Куыдз, уасæг æмæ рувас (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Куыдз, уасæг æмæ рувас  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


КУЫДЗ, УАСÆГ ÆМÆ РУВАС


Урс куыдз æмæ цъæх уасæг
Хъæуыл сæхи фæхастой,
Хуыснæггæнаг, фыдуазæг
Æмгæрон-иу нæ уагътой.

Куыдзмæ бадзырдта уасæг:
— Кæркуасæнмæ ды фæрæй,
Уый фæстæ дын мæ зарæг
Ныккæндзынæн æз хъæрæй...

Уасæг уасыд бæласыл,
Куыдз дын зæххыл бафынæй;
Йæ хъæр æрцыди рувасыл,
Нал æнцади кафынæй.

Рувас загъта уасæгæтн:
— Хъæуккагæн дын бæздзынæн,
Фынг хæссæг дын — уазæгæн,
Фаджыстæ дын мæрздзынæн!

Уасæг дзырдта рувасмæ:
— Æз хъæуыхицау нæ дæн,
Нæ дæ тæрсын бæласмæ, —
Дыгæйттæ хæрыс хæрдæн.

Дæ разы хъæуыхицау
Бæласы цур бафынæй,
Дæ къахæй ма йæ сфицау,
Чи зоны, нæу тарф фынæй.

Куыдзы басхуыста рувас,
Куыдз абадти йæ сыдзыл, —
Ратыдта йын йæ иу фарс,
Фæхæст ын и йæ фындзыл.

Рувасы куыдз ныттыдта,
Хъæуккаджы мæт æй дал уыд,
Йæ цъæх кæрц ын нывзыдта,
Сæскъуыдта йын йæ сау уд.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.