Иунæг (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Иунæг  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ИУНÆГ


Æлдар дын нæ дæн,—
Мæхи не стауын.
Уæййаг дæр нæ дæн, —
Мæхи нæ фауын...

Райгуырдтæн мадæн
Хæрз зыбыт-иунæг,
Бындар мæ фыдæн —
Хохы цард иу лæг.

Мæ фыды хæдзар...
Фæздæг-иу кодта,
Сыджытæй — йæ цар,
Хъарм-иу нæ кодта...

Мæ фыд дæр нæ кодта
Æнцой йæ бæхыл:
Бæстыл иу кодта...
Нæ хæцыд зæххыл.

Стуртæ йæм уыд
Иу æхсæзы йас.
Хъардта сыл йæ уд,
Уый уыд йæ минас.

Кæмæн-иу — дзыкка,
Кæмæн — хæбизджын.
Адæмы хуыдта,
Йæхæдæг — низджын.

Чи-иу æй фæхуыдта,
Уый — йæ цард, йæ хур,
Чи-иу æи сыстыдта, —
Уæрста сын йæ мур...

Йæ фостæ радта
Уæд ирæды 'фсон:
«Мæ фыртæн, — загъта,
Ныр ус æрхæссон»...

Ус мын æрхаста
Уæд сывæллонæй.
Хорз мæ куы сбаста
Мæн æвæндонæй.

Нæ зондæн æххуыс,
Нæ куыстæн ахъаз...
Гъе, уый, да-м, дын ус, -
Ныр хæдзар араз!

Уайтагъд ус амард,
Кодтой йыл хъарæг.
Махæй уый адард, —
Дзæнæты бадæд.

Иунæгæй мæ мад
Хæдзары куыста,
Алæбон дæр — над:
Мæ фыд æм бырста.

Фондз азы фæсад,
Адзалмæ куывта,
Йæ цæстæй нæ каст,
Афтæмæй куыдта.

Мæ иунæг, зæгъгæ, —
Йæ зæрдæ-иу рыст.
Мæ уындмæ бæлгæ
Ингæнмæ ныххызт.

Мæ мад дын амард, —
Баззадтæн сидзæр.
Мæ хъарм хур адард, —
Зæгъын дын уый даер.

Иу мæгуыр сауджын
Нæ бæстæм æрцыд.
Фæдæн ын адджын, —
Мæ цурæй нæ цыд.

Сахуыр мæ кодта
Чысыл чиныджы.
Йæ фырт мæ хуыдта,
Зыбыт-иунæджы...

Амард мæ фыд дæр, —
Баззадтæн иунаег.
Мæ цард ыскуыддæр, —
Нал мын уыд иу лæг.

Кæм и 'рвадæлон,
Гъе, фыды лымæн?!
Хæдзар равдæлон,—
Амал нæй сылæн.

Ирæд цы радтон? —
Хæдзары ницьги.
Мæ хъæрмхуыпп — касдон,
Мæ кæрдзын — цъити,

Лæггуыф — мæ хуыссæн,
Мæ бандон — цъæх дур,
Цæссыг — мæ фыссæн,
Ме 'вдисæн — нæ хур.

Уæддæр дын балцы
Куы 'рымысыдтæн...
Мæ къæрид кæрцы
Хохы ныссыдтæн.

Мæн дын ыскодтой
Иу бæрзонд хъæумæ.
Хорз дæр мæ федтой, —
Ардыгæй — дæумæ.

Æвзæр ныссыдтæн, —
Нал бæззыд мæ уынд.
Усгур æрцыдтæн, —
Уый та ма ды суæнд!

Мæнæн рынчынæй
Мæ цæфтæ бастой.
Арахъхъ бырцджынæй1
Мæ размæ хастой.

Рынчынгæс чызгай
Мæ цуры бадти...
Йæ фыд къуыригай.
Фосимæ хатти...

Куы мæм-иу фæкаст
Кæуындзаст цæстæй,
Зæрдæ-иу фæфаст
Чызгайы мæстæй.

Загъта: — Мæгуыр лæг,
Къайæн дын бæззын,
Куы фенай мæкъулæг,
Гъе, уæд мæм фæзын.

Цы дардыл дзурын, —
Уалдзæг дæр æрцыд:
«Уæ чызджы.курын»,—
йæ фыд мæм хæцыд.

Фыд у тынг хъæздыг, —
Кæм дын-æм уæндын.
Æз уый цур — мæлдзыг, —
Тынтæ нывæндын.

«Æртæ 'фсымæрæн
Иу хо — сæ кæсдæр
У дæ фыдаенæн; —
Мæ дзырд — мæ хæст дæр.

Нæ дын æй дæттын, —
Цас фæнды фæдзур,
Мæ дзырд-нæ сæттын, —
Цæугæ ныр, мæ хур!..»

Цæрын та систон
Афтид хæдзары, —
Мæ уд кæм истон:
Фыд ран лæг ц' ары?!

Зымæг дæр æрцыд —
Нæ хохы зындон,
Сæмбæлди мыл дзырд:
«Чызгæн уфæндон».

Араст та дын дæн
Æртæ лæджимæ.
Ысбæлццон та дæн
Мæ лæдзæджимæ.

Фыдуаг лæг — фысым,
Зулмæ нæм кæсы:
«Уадзут мæ хуыссын!» —
Хылмæ нæм бырсы.

Мæ дзурæг — Сослан —
Æвзагæй — Сырдон:
«Федтай нæ хорз ран, —
Каркау нæ ныттон!

Фырдзырдæй фыркуыст
Хæдзарæн—хуыздæр:
Лæууы дæм æххуырст —
Дæ чызг ратт ды дæр».

«Фондз азы мæм кус
Ирæды тыххæй,
Уæддæр мау цъус,
Цух — мады бæххæй...

Фыдимæ дзурæм...
Æхсæвæр хæрæм...
«Дæ чызджы курæм...
Ганисы цæрæм»...

Цы дардыл дзурын, —
Фыд дæр ысразы...
Арахъхъы дурын
Лæууыд нæ разы.

Мидæг-мой лæгæн
Йæ кад — хъæмпы хал,
Нал мын уыд гæнæн, —
Сæфти мæ бын-хай.

Уыцы чызг хуыцау
Мæ хай фæкодта;
Æнæ мæн, бецау,
Кæрдзын нæ хордта...

Æмкъай ыссардтон
Уыцы рæстæджы.
Ус дæр æрхастон
Стыр зымæджы.

Æвадат бæсты
Мæгуырæй цардтæн...
Кодтон-иу мæсты,
Сыдæй дзы мардтæн.

«Фæлидзæм, — загъта, —
Ацы фыд бæстæй!..»
Йæ куыст-иу райста
Æхсæвы цæстæй...

Хъæуи-хъæу цæргæ
Иры кæвдæсы,
Фылдæр-иу — кæугæ, —
Ныр дæр æй мысы.

Кæмæн-иу — дондзау,
Кæмæн — сугсæттæг,
Кæмæн — æргъомдзау,
Кагмæн — дурдæттæг.

Тæригъæд фæкæнæг
Махæн кæм уыди!
Табу, не скæнæг,
Нæ сæр дæу уыди.

Мах нæ ныууагъта
Иудадзыг сæфтæй:
«Адонæн, — загъта, —
Хай хъæуы бæстæй!..»

Мах æрцардыстæм
Цытджын калачы.
Дзæгъæл нал ыстæм
Хуыцауы руаджы.

Табу нæ фыдæн —
Уæларвон тыхæн!
Табу йæ фыртæн:
Нал ыстæм ихæн.

Хæрзты хæзнадон —
Цæрæг сыгъдæг уд,
Ды — царды суадон,
Æрцу нæм æмуд...

Зæнæгæй — æфсæст,
Исæй дын — мæгуыр.
Лæгты 'хсæн — ыссæст,
Мæ дарæс — бызгъуыр...

Дунеты — бæсты
Дин куы агурай,
Уæларвон хæрзты
Уымæй рамбулай...

Æхсæвы фынтау,
Афонтæ сайынц,
Уалдзыгон митау,
Нæ бонтæ тайынц.

Лæгæн зонд — фæндаг,
Амонд — йæ хæссæг.
Мæгуыры мæстаг —
Йе 'гад, йæ бырсæг.

Фæрсыс мæ, уæххай,
Мæ ном — «ганисаг».
Хорзæй — æнæхай, —
Уый дын мæ диссаг.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse