Jump to content

Енцег (Малиты)

From Wikisource
Енцег (1914)
by Малиты Геуæрги
337991Енцег1914Малиты Геуæрги

ЕНЦЕГ
(Короленки таус)

I

Багъудæй мæ еухат балци бакæнун Волги ордæг. Гъе дин бæсти къум! æнкъард фæккæсдзæнæй еци бæстæ, мæнау урух будуртæ æма фæтæн конд хумтæбæл ка сахур æй, омæ. Гъæдтæ — талингæ, тумугъ, мед гъæдтæ — æмбуд цæдтæ (цадитæ), дæнттæ цæунцæ бор æма лæкъун... æнкъард, æнæ таведзæ кæсунцæ гъæдтон адæм дæр. Фал сæ хæццæ дзо-рун ку равзарай, уæдта адæм куц уа, етæ дæр — отæ. Кæд ма æнцæ хуæздæр, хæлардæр. æз фæлладæй нигæмæ ку рацудтæн, уæд хор дæр æркъолæй гъæдæрдæмæ.
æзменси цæндæбæл æз фæууидтон кæсалгдзауи цолахъ — «ботничок», цолахъи рази ба бæгъæнвад астанзон кизгæ архайдта цолахъи аразæн æма никкидæр ма цæйдæрти хæццæ. Кизгæ ми æвеппайди ку фæттæрса, зæгъгæ, изол-гомау æрлæудтæн. Тæрсагæ 'й гъæдтон адæм. Берæ хæтти сувæллæнтти æз фæттæрсун кодтон мæ горæттаг уинд æма дарæсæй раст мæнæ цъеути къуарау.
æдæуагæ, кизгæ мæмæ ку фенгаст æй, уæд æ цъæх цæ-ститæ æваст фæттумбул æнцæ, æ билтæ фæббундæр код-та, æма аразæн æ къохтæй æрхаудтæй.
— Ма тæрсæ, мæ хор, неци дин кæндзæнæн, — зæгъгæ
йин загьтон. — Зæгъай мин, кæбæлти хæстæгдæр æй уæ гьæумæ?
- А... Уæртæ 'й нæ гъæу ба...
Еу къуар ампъези ку ракодтон, уæд къотæрти 'хсæнæй æз фæууидтон къæстæ. Сæ къæрæзгитæ æрттивтонцæ изæйрон хормæ.
- Ке агори, а? — зæгъгæ мæ еу кизгæ бафарста æндиудæй.
- Фусун агорун.
- æхсæвеуат?.. ЦоДайрамæ.
- Ка 'й уæхæн?
- Дайра? æма Дайрай нæ зони?
- Нæ зонун... Ами некæд адтæн.
- Гъи, кæд некæд адтæ, уæдта 'й куд зонай; барæн, Дайрай лæг ами хæстæг æй. Тяткæ, гъæй! Степа-а-ан! — нигъгъæр кодта даргъау дониæрдæмæ.
- Уо-о-ой! — фегьустæй изол кæцæйдæр инод гъæлæс.
- Рауай, Степан, ардæмæ!
Еу къуар минутей фæсте дони билæбæл фæззиндтæй музихъаг, æнæ ходæ, цилпæ сæригъунти хæццæ, бæгъæн-бадæй, хизти уаргъ æ рагьи, отемæй. Цудæй къолсæрæй, ракеуæ-бакеуæгæнгæ. Хуссигъæлдзæгау. Кизгæ имæ кастæй игъæлдзæг, ходгæ цæститæй.
- Кæсис, куд кеуй? æвæдзи 'й ду ба расуг æнгъæли! На, расуг нæй, фал æхсæвæ дæр хуссæги цъундæ нæ кæнуй. Сауæнгæ дæр донгони бадуй æма кæсалгдзауæн кæнуй. Музихъæгтæй байхуæрста дони хъум мæнæ ами аузти уæллæй. Нана æй бæргæ нæ уагьта, фал имæ уæддæр нæ байгъуста. Фондз соми бафиста. Кæсалгæ ба имæ нæ цæуй. Гъе, 'ма отемæй синди кæнуй.
- Дæ фидæ ести 'й, æви дин ци 'й? — байфарстон æз гурусхæгæнгæй, музихъаги е кæми «баба», кæми ба æ номæй ке худта, ой туххæй.
Кизгæ мин дзуапп нæ равардта. Уалæнгæ ба кæсалгдзау дæр — кардзуд, æнкъард цæсгоми хæццæ — æрбацæйцудæй нæ размæ; æд хизæ æрлæудтæй, æрбакастæй мæмæ уæззау цæститæй æма мæ бафарста:
- Циавæр дæ, ци агорис?
- Ниже горæттаг дæн, — загьтон æз, — фусун агорун ахсæви.
- æнгъезуй. Цæуæн еумæ.
Е ранæхстæр æй мæ разæй, фиццагау кеутæ-меутæгæнгæй; æнгъалдтон — мæнæ-мæнæ нуртæккæ æрхаудзæнæй æма бафунæй одзæнæй къахнадбæл.
— Еунæг кæсалгæ дæр бабæй нæ ниййахæстай, — загьта
кизгæ. — Кæсæ дæхемæ, кенæ ба рахаудзæнæ...
Музихъаг неци сдзурдта. Уалæн бахъæрдтан минги гъæугондмæ. æ къæрæзгитæ кастæнцæ донæрдæмæ, æ дуæрттæ ба лæудтæнцæ гъæдгæрон æнхæццæ. «Арси къуру къум» — загътон мæхенимæри, æнæбари ракæсæ-бакæсæгæнгæй мæ мургъуз хонæгмæ.
æфсийнæ Дайра Ивановна иттæг цийнæ æма иттæг таведзæ бакодта мæнбæл. Бакæсгæй ма е адтæй æригон осæ, æнцад, æхцул миутæ æма рæсугьд, хæларзæрдæ цæстити хæццæ. Фал æ лæгмæ, цид, ку бакæсидæ, уæдта куддæр хийнæ худт бакæнидæ.
Степан куддæр мæгур бадт бакодта къелабæл æма æ финдзæй æууелун райдæдта.
- Берæ ниййахæстай, кæсалгдзау? — бафарста æфсий­нæ æма кизги хæццæ кæрæдземæ бахудтæнцæ. — Гъе, кæ­салгдзау, кæсалгдзау! Мæнмæ байгъустайсæ, е ба дин хуæздæр адтайдæ.
- Дзорæ, дзорæ! - загьта музихъаг мæстгунхузæй, — и цъалай бунæй царцатæ ку низмæлонцæ, уæд отæ нæбал дзордзæнæ.
- Гæр, æхсæвебадæ бабæй кæндзæнæ нигкидæр?
- Цæуон, барæвдзæ кæнон хизтæ.
Хеваст музихъаг фестадæй æма хуссигъæлдзгутæй рацудæй къæси хурфæй, æфсийнæ ба æхсæвæри гъуд кæнун райдæдта. Кизгæ агъаз кодта æ мадæн.
— Кизгæ раст дæхе хузæн æй, — загътон æз, — айдагъ æ
цæститæ æма æ сæригъунтæ рохснугдæр æнцæ.
Осæ куддæр къехкæсгæ баходæзмолтæ кодта æма нис-сурх æй.
— И зæронд ба дæ лæг æй, æвæдзи?
æфсийнæ бустон ниссурх æй, æма æ цæсгом бамбарста æ фæтæн къæдзтæ-мæдзтæ худ дусæй.
- Мæ лæг æй. æнзтæй зæронд нæма 'й мæнæй уæлдай е дæр. Фал... Фудæбон æма мает!.. Гъе, æноси дæр хусгæ биндзау синди кæнуй. æгас къуæре нур æнæхуссæг æй: кæсæлгити хæццæ 'й исбæстин киндæй... Мæтæ! Бустæги ба нæ фурти рамæлунæй ардæмæ æ кеми нæбал æй — байхуардта и мает. Инсæймаг анз æрхæццæ 'й, нур нæ Мисанки кæдæй банигæдтан, уæдæй.
- Инсæймаг анз, зæгъис? — фæддес кодтон æз, Дайрай сурхфазæ æма æригонхузæ цæсгоммæ кæсгæй.
- Мæхебæл цæуй нур дууæ æма дууинсæй анзи... Некæмæй æрагæс кæнуй... Уæддæр ма мæ мает ай уалæн æркодта... Цæйбæрцæ цæстисуг фæккалдтан. Хуцау нин зæнæг нæбал равардта.
-Аци кизгæ ба?...
— Енцег мин æй е ба... — Дайра (Ивани кизгæ) таведзæ
гъæлæсæй, кизги рохенуг сæр даугæй, — гъе, ма йин «иснана» дæн нур ба и лæгъузæн; æ ниййерæг ба æгас ма 'й огæ ба, фал æй æ мади хуæрæ худта нури уæнгæ. Туххæй æй баууæндун кодтон, дууæ мади йин ке ее, обæл. æма
мæхецæн дæр дууебæл нимад æй: кизгæ æма мæ фурт Мисанкæбæл...

II

Е нийнæфтæй, æма арф, æнæиронх гузави фæд сбæл-вурд æй ой цæсгомбæл. Кизгæ ибæл æхе банцъулдта. Е ба йин æ рæсугъд къохæй райсæ-байсæ кодта фæйнердæмæ æ дуси æнхъирдтæ. Кизгæ нигъгъос æй æма кастæй хæрдмæ ой цæсгоммæ, цума омæ дæр Дайрай дзубанди иттæг гъард-та, отæ. Мади багъоедзинадæ арф гъардта зæрдæмæ.
— Уæд кондгин æма зундгин ба куд адтæй! Айдагъ æз æй нæ зæгъун — еугурæй дæр, кадæр æй зудта - дес ибæл кодтонцæ. Кенæ æ сабур, æ адгин цъухи дзурд, кардзудæн ма æнгьизтæй отæ арæхсгæ дзорун, 'ма кардзудæй дæр
зундгин ка уа, омæн... Раст еске ку 'рбацæуидæ 'ма имæ ку байгъосидæ, уæд æ сæр телуни, цит, фæууидæ. Хуцау, дан, аци сабийи баргьоммæ ку рахъæртун кæна — фæййиндзæнæнцæ æ ниййергутæ омæй берæ хортæ. Фал, нур ба... Ху­
цау ци кæна, е хуарз.
Е ниллæг æ сæр æркъолæ кодта æма кизги банцъулдта æ реумæ, цума йин еци рауæн æ рагон цæф гъæнæ иеристæй, ойау...
— Хуцауи дæр гъе уæхæнттæ гъæуй... Берæ 'йбæл фæккудтæн... Кири дæр, уæдта ревæд къæси дæр... Е (æ лæги алкæддæр «е», зæгъгæ, худта) — е уæдæй ардæмæ нæбал æй æхе кеми — базæронд æй, цæстæй фенæхъаурæ 'й... Фур кæунæй... Бонигон адæми 'фсæрмæй æхебæл хуæстæй, æхсæвæ ба, цид, нирдеуагæ кæнидæ... æз дæр кæми лæудтæн — кудтæн æ хæццæ... Гъе, отемæй цудæй нæ цард — кудтан æма гузавæ кодтан. Адæм дæр ма нин дзурдтонцæ:
«Уодæнцой нæ уагътæ уæ сувæллони мæрдти дæр. Цума отæ æнгъезуй?». Фал ци киндæуа — зæрдæ нæ бухсуй... Фондз анзи рацудæй, уæддæр мает ба не 'ронх кæнуй... Еу æхсæ­вæ минги барæхстæн — игъосун, кадæр мед къæсмæ æрбацудæй, исдæн нæдæр æгас, нæдæр мард. «Мисанкæ, мæ зæрддагон! Ду дæ е, æви ци?» Мæ зæрдæ ба гупп-гупп æнуй цæф маргьи зæрдау - раст мæлунбæл исдæн... «æз дæн, зæгьуй, нана. æрцудтæн дæумæ - байгьосæ мæмæ, нæ феронх одзæнæ тæрегьæдгун хъурми, нæ басабур кæндзæнæ дæ зæрди, нæ ратдзæнæ мæнæн дæр уодолæвд æма æнцой, цалæн дæ зæрдæбæл еске ниввæрай...» «Мисанкæ, мæ бæлæу, ке ма ниввæрон мæ зæрди, ду мин ку нæ-бал дæ, мæ зæрдтагон... Дуйней фæууни уæнгæ дæр мæ хъурмæ æз нæ феронх одзæнæн...» Мæхуæдæг кæун, мæ цæнттæй бериндзун, къæси ба неке уинун. Фегьуста мæ е (æ лæг). «Дайра, ке хæццæ, дан, дзæнгæда кæнис?» æз ба йин радзурдтон: «Мæнæ ке хæццæ дзурдтон, Степан Фе-дари фурт». «Ковæ, зæгьуй, Хуцауæн, æвæдзи, тæрегьæд æй отæ?..»
Сæумæ ба имисæн æма унæфтæ кæнæн. æвæдзи, зæгьгæ, енцег райсун гьæуй — гье, ой думæгмæ адтæй Мисанки дзубанди, æндæр нецæмæ. Фиццаг нæмæ куддæр кастæй Ми­санки есдзийнадæ ескæмæн раттун. Уæдта игъауги нæбал адтæй. Айдагь ой хæццæ нæ арази кодтан. Е дзоруй: «Райсун гьæуй биццеу». æз ба 'и гьуди дæр нæ кæнун. Ой, ай-гьай, æнхусгæнæг гьудæй, мæнæн ба Мисанкæ мæ зæрди ку 'рбаф-туйуй, уæд иннæ лæхъуæнтæ мæ цæсти нецибал унцæ. Кæми ма одзæнæй уæхæн, е цæхæн адтæй! Уæдтæ ескеонтæ фуд дзурд æма масти хуасæй æндæр ци 'нцæ?.. Гье, отемæй, хъаугъа æма гузави медæгæ æрвистан нæ бæнттæ».
«Фал уæддæр æрæги-дурæги ба Хуцауи фæрци мæн дзурд исцæй... æвæдзи нин Хуцау Мисанки лигъсти фæрци фæт-тæрегъæд кодта...
Донордæг еу кизгæн сабий райгурдæй... Тæрегьæд æр-хаста, гъи, мæгур, фал гьезæмарæ дæр фæккодта: сæ бинонтæ фиццаг дæр рæвдзæ нæ цардæнцæ — фиди осæ — фиди рун, цæмæй загъдæуй, рагæй дæр адæмæн æмбесонд адтæй, нур ба — ай-ай-ай, мæ Хуцау! Кизгæн ци нæ 'взарун кодта. Фиди осæ ефстагæй æндæр хуарз кæд ра-зиннуй? æргъудигæнгæй фиди осæн кизги лиагьæ асхъодтаг æй. Ой туххæй, æма - фиццаг гьуддагæй — ой æнæ тергадий фæрци æрцæуй кизгæбæл уæхæн цау, дуккаги ба, еуæй-еу кизгæ хæдзари медæгæ цийнæ, рохси цъитæ некæд æвзаруй, æма фæттæргай уй, гье, 'ма лиагьæ дæр отемæй æрхæссуй. Цæргæ адæймагæн æнæ ой кæнæн дæр ци 'йес. Силæстæг тæссонд æй сайунмæ, алли æгæнонбæл дæр баууæндуй. Гье, ма сайд ку фæууй, уæдта кæунтæ, æндæртæ райдайуй, æлгъетуй æ кизгон цард. Нæ сайæг ба æндæри рафæлевунбæл сцурæвæрæ уй. Уæхæн цау æрцу-дæй еци кизгæбæл дæр, мæгур. Низзадæй, - фиди осæ 'й расурдта хæдзарæй... Адæми фæсдуæрттæ æд сувæллон цæрун, ку зони дæхуæдæг, куд æй, ой - ходунцæ ибæл, ал-кæмæй дæр къæндзæстуггин... Тохæн кæнуй, мæгур, тохæн кæнуй, ой уалæнгæ иссæй æма æд сувæллон æхе дони багæлдзунмæ гьавта.
Фал куд Хуцау хуæрзгæнæг, еу осæ ибæл фембалдæй æма йин загьта: «Гъей, мæ хор, Степан æма Дайра сæ фуртбæл иттæг гузавæ кæнунцæ. Бавзарæ дæ сувæллони онæн раттун. Кæд ин, зæгьуй, Хуцау ести стæрхон кодта, уæд еци тæрхон они къохи 'й...»
«Гье, 'ма еу-ба Степан гьæдæмæ рандæй, еунæгæй них-хустæн и 'хсæвæ дæр мæ гузави хæццæ. Хъанæй лæуун, хуссæг ба мæ нæ ахæссуй - сагъæс кæнун. Уæд дин еу стуф мæ гъоси 'рцудæй, цума æндегæй къæсæрмæ кадæр æрбахæццæ 'й, отæ. Нийгъустон: неку 'ма неке. Фал уæдта къæразгæ дууæ хатти æрбахуастæй. Ракастæн къæразгæй — æхсæвæ мæйрохс, ирд, кæрдæгбæл æртæхтæ зиндтæнцæ, æндæ къæразгæ ба - неке... Мæ зæрдæ æрхаудтæй, къæ­разгæй æрбайстон мæхе фарсæрдæмæ. Еу усмæ — уæдта бабæй къæразгæ æрбахуастæй... Кæсун бабæй къæразгæй æма уинун: фарсрæбун еу кадæр тухсæнтæгæнгæ æхе римæхсуй... Тæрхæгбæл мæхе æруагътон. А Хуцау, циавæр æй е? Мæ зæрдæ ба, Мисанки ци 'хсæвæ фæууидтон, ойау гупп-гупп кæнуй. Фестадтæн, дзиуарæ бафтудтон мæхебæл æмадзорун: «Кадæ, циавæр дæ? Кæдхуæрзагдæ, уæд рацо!».
Рацудæй фиццагдæр къæрази комкоммæ нæ гъæуккаг зæронд осæ. «Ма тæрсæ, - зæгъуй, - Дайра, фуд кæнун-мæ не 'рцудан». æ гъæбеси ба къохмæрзæни тугъд сувæл­лон. Хуцау! Фæттар æнцæ мæ цæститæ, фæггурдæнцæ мæ къæхтæ. Мæ къохтæй хуæцун тæрхæгбæл. Мæ зæрдæбæл æрлæудтæй Мисанкæ дæр, гьуди кæнун мæхенимæр: «Цидæр мæбæл цæудзæнæй. Лæгмæ ку цудтæн, уæддæр уæхæн тас нæ бавзурстон».
æрбацудæй нæ осæ къæразгæмæ. «Бауадзæ мæ, — зæ­гъуй, — Дайра». «Цæмæн, — зæгъун, — нур æмбесæхсæви сумах мæ хæдзармæ уадзон?..» Мæхуæдæг ба дуар игон кæнун, æнæ зинг багæнгæй, айдагь рохс кодта мæйæ къæразæй. æрбацудæнцæ медæгмæ, æз ба - нæдæр æгас, нæдæр мард — лæуун кизги размæ, цæветтонгæ, е мæнæн фудæнхæ раттунмæ, кенæ ба мин хатир кæнунмæ æрцудæй, ойау. æфсæрми дæр кодтон, тас дæр ми бацудæй — ку ми рандæуа, зæгъгæ... Сувæллон ба къохмæрзæни тухтæй хуссуй — неци игъосуй. Гъе, 'ма зæронд осæ дзоруй кизгæмæ (сувæллони мадæмæ): «Баковæ, кизгай, дæ зонгутæбæл!..» æркувта кизгæ мæн къæхтæмæ, æривардта су­вæллони, æрибæл хаудтæй æма кæунти фæцæй.
Сиргъувтон æй, æвналун сувæллонмæ æма дувæндæ кæнун: ци кæнон — есон æй æви 'й ма есон? Е ба ибæл хуæцуй æма мæмæ 'й æхуæдæг дæттуй — кæуæн дууемæй дæр. Некæд феронх одзæнæн æз еци мæйрохс æхсæвæ, мæ цирти уæнгæ дæр...
Бонивайæнти рандæнцæ; нихснадтон сувæллони, мæхе хæдонæй ин хæдонæ рампъузтон, сбадтæн æма хезун Сте­пани (Федари фурти). Мæхуæдæг ба тæрсун, мæтæ æма сагъæс мæ зæрди бацудæнцæ: æнæ мæ лæг æй куд рай-стон? Кæсун: æрхъæрдтæй, меддуар фæцæй, — неци имæ дзорун, бадун мæхецæн къелабæл; тæккæ ой усми ба су­вæллон сгъинстæй...
- Е бабæй циавæр æй?
- Хуцау дин, — зæгъун, — сувæллон рарвиста, Степан Федорич...
Еу дзурдæй ин мæнгæдтæ радзурдтон, фал цæмæн, нæ зонун. Огæ, сайгæ дæр еу минутмæ ци расайдзæнæ: хæдо­нæ, загьдау, силæстæги хæдонæ дууемæн конд цума 'й, ой асæ.
Бацудæй цетенæмæ, сувæллони кæми ниввардтон, æр-кæститæ кодта...
— Цæй биццеу æй! Кизгæ ку райстай...
æндæр неци загьта...».
Дайра нигъгъосæй, сабургай ходæзмолтæ кодта Степа­ни имисгæй. Мæ зæрди æрбафтудæй хæдзардзини мургъуз цæсгом æма мæмæ нур ба фæккастæй бергелли æхцулдæр...
- Нана? — сабургай бафарста кизгæ, фендæгæнгæй æ цæсгом ой реуæй.
- Ци кæни, Майра?..
-Еци кизгæ æз адтæн?
-Ду адтæ, гъæла, ду! Цал хатти мæ фæрсис нур. æвзаргæ ба цитæ нæ бакодтон дæ хæццæ, огæ ба.
«Фудхуз, фудцъулуз адтæй, гъема гъæр, цъæхнæгæ кодта бон-сауæй-изæрмæ. Раст си мæ зæрдæ багъигæй. Мæ хъау-рæ нецибал адтæй. «Отемæйти мин, Дайра, ой сæраппонди ингæни амæттаг баодзæнæ, — дзурдта мин Степан берæ хæттæлти. — Тæккæ исон рандæ кæнæ сувæллони æ мадæ­мæ». æз ба, цид, мæхе нигъгъос кæнинæ. «Исонтæ» дæр евгъуйгæ цудæнцæ. Степан дæр æ къох рарæуегъидæ, цид, - ой туххæй ба коммæгæс æй».
æфсинæ багъос æй, сабургай ходæзмолтæгæнгæй.
«Еу зундгин зæронд лæг мин ой фæсте дзурдта: «Су­вæллони нези дин Хуцау æвдиста æ хуарздзинадæ. Еске кизгæ дин нæ раййивтайдæ дæ бæдолæ — фурти, дæ зæрдæбæл ке хастай, дæуæн дæ зæрдæ нæуæгæй ку нæ фæрристайдæ еци кизги 'фсони». Гъе, 'ма, æвæдзи, е раст æй: æз ой ергæ нæ никкодтон, мæ дзидзи мин нæ бададта, фал ибæл цæстисуг ба мæ фагæ фæккалдтон, фæрристæй ибæл мæ зæрдæ дæр. æвæдзи, гъе ой туххæй — еуæй-еу мадæ æхе зæнæги отæ нæ уарзуй, æз мæ енцеги куд уарзун. Еу хатт хуфгæнез сувæллæнттæбæл рацæфстæй. Раси сæй-гæй а дæр. æз, гъæйдæ-гъа, кæунтæ самадтон... «Хуцаути Хуцау! — сагъæс кæнун мæхенимæри, — кæцæй мæмæ æмбурд кæнуй айбæрцæ цæстисуг мæ кизги туххæй, кæ­цæй тæдзунцæ атæ тухгинæй?..»
Е нигъгъос æй... Кизгæбæл ходæзмолтæгæнгæ æхе бан-цъулдта... Фæскъæразæ уаста цидæр изæйрон маргъ. Кизги сæр сугъзæринæй гъæцгæй æма кæбæл байрæгæмæ 'й, еци рæсугъди цæсгом борхузæнгæй - æз æнгъалдтон - дзебæл кодта рандæ унмæ хори фæстаг тунæ.

III

Сæумæ раги, дуккаг бон, хор æнхæст нæма сцудæй гъæ-ди сæрмæ, уæлдон ба ма мегьæ хæлæмултæ кодта, тургъæй мæн ку рахудта Дайра фæндагмæ. æзиниккон будургондмæ рахъæрдтан 'ма фæууидтан Степани. Фиццагау ма хуссигъæлдзгутæй æ цолахъ донибилæмæ тулдта кизги хæц­цæ. Кизгæ мах ку 'ристæфтæй, уæд зменсæбæл сгæпп-гæпп кодта æма æ къохтæй сирдзæф кодта.
— Ракæсай, нана, ракæсай, цæйбæрцæ кæсæлгитæ ниййахæста, бицъотæ, сазантæ, æндæртæ! Кæсгæ-ма ракæнæ!..
Мах хæстæгдæр бацудан. æцæгæй; цолахъи 'хсæн, дони 'вгæди, хизæй æмбарзт, отемæй цъæпцъæпгæнгæ æрттивтонцæ сæ сестæй ставд кæсæлгитæ. Дайра, куддæр æнæбаригæсгæ, ходæзмолæй цолахъмæ никкастæй, уæдта зингæ æхцæуæн хат бакодта æхе Степанæрдæмæ, рæхцунæрвонг огæй цийнæ ка кодта.
- Ходгæ мæбæл кодтайтæ, — загьта е, - æноси дæу дзурд нæ фæууй. æз фæлладæй дин ку дзурдтон: аузти бунæй рацæуйнаг æнцæ — гье, 'ма нур ба сæуæхседбæл рацудæнцæ. æгас дууæ къуæрей ахæссæ нур ба...
- Цæугæ, цæугæ, хусгæ никкæнæ! — загьта Дайра таведзæ хъурæй. — æз æма сæ Майра бафснайдзинан. Ой, цæйбæрцæ ниййахæста, æцæгæй...
Етæ æртемæй рандæнцæ дзæхæратæрдæмæ, æз ба ранæхстæр дæн идарддæр мæ балций фæндагбæл.
Еци бон куддæр æнцон адтæй мæнæн гъæдтон къуру къахнæдтæбæл цæунмæ.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 109 years or less since publication (if applicable).