Ирыстон (Гæдиаты, 1912)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ирыстон  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ИРЫСТОН


Нæ уарзæм нæ бæстæ, ныууагътам нæ хох,
Кæмдæрты дзæгъæлзад, дзæгъæлмард кæнæм,
Фæкодтам нæхи 'гъдау, нæхи 'взаг бынрох,
Кæмдæрты сылæмгад кæрдзынтæ хæрæм.

Урс сынтау, сæфдзæни нæ мыггаг, нæ кой,
Исчи-ма зæгъдзæни: уыдысты кæддæр.
Агурæм кæмдæрты нæ удæн æнцой,
Нæхицæй ыскæнæм искæмæн кæсдæр.

Ирон лæг, дæ бæстæ сагъæстæй хъæрзы,
Ныууагътай сидзæрæй дæ гуырæн бæстæ;
Чидæр дын дæ тугæй рувæстæ хæссы,
Фæлыгътæ кæдæмдæр кæрдзынты фæстæ.

Æгъдау дае ныббаста, нал дын ис гæнæн,
Æрду дæр дæ бон нæу, æнцад лæу фысау!
Раджы дын ыскодта Хинæйдзаг кæлæн,
йæхи дæм равдыста, сауæрфыг чызгау...

Сау хæхты, сау хъæдты уæгъд удтæ, сынтау.
Нæ зыдтой цагъарад, нæ зыдтой æлдар.
Æгъдау дæ ныббаста, мауал кæс, сырдау, —
Бацагур дæхицæн зондхæссæг æмгар.

Амондæй цух уыдтæ раджы дæр бæргæ,
Нæ зыдтай рæстæгæн йæ фæстаг бæллон;
Домбайау, фæхаттæ сау хъæдты. нæргæ,
Æгъдау дын ныббаста дæ фæстаг кæрон.

Ныр дæр ма нæ зоныс, куыд сæфы дæ кой,
Цаддонау, лæдæрсы денджызмæ дæ уд...
Нал арыс дæ бæстыл хорызад кæфой, —
Æркæс-ма дæ митæм, дæхиуыл фæхуд.

Нæ сæфы иу боныл дзыллæтæй мыггаг,
Иутæ иннæтæм æнцад лæдæрсынц...
Ирыстон, базон æй, дæ сæфты хъуыддаг, —
Дæ зæнæг кæмæндæр сæхи фæдзæхсынц.

Абон дæм хорз кæсы минæстæ кæнын,
Райсом дæм æркæсдзæн ыстыр маст, хъæрзын.
Хуыздæр у дæ бæстыл райгуырын, мæлын,
Мæлæт у искæмæн тæбæгътæ сæрфын.

Ма ныууадз иудадзыг дæ зæнæг дзæгъæл,
Ма бауадз сабиты, мыдадзау, тайын;
Исчи дыл æркалдзæн сызгъæрин цæхæр,
Ма баком, Ирыстон, искæмæн сайын!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse