Зæлда (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Зæлда  (1907) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1907, Рауагъ аз: 1907. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
Зæлда

Гуырдзыстон уырысимæ куы баиу сты, уæд адæм ысхылы-мылы сты, хохы адæм ранæй-рæтты хæцыдысты: Хъобангом, Хъуды ком сæ загъд нæ уагътой, сæрибары дуг агуырдтой.

Иукъорд афонты фæстæ, Апхазов хæхтæм æфсæдтæ бакодта. Мæсыг хи дурæй сæтты, — хицæуттæ йын фæзынди: Хъæвдын К-ты, Биби Р-ты, æмæ хохы адæмы æрсабыр кодтой, алы комы хицæуттæ скодтой — бегарагæнджытæ, хъалонисджытæ. Н-ты Зарбеджы дæр Хъуды комæн хицау ыскодтой.

Раст Хъуды комы, дыууæ Ганисы астæу, царди дыууæ сыхаджы — Курдан æмæ Кудзан. Сæ дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты. Иу бон Курданæн лæппу райгуырди, Куыдзанæн та — чызг.

Курдан æмæ Кудзан кæрæдзийы бирæ уарзтой, æфсымæртау цардысты. Курдан æмæ Кудзан дзырд бакодтой: чызг æмæ лæппу куы схъомыл уой, уæд сæ нæ фæхицæн кæндзысты, ус æмæ лæг уыдзысты, — ууыл ард бахордтой. Чызгыл ном сæвæрдтой — Зæлда, лæппуйыл та — Хъази.

Зарбеджы рæстæджы чызг æмæ лæппуйыл раст стдæсгай азтæ цыдис. Иу бон Зарбег Сохты хъæумæ бегара кæнынмæ бацыди æмæ Кудзаны хæдзары дуармæ фæлæууыд. Зæлда хæдзары дуармæ тын уæфта, Зарбег чызгæн салам радта:

— Дæ бон хорз уа, хорз чызг!

Зæлда æфсæрмæй йæ цæсгом фæсырх кодта, уырдыг фестади æмæ къæмдзæстыгæй афтæ зæгъы:

— Æнæнизæй фæцæр.

Зарбег йæ сины сæрыл фæхæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Куыдзан уын кæм ис, Куыдзан!

— Нæ зонын, æддæмæ кæдæмдæр ауад. Зарбег бæхæй рахызт. Йæ бæх кауыл бабаста æмæ чызджы дурмæ бауади, æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цы хорз тын уафыс, Зæлда... æмæ тын йæ къухæй сгæрста. Зæлда æфсæрмæй ницыуал зыдта, уалдзыгон хъазау рызти, зыр-зыр кодта, йæ цæсгом ныссырх, афтæмæй, æдзынæг зæхмæ кæсгæйæ, æнцад лæууыд?

Уалынмæ Кудзан æрбацыд æмæ уазæгæн салам радта.

— Алæбон æгас цу, Зарбег!

— А...а...а.. хорзæй цæрай, Кудзан, хорзæй, мæ лымæнты хуыздæр,—Зарбег йæ ныхас даргъ ауагъта.—Мæнæ дæ чызджы тын уынынмæ рахызтæн; диссаг хорз тын уафы, Кудзан цæра... Ахæм рæсугъд чызг дын кæм уыди?

— Цæй рæсугъд у, цæ, уыцы иунæг чызг мын ис, æмæ æрмæст фаджысы æфсирау даргъ цæуы, æндæр æм цы рæсугъддзинад ис...

— Баууæнд мыл, баууæнд, Кудзан, æз Калачы дæр ахæм рæсугъд чызг нæ федтон; ничи ма йæ ракуырдта? — Мæнæ Куырданатимæ фидыдау стæм...

— Ау, æмæ уыдонмæ ахæм лæппу кæцæй æрцыд?

— Куырданæн йæхи фырт.

— Хъазийы æвзæр омдзæгхор?.. Уымæн æй куыд дæттыс æхсины хуызæн чызджы!

Зæлда йæ куыст фæуагъта æмæ хæдзары смидæг, къонайыл абадтис æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Алы дзæгъæлдзуаг махмæ цæуы!..

Кудзан дæр ницыуал сдзырдта. Зарбег бамбæрста, йæ дзырд дыууæйæн дæр æхсызгон кæй нæ уыд, уый, æмæ афтæ зæгъы, йæ сины сæрыд хæцгæ:

— Сæрæй уæм мæ дзырд хъыг фæкасти?..

— На, ницы нæм фæкасти, фæлæ... Кудзан йæ дзырд нал ахæццæ кодта.

Зарбег Кудзаны уæхскыл æрхæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Уый хуызæн чызгæн ахæм мой скæн, æмæ хъуыддаджы, куысты чи уа, æхца дæм голладжы чи хæсса. Хъази кæмдæр фиййау ралли-балли кæны, цæмæн бæззы!

— Æвæццæгæн йæ амонд æндæр нæ уыд, æмæ йын цы кæнæм. — Кудзан сабыргомау сдзырдта.

— Ацы зæронд адæм амондыл ныххæцыдысты, искуы йæ федтай, цы? Ахæм гæды дзырдтæ ныууадз, ныр зонды рæстæг у, æмæ лæг хъуамæ зондæй куса.

— Бæргæ, дæ рын ахæрон, фæлæ мæгуырмæ зонд дæр æмæ амонд дæр хæстæг нæ цæуынц.

Зарбег бамбæрста, уыцы сахат кæй ницы аскъуыддзаг кодтаид Зæлдайы зæрдæ ссарыны тыххæй, уый, æмæ цæмæй Кудзаны йæхимæ æрбахæстæг кæна, уый тыххæй афтæ зæгъы:

— Æлдармæ иу асаулыйы бынат уæгъд ис, æмæ дæ кæд фæнды, уæд дæ уым ныллæууын кæнон?

Кудзан кæд ас лæг уыд, уæддæр уыцы рæстæджы адæм рæуæгдæр уыдысты, уæлдайдæр, асаулы куы ныллæууыдаид, уæд цыма дунейы йæхи бакодтаид, уыйау æм касти. Æмæ, æцæгдæр, афтæ уыди. Асаултæ-иу иу æвзæр рæсыдбыл, схъæлфындз хицауы дзыхæй сæ æфсымæрты туг нуæзтой. Кудзан лæппу райгуырæгау фæци æмæ Зарбеджы дзырдыл сразы. Йе асаулы ныллæууыны тыххæй.

Кудзан Зарбеджы йæ хæдзармæ бахуыдта, хæрд, нуæзт, — хорз æй федта. Бегарайы уæрдæттæ æрæмбырд кодтой, æлдармæ сæ арвыстой æмæ сæ фæдыл Кудзанимæ ацыдысты. Раст хур фæцæйныгуылд, афтæ æлдары дуармæ бахæццæ сты. Æлдар уæладзыгæй ракаст æмæ афтæ зæгъы:

— Бегарайы уæрдæттæ цæттæ сты?

— Цæттæ, дæ рын бахæрон. — Зарбег дзуапп радта.

— Уыцы зæронд лæг та цы агуры? — æлдар сдзырдта.

— Асаулы лæууынмæ хъавы, дæ рын бахæрон...

— Уымæй зæронддæр никуы ссардтай? — схъуыр-хъуыр кодта æлдар.

Зарбег бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Фыццагон зæрæдтæ ныры нæуджытæй рæуæгдæр сты.

— Рæуæгдæр сты-ы-ы? — æлдар йæ дзырд даргъ ауагъта. Цы дардыл дзурын, Кудзаны асаулы бауромын кодта Зарбег, æмæ уымæй фæстæмæ Зарбеджимæ иумæ цæрын байдыдтой. Кудзан нуæзтуарзаг лæг уыди æмæ Зарбег Кудзаны алыхатт дæр хорз уыдта, арахъхъ ын нуазын кодта, цæмæй йæ фылдæр бауарзтаид æмæ йын йæ чызг Зæлдайы усæн радтаид.

Æцæг Кудзан Зарбеджы æфсымæрæй фылдæр бауарзта, арæх цæуын байдыдта Зарбег Кудзантæм, фæлæ Зæлдайæн Зарбеджы уындæй йæ зæрдæ рысти, цыма-иу йæ зæрдæйы ихы цæнд ныккалди, уый хуызæн-иу фæци Зарбеджы уындæй æмæ-иу йæхинымæры афтæ:

— Тъæпп куы ахауай, уæддæр дын нæ бакомдзынæн! — æмæ-иу йæхи бамбæхста.

Зарбег та Зæлдайы уарзондзинадæй сыгъди-уырыди, æхсæвæй-бонæй йæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта. Йæ дуне, йæ цард Зæлдайы уындыл радтаид, фесæфтаид. Фæлæ Зæлдайы зæрдæ Зарбегмæ бакæсын дæр нæ куымдта. Зарбег Зæлдайы сæрхызтдзинад чызгон æфсæрмыл нымадта, йæхиуыл æууæндыд, йæ каддзинадæй йæ зæрдæ бæрзæндты хатт æмæ хъуыды дæр нæ кодта, Зæлда йæ нæ уарздзæн, уый, йæхи амондджыныл нымадта.

Иу фæззæг Зарбег æмæ Кудзан бегара кæнынмæ бацыдысты Сохты хъæумæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Зарбег хæдзары смидæг æмæ салам радта Кудзаны усæн. Зæлда гуымбыл ахста, æмæ Зарбеджы куы федта, уæд æддæмæ ацыд æмæ фæсхæдзар хурмæ.сбадти. Кудзан æмæ Зарбег бахордтой, банызтой æмæ бегарайы уæрдæттæ акодтой æмæ ацыдысты.

Зарбег фæндагыл ныхæстæ кæнын райдыдта Кудзанимæ:

— Кудзан, бирæ дæ кæй уарзын, уый зоныс, стæй дæм æлдар дæр мæн тыххæй хæлар кæй у, уый дæр æмбарыс...

— Æмбарын, мæ хур, æмбарын, хуыцау дæ бауарзæд, мæнæн дæр мæ бон цы уа, уымæй дæ нæ ферох кæндзынæн.

— Ныббар мын, Кудзан, ирон æфсæрмытæ едтæ — гæды митæ сты, стæй ахуыргонд лæг дæн, ахæм ирон æфсæрмытыл худгæ фæкæнын, фæлæ мын Зæлдайы усæн куы радтис, уæд кæрæдзи хуыздæр уарзиккам. Хиæппæлын фауæгау у, фæлæ Хъуды комы мæнæй хуыздæр лæг нæй...

— Нæй, мæгуыр, нæй, фæлæ... Кудзан йæ дзырд нал ахæццæ кодта.

— Уæдæ ма цы? Ирæд у, æмæ мæнæ—мæ дзыппы,—фæнды сыгъдат æхца, фæнды — фос.

— Ирæды тыххæй æнцон у, фæлæ чызг цы зæгъдзæн...

— Чызджы цы фæрсыс! Чызг цы зоны, ды йæ фыд дæ, æмæ дæ кæмæн фæнда, уымæн æй ратдзынæ.

— Уый бæргæ афтæ у, фæлæ Куырданатимæ дзырдгондау дæн æмæ...

— Ахæм дзырдтæ едтæ дæ зæрдыл куы дарай, уæд æвæджиау чызджы фенамонд кæндзынæ.

Зарбег Кудзанæн æхсæв дзургæ, бон дзургæ, — æлдары хъусмæ дæр бахæццæ. Уый дæр ын загъта, æмæ бафидыдтой. Зарбег систа æмæ Кудзанæн ирæд ссæдз туманы радта. Зæлда уый куы фехъуыста, уæд йæхи хурхытæ кодта, йæхи мардта, фæлæ ма йын цы хос уыди.

Царддæттæг сæрд аивгъуыдта, ацыди: хур адард, сыфтæр æрызгьæлди, мæргътæ хъарм бæстæм атахтысты, хохы бæрзæндтыл зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта, доны былтыл их фæхæцыд, джиуæргуыба æрцыди æмæ Зарбег чындзхæсджытæ æркодта Кудзаны хæдзармæ.

Кудзан кæд фыццаг уыйас хъæздыг нæ уыди, уæддæр æм ныр тугцъир цъулберты уæлдæйттæй аззæдтытæ кодта, хæрд, нуæзт — бирæ, фæцæл кодтой, фæминас кодтой, сиахс æмæ чындзы аргьуанмæ акодтой.

Зæлдайæн йæ цæстысыг йæ сырх уадултыл лæсæнтæгæнгæ, аргъуанмæ æрцыдысты; аргъуаны астæу стъолы раз сауджын цæттæйæ лæууыди. Зарбег йæ фæндондзинад равдыста. Уый фæстæ Зæлдайы фæрсын райдыдта, фæлæ Зæлда цы дзуапп радтаид. Нæ цуры устытæ лæууыдысты æмæ схъæр кодтой: фæнды йæ, фæнды, зæгъгæ, æмæ Зæлдайы къух сауджыны къухмæ авæрдтой фæндоны бæрæгæн.

Зæлдайыл кæугæ, дзыназгæйæ саргъуыдтой, æмæ Зарбеджы хæдзармæ ацыдысты. Зарбегæн йæ мад æмæ йæ фыд уайтагъд амардысты æмæ Зæлда хæдзары иунæгæй баззад.

Зæлда кæд Зарбеджы нæ уарзта, уæддæр хæдзарыл хорз хæцыд, хорз æй фæхъахъхъæдта. Зарбег хæтгæ цард сахуыр и, уазæджы сихор æлдары фынгыл, æмæ æддæ цы уыдта, йæ хæдзары дæр уый агуырдта, æмæ йæ усы надта, хоста, Зæлда Зарбегæй кæд æфсæрмы нал кодта, уæддæр æм тызмæг нæ дзырдта, фæлæ хæдзары куыстыл зæрдиагæй зылди.

Зарбег афтæ æнхъæлдта æмæ йæ усæн йæхи æхсарæй бауарзын кæндзæн, искуыцæй-иу куы ’рцыд, уæд-иу дуарæй ехс батылдта:

— Кæсыс, ацы ехс ус æмæ бæхы тыххæй конд у!

Зарбег алы фыдуаг устытимæ хæтын сахуыр и, хицæуттæ сæхимæ кæй кæнын кодтой, уыдонимæ. Зæронд, æмбыд хицæутты буарæй устытæм Зарбеджы лæппу тугæфсæст буар хуыздæр касти, æмæ-иу раздæр Зарбегæн фенын кодтой зæрдæрухсы дуг.

Зарбегæн йæ хæдзары кусæг нал уыди, æрмæст æххуырстыты йедтæмæ — уыдон дæр фиййæуттæ, хæдзары куыст иууылдæр Зæлдайы æвджид баззади, фæлæ Зæлдайы æндон зæрдæ æмæ болат стæг куыстæй нæ тасыд, — цас фылдæр куыста, уыйас хъæлдзæгдæр кодта.

Зæлдайæн йæ чындзы ацæуынæй фондз азы ацыди, æмæ иу хатт дæр йæ фыды хæдзары нæ уыди, уый тыххæй æмæ Хъазийы уарзондзинады хызы бахауынæй тарсти; вæййынц дыууæ адæймаджы ахæм уарзондзинадæй баст, æмæ уыдон кæрæдзи куы фенынц, уæд сæ никæцы зæххон тых бауромдзæн — баиу уыдзысты. Ахæм уарзондзинады рæхысæй баст уыдысты Хъази æмæ Зæлда дæр, æмæ уый тыххæй Зæлда йæхи хъахъхæдта, йæхи æмбæхста Хъазийæ, цæмæй нæ фехæлдаид дыууæ лæджы цард æмæ йæхæдæг дæр адæмы ’хсæн нæ фæхудинаг уыдаид. Фæлæ æрцæуинаг хъуыддаджы фæиуæрдæм кæнын лæджы бон нæу, фæзæгъынц иуæй-иутæ.

Иу сæрд Зарбеджы фиййæуттæ хохæй кæрдзынмæ æрæрвыстой, Зæлда кæрдзын сцæттæ кодта хæрæгуаргъ æмæ фиййæуттæн кæрдзын ахаста. Хъази хохæй æрцæйцыди æмæ раст æмбис фæндагыл Зæлдаимæ баиуысты. Фыццаг сæ дыууæ дæр джихау баззадысты, стæй фæндаггæрон, цъæхсгæллады хуызæн кæрдæгыл æрбадтысты. Кæд сæм зæгъинæгтæ бирæ уыд, уæддæр иунæг дзырд дæр сæ бон нал уыди, уарзондзинады ивылæн сын сæ хъæлæсы нуæрттæ бацауæзта, æмæ æнæдзургæйæ æдзынæг кастысты...

Æрæджиау Хъази афтæ зæгъы:

— Цы дзæнæтон сахат у! — æмæ Зæлдайы йæ хъæбысы акодта.

Ног хъуынтæуадзæг лæппу æмæ сауæрфыг чызгæн сæ дзыхтæ кæрæдзиуыл бандæгъдысты. Хæрæг фæсфæндаг аздæхти æмæ астæумæ кæрдæджы хызт, пыррыччытæ кодта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ Зæлдайы сау дадалитæ фæйнæрдæм фæйлыдта. Сæ тæккæ сæрмæ мигъы къуымбил ныллæууыд æмæ дыууæ уарзоны хуры æнтæфæй хъахъхъæдта, уалдзыгон мæргътæ бæлæстæй зарыдысты æмæ сын сæ уарзондзинадæн кад лæвæрдтой; сæ фарсмæ сау суадон бæрзондæй згъордта æмæ сын сæ сусæг уарзон ныхæстæн фæлмæн хъырныдта; хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой, кæдмæ кæрæдзийыл фæцин кодтаиккой, фиййау сын сæ рæстæг куынæ фехæлдтаид, уæд. Фиййау къуыбырæй æрбазынд æмæ йæ фосыл фехситт кодта. Хъази æмæ Зæлда фестадысты; Хъази дæлæмæ ацыд, Зæлда — уæлæмæ, кæрæдзимæ фæкæс-фæкæсгæнгæ ахицæн сты.

Зæлда фиййæуттæн кæрдзын схаста, фос федта æмæ фиийæуттæн бафæдзæхста, цæмæй æнтæф боны уæрыччытæ хохы бæрзæндмæ митгæрæттæм куыд стæрой, афтæ, цæмæй сæ хур ма судза æмæ рацыди. Йæ æрцыдмæ Зарбег дуармæ бандоныл бадти æмæ афтæ зæгъы:

— Кæм уыдтæ æд хæрæг?

— Фиййæуттæн кæрдзын схастон.

— Куыд сты фос, æндæр?

— Дзæбæх! — æмæ хæдзармæ барасти.

— Ау, фæлæу-ма, чызгай, цавæр у! — æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыд. — Хуыцауы стæн, иу пъа дын куы нæ акæнон, уæд мæ зæрдæ нæ фæлæудзæн.

Зæлда йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы:

— Фæлæу-ма, цы хынджылæг кæныс!

— Фæлæу-ма, фæлæу, нæ мын аирвæздзынæ, — æмæ йæ сынтæджы баппæрста æмæ йын йæ сырх уадултæн ныпъатæ кодта.

Кæд Зæлда чысыл раздæр хуры тынимæ хъазыди,—ныр та знаджы æртты бахауд. Æрæджиау хæдзармæ бацыдысты æмæ арты фæйнæ фарс æрбадтысты, Зарбег ныхас кæнын райдыдта:

— Æлдаримæ мæ куыст ныууагътон, ныр хæдзары куыд кусон, афтæ, — загъта.

Зæлдайæн йæ хуыз ауади, цыма йын исчи йæ зæрдæйыл тæвд æфсæйнаг авæрдта, уыйау фæци, æмæ æнкъардгомау афтæ зæгъы:

— Цæмæн ныууагътай дæ куыст, цæмæн рацыдтæ?

— Хæдзары хицау нæй, фосмæ фæкæсæг...

Зæлда ницыуал сдзырдта æмæ нæбары къуымы цыдæртæ йæхи архайæг скодта. Уыцы бонæй фæстæмæ Зарбег йæ хæдзары цæрын байдыдта, фæлæ уæддæр иуран нæ лæууыд, куы иу хъæумæ уад, куы иннæ хъæумæ, йæ хæтгæ цард нæ уагъта.

Иу бон æлдар куывд кодта цæйдæр тыххæй, хорзæх ын æрцыд æви цы, хуыцау зыдта æмæ та Зарбег дæр уым уыди, йæ маймули кæфтытæй та кодта хицæутты раз, йæ зайнаг гуыбын-иу слæф-лæф кодта. Зарбег тагъд цæмæн рацыдаид, кæй зæгъын æй хъæуы, баззади дзы иу къуыри.

Иу бон Хъази Зарбеджы фиййæуттæй иуыл сæмбæлди æмæ йæ фæрсы:

— Зарбег уын кæм ис, Зарбег? Фиййау афтæ бакодта:

— Æлдар куывд кæны æмæ та уырдæм йæ сæфты гуыбын ахъардта, æндæр кæм и?

— Йæ ус та, мæгуыр, йæ ус? Иунæгæй куыд цæры?

— Куыд цæры? Уый æфсæйнаг у, æфсæйнаг, уый йедтæмæ æндæр ус афтæ нæ бафæразид.

— Макæ-ма, æмбал ын уыдзæни, — Хъази загъта. Ломисы дзуарыстæн, уымæ хæйрæг дæр нæ бауæнддзæни.

— Ау, афтæ фыдуаг ус у?

— Фыдуаг нæу, фæлæ æмбæлттæ едтæ нæ уарзы.

— Зарбег кæд æрцæудзæн, нæ зоныс?

— Кæд æрцæудзæн! Цалынмæ та искуы хæрд, нуæзт ара, уалынмæ уый не ’рцæудзæн.

— Æмæ уæдæ æхсæв йæ ус кæимæ хуыссы?

— Иунæгæй, æндæр кæимæ.

— Æмæ иунæгæй куыд уæнды?

— Нæ дын зæгъын, уый хæйрæгæй дæр нæ фæтæрсдзæн, Хъуды Майрæмыстæн, уый лæг амарыныл дæр фæстиат нæ фæуыдзæн.

— Сымах дæр, æвæццæгæн, фыдæбонæй мары уæдæ?

— О-о-о! Уый махæн нæ хойы хуызæн у, уый куы нæ уаид, уæд махæй иу дæр нæ фæлæууид Зарбеджы хæдзары...

Уалынмæ хур аныгуылди, Хъази æмæ фиййау ахицæн сты. Фиййау йæ фос бынатмæ аскъæрдта, Хъази та Зæлдамæ ацыди.

Адæм схуыссыдысты. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Хъази Зарбеджы хæдзары дуармæ бахæццæ æмæ йыл куыйтæ срæйдтой. Хъазийæн топп йæ къухы, афтæмæй æнцад ныллæууыд. Дис фæкодта Хъази, Зæлда кæй нал бадти, рухс дзы кæй нал цыд, уый тыххæй.

Зæлда-иу Хъазийы ’рцыдмæ никуы схуыссыд, æнхъæлмæ-иу æм касти, фæлæ уыцы ’хсæв Зарбег æрцыд æмæ йын фадат нал уыд, стæй Хъазийы æрцæуинаг дæр фаг нæ зыдта. Уалынмæ хæдзары дуар фегоми æмæ дыууæ лæджы кæрæдзийы риутыл топпытæ авæрдтой. Зарбегæн йæ топп фæдзæгъæл, Хъазийы гæрах ацыд æмæ Зарбег асхъиудта. Гæрæхты хъæрмæ адæм амбырд сты æмæ Зарбеджы къæсæрыл мардæй ссардтой, Зæлда та хæдзары къуымты хъарджытæгæнгæ рацу-бацу кодта.

Дыккаг, бон хицæуттæ æрцыдысты чапартимæ, адæмы æрæмбырд кодтой, Зарбеджы чи амардта, уый ссарут, загътой. Адæм радзур- бадзур фæкодтой, рафæрс-бафæрс, фæлæ Зарбеджы марæг не ссардтой, æмæ хицæуттæ аххосджын Зæлдайы радтой кæйдæрты ’взагæй.

Зæлдайы хицæуттæ рафæрс-бафæрс, ракъах-бакъах систой, фæлæ Зæлда алы фарстæн дæр «нæ зонын», зæгьгæ, дзуапп лæвæрдта. Зæлдайæн йæ къухтæ сбастой æмæ йæ Тогъуызаты ахæстонма акодтой. (Тогъуызатæн мæсыг уыд, æмæ дзы уырыс ахæстон скодтой æмæ уый тыххæй афтæ хуынди).

Зæлдамæ Хъазийы равдисын тынг зын касти: иуæй адæмæй æфсæрмы кодта, худинагæй тарст, иннæмæй уарзондзинады уидагыл уæлæхох нæ фæрæзта, æмæ алы æфхæрд, зыйдзинад æгъгъæдæн иста æмæ-иу йæхинымæры афтæ:

— Цæй, уарзоны тыххæй мæлæт лæгæн дæтты дзæнæт, хабар нæу.

Зæлдайы Тогъуызаты ахæстоны æртæ мæйы фæдардтой рæстдзинад равдисыны тыххæй, фæла» Зæлда йæ фыццаг дзуапп нæ фендæрхуызон кодта. Æртæ мæйы фæстæ Зæлдайы Калачы тæрхондонмæ арвыстой йæ аххосы чингуытимæ.

Иу бон хицау æрцыд æмæ Зарбеджы фос торгæй ауæй кодта, æхца йæ дзыппы сæвæрдта æмæ ацыди: йæ усæн, дам, ахæстоны хардз æндæр бахъуыди, загъта.

Зæлдайы Калачы тæрхондоны бирæ нал бафарстой, йæ хъуыддæгтæ хицауæй æвдыст уыдысты, æмæ йын стæрхон кодтой: йæ бартæ ист æмæ йæ мыггагмæ Сыбырмæ ахæссæнт.

Иу уалдзæг, раст Ломисы боны, адæм дзуары фæзы æрæмбырд сты æмæ бæрæгбон кодтой: аргæвстой галтæ, нæл фыстæ, уæрыччытæ; хæрд, нуæзт æмæ минас кодтой, фæсивæд кафыдысты, зарыдысты. Уалынмæ бырцæй иу лæг ыззынди, йæ худ йæ къухы, йæ фæдджитæ йæ фарсыл роны сагъд, ивазгæ къахдзæф, тындзгæ цыдæй схæццæ æмæ адæмæн арфæ ракодта:

— Дзуары хорзæх!

— Йæ хорзæх дæ уæд! — адæм загътой.

Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, цæуæгмæ æнхъæлмæ кастысты. Цæуæг адæмы ’хсæнмæ бацыди æмæ йæ бафарстой хабæрттæй. Бæлццон йæ хид асæрфта йæ худæй æмæ афтæ зæгъы:

— Зæлдайы, мæгуыр, Сыбырмæ фæкæнынц, уый тæригъæд куы нæ федтаин, æмæ...

Адæмæн цыма зæхх сæ быны ныххауд, арв сæрыл æрæнцад, уый хуызæн фесты, иу дзырд дæр ничиуал скодта. Æрæджиау кувæндонæй иу зæронд лæг разынди, урс цикъæ хæцъилæй йæ сæр баст, урс-урсид зачъетæ риуыл фæйнæрдæм айдзаг сты, дзуары тырыса йæ къухы, æмæ афтæ зæгьы:

— Цы хабар у, цы ныл æрцыд?

Бæлццоны дзуары лæджы размæ бакодтой, æмæ йын радзырдта Зæлдайы хабар æмæ афтæ зæгъы:

— Дæлæ дуканийы цырæгьтæ æлхæдтон дзуары тыххæй æмæ уым лæууыдтæн, уалынмæ хъадаманты хъæр ыссыди. Уырыс калакæй ахæстæтты ракодтой, æмæ Зæлда дæр семæ, станцы цур æрæнцадысты, æмæ сæ фæллад уагътой. Мæн фæндыд Зæлдайы фенын, фæлæ мæ салдат нæ уагъта. Æз æндæр афицерæн иу абази радтон, æмæ Зæлдаимæ фæныхæстæ кодтон.

Адæм ныссабыр сты, се ’хсæн бындз куы атахтаид, уæд уый базырты хъæр дæр фехъуыстаид.

— Цы хабæрттæ дзырдта, бецау? — дзуары лæг та йæ бафарста.

— Цы хабæрттæ! Зарбеджы мард, дам, мæныл сæвæрдтой, Иу абази ма мæм уыд, æмæ йын æй радтон.

— Бецау, Зæлда, бецау! Кудзан дæ тæригъæд фæхæссæд, дæу тыхæй чи радта! — алырдыгæй адæм сдзырдтой.

— Адæммæ дын ницы ныстуан кодта? — бафарста та йæ зæронд лæг.

— Адæмæн арфæ кодта,—мæ фæстæ, зæгъгæ, æнæнизæй цæрут, — загъта.

Дзуары лæг та хъуытазтæ бацагъта, æмæ афтæ зæгъы:

— Байхъусут, бамбарут! Хуыцауы хъæлæс æмæ адæмы хъæлæс иу сты, нæ фесæфт хуыздæр у, Зарбеджы марæг куы нæ ссарæм, уæд. Зæлдайы рæстæй Сыбырмæ хæссынц, уый зонут, адæм?

— Зонæм, зонæм!—схъæр кодтой æмхуызон.—Уæдæ Ломисы дзуары, Хъуды Майрæмы фыдæх ссарæд, Зарбеджы марæгыл зæрдиагæй чи нæ 'рзила, чи нæ йæ бацагура!

— Оммен! Оммен! — адæм та схъæр кодтой. Дзуары хъуытазтæ ныццагъта æмæ сæ кувæндоны сæвæрдта.

Уыцы бонæй фæстæмæ адæм зилын байдыдтой Зарбеджы марæгыл. Рафæрс-бафæрс кодтой, агуырдтой, фæлæ Зарбеджы марæгæй иу ныхысæрыйас хабар нæ базыдтой, æрмæст Хъазимæ сæ зæрдæ æхсайдта, фæлæ йæ цæмæй базылын кодтаиккой, уый нæ зыдтой.

Азтæ ивгъуыдтой, рæстæг ивта. Хъази мæллæгæй-мæллæгдæр кодта. Йæ намыс æй æфхæрдта, æргæвста, æхсæвæй-бонæй иуран нал лæууыд, дзæгъæл хатти, æмгар, хæлар ын нал уыд, никæйуал зæрдæ зыдта, Зæлдайы сæфт, уарзондзинад, Зарбеджы мард æдзух йæ зæрдæйæ нал хицæн кодтой, æмæ, иудзырдæй, сырды хуызæн сси.

Иу уалдзæг та Ломисы бон уыд. Адæм бæрæгбон кодтой. Æрæмбырд та сты дзуары фæзы, æмæ та Зарбеджы ныхас дæр кодтой. Уалынмæ къуыбырæй иу лæг æрзынди, йæ топпы ’нцæйтты сындæг æрцæйцыд. Йæ цыдыл дæр бæрæг уыд, рынчын кæй уыд, уый. Æнцад-æнцад адæмы 'хсæнмæ бацыди. Адæмæй йæ бирæтæ нал базыдтой, йæ сæрыхъуын йæ уæхсчытыл æрæнцад, йæ зачъетæ ныффæдзæлтæ сты, йæ цухъхъайы скъуыдтæ дзедыры тагæй бæстытæ, йæ уадултæ ныссау сты, ныццыргъ сты. Иу дзырдæй, мæрдон хуыз лæвæрдта.

Хъази адæмы раз йæ зонгуытыл æрхауд, æмæ афтæ зæгъы:

— Амарут мæ, маринаг уын дæн!

Адæм фезнæт сты, фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ Хъази иунæгæй аззад.

Адæмы хистæртæ æмæ зæрæдтæ Хъазийы алыварс æрлæууыдысты æмæ йæ фæрсын байдыдтой:

— Зæгъ, мæ хур, раст зæгъ, цы ракодтай, адæмæй цы курыс? Адæм хорз сты, хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у! Зæгъ цы курыс? — Мистала загъта.

Хъази æдзухæй йæ цæстысыг калдта, куыдта æмæ-иу хаттæй-хатт сдзырдта:

— Амарут мæ! Аргæвдут мæ!

Адæм дисы бафтыдысты, цæхгæр дзуапп кæй нæ зыдтой, уый тыххæй, Хъази цæуыл йæхи марын кæны, дзырдтой.

Мистала йæ дынджыр сырх цæстытæй адæммæ акасти æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнæ хорз адæм, байхъусут, бамбарут! Хъазийы хабар бамбарын хъæуы, Хъазийы æхсар не ’ртардта нæ размæ курæг, фæлæ йыл цыдæр зындзинад ис æмæ уыцы зындзинадæн баххуыс хъæуы.

Мистала Хъазимæ хæстæгдæр балæууыд, æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хъази, мæ хæдзар! Ацы адæм иууылдæр де ’фсымæртæ сты, сæ тугæй конд дæ, дæу тыххæиййæ удæн зын чи нæ скæндзæн, ам ахæм лæг нæй. Зæгъ, цы курыс? Зæгъ, зæгъ!

Хъази сбогъ-богъ кодта æмæ йæ кæуынимæ сдзырдта:

— Зарбеджы æз амардтон! — æмæ зæххыл ныддæлгоми.

Адæм схылы-мылы сты, дыууæ дихы фесты. Иутæ загътой — амарæм æй, иннæтæ загьтой — дуры бын æй фæкæнæм. Афтæмæй адæм нал фидыдтой. Æрæджиау, фаг куы фæдзырдтой, уæд сын Мистала афтæ зæгъы:

— Бон, бон æрхъуыды кæнут, цавæр бон у! Нæ фыдæлты нын тæтæры цагъариуæгæй чи фервæзын кодта2, низ, мæтых нæм алыран чи нæ уадзы, уыцы Ломисы Уастырджийы бон мæлæты тæрхон куыд кæнут?

Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, æрмæст ма Хъазийы хæкъуырццæг кæуын хъуысти.

Адæм дзуары фæзы тымбыл æрбадтысты, хъуыддаг ранывæнд- банывæнд байдыдтой, радзур-бадзур, адæм сæхи æгъдауæй тæрхон кæнын сæ ныфс уыйас дæр нал хастой: уырысы æгъдæуттæ тых кæнын байдыдтой, адæмæн сæ бартæ айстой, æмæ бирæ радзур-бадзуры фæстæ æрæджиау бафидыдтой æмæ загътой:

— Хъазийы йæхи бар уадзæм, дзуары хатыр ын фæуæд, фæлæ Зæлдайы рæстдзинад хицæуттæн базонын кæнæм æмæ йæ ракурæм.

Хъазийы, Зарбеджы æмæ Зæлдайы хабæрттæ лыстæг ныффыссын кодтой адæм æмæ Калачы стыр хицаумæ (судмæ) балæвæрдтой. Суд хъуыддаг равзæрста æмæ загъта: Хъазийы æрцахсæнт, Зæлдайы Сыбырæй рауадзæнт.

Иу мæйы фæстæ Хъазийы æрцахстой, æмæ йæ ахæстонмæ куы фæцæйкодтой, уæд Диделты къæдзæхæй йæхи аппæрста æмæ амарди. Чи зоны, адæм та йæ ракуырдтаиккой,—уæддæр нал фæлæууыд. Зæлдайы бæргæ рауагътой, фæлæ йæм цалынмæ чиныг хæццæ кодта, уалынмæ амарди уый дæр.


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.