Дыууæ халоны (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Дыууæ халоны
by Хетæгкаты Къоста


ДЫУУÆ ХАЛОНЫ


Халон халонмæ тæхы,
Халон халонæн зæгъы:
Халон! Цæй–ма, ныр цы хæрæм?
Сихорæн амал цы скæнæм?

Дзуры йæм фæстæмæ халон:
Сихор нын цæттæ у абон, –
Терчы былыл нын, хъæугæрон,
Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон...




This work was published before January 1, 1928, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.