Зæрватыкк (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Зæрватыкк  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
ЗÆРВАТЫКК
Æгас цу, зæрватыкк,
Æлдар кæмæн нæй,
Дæу чи дары хъыг,
Фæкæнæд дæджи!

Уалдзыгон хъарм бон, хур арвы астæу тыбар-тыбур кодта, йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста. Зæхх сулæфыд. Цæрджытæн царды хос цæттæ кодта. Алы удгоймаг, цæрæг базмæлыд: æнцад нал лæууыдысты мæргътæ, сырдтæ, фос; адæм сæхи куыстмæ сарæзтой æндонбырынкъ, иухъусыг гутон зæххы царм гæрзытæ уагъта. Алы зайæгхал, кæрдæг рухсмæ тындзыдта. Мæргътæ ахстæттæ кодтой, къогъоты, бындзыты сæ лæппынтæн хастой. Иудзырдæй, бæстæ змæлæг фестад.

Амонд куы нæ уаид, уæд ыл ном дæр нæ уаид. Амондджын лæджы цур алчидæр амонд ары, фыдбылызджын лæджы цур та — фыдбылыз. Иу мæгуыр, æнамонд зæрватыкк динамонæг лæджы хæдзары къулыл ахстон скодта æмæ дзы лæппынтæ рауагъта. Лæппынтæ тæхын нæма фæрæзтой, фæлæ сыл хъуынтæ фæхæцыд. Зæрватыкк боныцъæхæй тар изæрмæ æнцад нæ лæууыд, йæ лæппынтæн къогъотæ, бындзытæ хаста. Иудзырдæй, зæрватыкк дунеты амондджынтæй йæхи амондджындæр хуыдта æмæ афтæ зæрдиагæй йæ лæппынтæн уый тыххæй куыста.

Уалынмæ дзырд æрцыд, динамонджыты хистæр, дам, æрцæудзæн, зæгъгæ. Айдагъа, динамонæг цъил фестад. Уæды онг кувæндон рыгæй нал зынд, ныр æй афтæ ныссæрфта, ныссыгъдæг кодта æмæ ранæй-рæтты тыбар-тыбур кодта, фæлæ ма уæддæр йæ къуымтæй рыгтæ сау æндæрг хастой. Йæ хæдзар хæмпæлты астæу хæфсыты цады сымаг кодта, ныр уый дæр ныссæрфта, ныррæсугъд кодта. Йæ усы фæнадта æмæ тæргай лыгъд уыд йæ фыды хæдзары. Уый дæр æркодта. Иудзырдæй, уыцы сахат зæд фестад. Фæлæ адæймаджы зæрдæ цы тугыл арæзт уа, уый æндæр фестын кæнын йæ бон нæу. Динамонæг уыцы мæгуыр зæрватыччы ахстон дæр йæ хæдзары къулæй ракалдта æмæ йын йæ лæппынты хæдзары цур къанаумæ ныппæрста. Адæм дæр сызмæлыдысты, динамонджыты хистæры размæ сæхи цæттæ кодтой. Динамонæг бæгъæмсарæй ратæх-батæх кодта, цæмæй йæ хуыздæр æмæ дзæбæхдæрæй фена йæ хицау, уыцы сахат йæхи ууыл хъардта, адæмæн хуыздæр дзуапп, æгъдæуттæ амыдта. Фæлæ фысдзармы дæр бирæгъ бæрæг у.

Мæн та уыцы мæгуыр зæрватыччы лæппынты мæт уыдис æмæ æдзухдæр уыдонмæ кастæн. Зæрватыкк бонизæрмæ йæ лæппынты алыварс, цъилау, фæзылд. Куы-иу лæппынты цур балбæласыл абадт, æмæ та сæм-иу йæхи æрæппæрста, куы-иу арвы дæргъдзинады фырмæстæй æрбайсæфт æмæ та-иу цæстыны-къуылдмæ йæ лæппынты цур фестад.

Куы-иу ахстоны бынат хæдзары къулыл аныхæст, æмæ та-иу йæ лæппынтæм æртахт, стæй та-иу фæстæмæ æврагъы дæргъдзинады мæстæй катайтæгæнгæ аленчытæ кодта. Афтæмæй зæрватыккыл баталынг.

Æхсæв-бонмæ уыцы зæрватыччимæ мæ зæрдæ фæдзырдта. Дыккаг бон раджы сыстадтæн, æнæуый дæр мæ раджы стын хъуыд, æмæ уыцы зæрватыччы лæппынтæм уынæг бацыдтæн. Федтон æмæ къанауы мидæг лæппынты уæлæ сæ мад зæрватыкк дæр амард.

Райсом хурыскасты адæм æрæмбырд сты кувæндоны раз, динамонæг дæр сæ астæу, æмæ динамонджыты хистæрмæ æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ æрбахæццæ динамонджыты хистæр æмæ адæмæн арфæ ракодта. Адæм дæр ын сæ сæрæй акуывтой æмæ йын арфæ ракодтой. Динамонæджимæ аныхæстæ кодта æмæ кувæндонмæ бацыдысты. Кувæндоны сыгъдæгдзинад йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ куыд æмбæлд, ахæм уайдзæф бакодта динамонæгæн. Уый фæстæ адæммæ раздæхт æмæ загъта:

— Уарзут кæрæдзийы. Кувут хуыцауæн. Уарзут мæгуырты æмæ сын уæ фæллойæ æххуыс кæнут. Ма хъыгдарут уæ гал, уæ бæхы, уæззау тыхкуыст сыл ма кæнут. Уарзут алы цæрæг удгоймаджы æмæ сын кад дæттут, — æмæ ноджы æндæр бирæ хорз ныхæстæ фæкодта, арфæ ракодта æмæ ацыд.

Уæд уыцы адæмæй уымæн афтæ ничи загъта, уæдæ дæ динамонæг мæгуыр зæрватыччы хæдзар цæмæн æрбайхæлдта, æд лæппынтæ йæ хæрзсæфт цæмæн æрбакодта, зæгъгæ. Уый зæгъын ничи бауæндыд цæстмæхъус адæмæй, тынгдæр мæхæдæг.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.