Jump to content

Еумæйаг мæрдтæн (Багъæраты)

From Wikisource
Еумæйаг мæрдтæн (1920)
by Багъæраты Созыр
290604Еумæйаг мæрдтæн1920Багъæраты Созыр


ЕУМÆЙАГ МÆРДТÆН


Цæйтæ, нур радтæн
кадæ 'ма æгъдау
еумæйаг мæрдтæн.
Ке фæрци махæй
райхалдæй туххæй
не'носон бæдтæн.

Махæн нæ надбæл
одесæн бонмæ
ка не'сфæлмæцтæй.
Махæн рохс цардбæл
не'знæгти къохæй
арти ка 'сфунхæй.

æ тог, æ бауæр
ка снивонд кодта
мæгурти сæрбæл.
Цардæн æ бундор
ка'рæнгон кодта
йе ндон æстæгбæл.

Йе'стуггин реутæ
ка'ринсун кодта
мæнги курæнтти.
Йе'надæ цардбæл
ка'вдесæн кодта
æвзарæн бæнтти.

Тохгæй бæгъатæр
ка'рбацæуидæ
фудгинти фатмæ.
Зæгъæн син рохсаг,
зæгъдзæй син æй, цид,
рæстади фарнæ.

Кæнæн син соми, —
мах дæр ке уарзæн
раст царди адæ.
Мах дæр ке федæн,
Цæугæй сæ фæдбæл,
адзали радæ.


1920 анзи ноябри 20 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 103 years or less since publication (if applicable).