, уый барæй афтæ кæй кæны: иуæй — сыхæгты мæстæй мары, иннæмæй та, соймæ кæсын йæ зæрдæйæн æхсызгон у.

Мæ комыдæттæ æркалдысты уыцы сойы æртахмæ кæсгæйæ. Уалынмæ уынын, мæ сыхаг систа уидыгæй уыцы сойы æртах æмæ йæ йæ хъуыры ауагъта. Иу каст фæкодтон йæ цæсгоммæ. Къамæй хъазæг стыр банк куы ратоны, уæд уый цæсгом дæр афтæ барухс вæййы.

Амардта мæ уыцы сойы æртах. Комыдæттæ нал уромын — мысын сой, мысын дзидза. Æркæсын мæхимæ: куыд уыдзынæн, туджы цъыртт мæ куы нал ис, мæ тых куы асасти бынтондæр?! О мæ райгуырæн бæстæ, нал дæ фендзынæн, æвæццæгæн!

Мæ къæхтæ мæ быны фæтас-фæтас кодтой, афтæмæй рацыдтæн мæ куыстæй. Цардтæн тынг хæстæг мæ куыстмæ. Цæуын мæ хъуыди æрмæст сыхы иу кæронæй иннæ кæронмæ. Уæддæр, цыма мæ бирæ километртæ цæуын хъуыди, уый хуызæн мæм касти.

Цæуын... Цы уæззау сты мæ къæхтæ! Цыма сыл къодæхтæ баст ис, уыйау сæ айсын нæ фæразын.

Бафæлладтæн. Хæрын дæр мæм цæуы тынг. Æвæццæгæн, нывыл уæрыкк иу хæрд акæнин... Афтæ дæр вæййы фыны. Æндæрхуызон фын æз нæ уынын, æрмæст хæринæгтæ... Цы нæ дзы вæййы: лывзæ, физонæг, фыдджын, хæбизджын! Нуæзт дæр бирæ: арахъ, двайно, бæгæны. Минасæй-иу тъæпп хауын... Фæлтау фынæй куы уаин æдзухдæр æмæ ахæм фынтæ куы уынин!..

Нæхимæ мæ бирæ нал хъуыди, афтæ мæ цæстытæ ахæм цæуылдæр аныдзæвыдысты æмæ атартæ сты...

Уæртæ цы ис, уæртæ!.. Кæсут-ма, уæ хорзæхæй! Фæцæуы... Алырдæм кæсы... Фæлæууы чысыл, стæй та араст вæййы...

«Æйтт! Йе — абон, йе — никæд!» — загътон хинымæр.

Лæгъз æм сдзырдтон, сайын æй мемæ. Рацыди. Куыд цин кодтон!.. Куыд гуыпп-гуыпп кодта мæ зæрдæ!.. Куы-иу фæлæууыди, æндæрæрдæм-иу куы акасти, уæд та-иу фæтарстæн, зæгъгæ, куынæуал рацæуа...

Чысылгай бахæццæ стæм хæдзары дуармæ. Цæуын хъуыди цыппæрæм уæладзыгмæ. Æнæзивæг ссыди мæ фæдыл уырдæм. Куыд цин кодтон, куыд гуыпп-гуыпп кодта мæ зæрдæ!

Куыддæр дæгъæл гуыдыры атъыстон, афтæ сыхаг фатерæй уынæр ссыди, дуар байгом æмæ дзы, хъæрæй дзургæйæ, æртæ лæджы рацыди. Фæтарсти мын, асинтыл йæхи дæлæмæ ауагъта æмæ афардæг ис...

Куыд цин кодтон, куыд гуыпп-гуыпп кодта мæ зæрдæ, куы федтон уыцы нард куыдзы, уæд! Дзырдтон хинымæр: «Физонджытæ, лывзæтæ кæндзынæн æгас мæй»... Фæлæ мын алыгъди, афардæг ис... Дыккаг хатт ма ахæм фадат кæм æрцæудзæн, Мæскуыйы куыдз куынæуал баззади!..

This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 97 years or less since publication (if applicable).

Public domainPublic domainfalsefalse