Jump to content

Зонын (Хетæгкаты)

From Wikisource
Зонын (1899)
by Хетæгкаты Къоста
289357Зонын1899Хетæгкаты Къоста


ЗОНЫН


Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæмард,
“Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,
 Ницæмæн уал уыд дæ цард!”

Зонын, æргæвддзыстут исты, –
Мардыл ма чи дары ком? –
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, –
Ничи уал зондзæн мæ цырт.



Кириллон алфавит (1844-1923)

Зонѵн


Зонѵн, – ӕфсӕрмӕј кӕўдзѵстут,
Бавӕрдѵстут мѵн мӕ мард;
Рухсаг у, рухсаг, – зӕҕдзѵстут,
Ніцӕмӕн ўал уѵд дӕ цард!
 
Зонѵн, – ӕргӕвддзѵстут істѵ, –
Мардѵл ма чі дарѵ ком? –
Алчі ӕфсӕстӕј мӕ хістѵ
Ссардзӕн араqqӕј мӕ ном.
 
Iў бон ӕҕҕӕд у мѵсѵнӕн,
Iў бон кӕндзѵстут мӕ дзѵрд;
Уј фӕстӕ ферох ўѵдзѵнӕн, –
Нічі ўал зондзӕн мӕ цѵрт



Латинаг алфавит (1923-1938)

Zonyn


Zonyn, æfsærmæj kæudzystut,
Bavardzystut myn mæ mard,
«Ruxsag u, ruxsag, - zæhdzystut, -
Nicæamæn ual uyd dæ card!»
 
Zonyn, ærgævddzystut isty, -
Mardӕn xӕrnӕg kӕny nom.
Alči æfsæstæj mæ xisty
Ssardzæn araqqæj mæ nom.

Iu bon æhhæd u mysynæn,
Iu bon kændzystut mæ dzyrd,
Uj fæstæ ferox uydzynæn, -
Ničiual zondzæn mæ cyrt



Гуырдзиаг алфавит (1938-1954)

ზონჷნ


ზონჷნ,- ჂჶსჂრმჂჲ ქჂჳძჷსთუთ,
ბავარძჷსთუთ მჷნ მჂმარდ;
რუხსაგ უ, რუხსაგ, - ზჂღძჷსთუთ, -
ნიცჂმჂნ ჳალ ჳჷდ დჂცარდ!

ზონჷნ, - ჂრგჂვდძჷსთუთ ისთჷ, -
მარდჂლ მა ჩი დარჷ ქომ? -
ალჩი ჂჶსჂსთჂჲ მჂ ხისთჷ
სსარძჂნ არაყყჂჲ მჂ ნომ.

იჳ ბონ ჂღღჂდ უ მჷსჷნჂნ,
იჳ ბონ ქჂნძჷსთუთ მჂ ძჷრდ;
უჲ ჶჂსთჂ ჶეროხ ჳჷძჷნჂნ, -
ნიჩი ჳალ ზონძჂნ მჂ ცჷრთ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.