Нæ хуæнхти, нæ бæсти
Нарти гъæу цардæй,
æрветгæ сæ бæнттæ
гъæздуг бæркадæй.
æдзох сæ зарунгъæр
цудæй сæ фæндон,
адтæй син алкæддæр
онæн бæрæгбон.
Еу бон æрбадтæнцæ
нихæси рæнгъæй,
аргъæуттæ кæнунцæ
хестæртæ радæй.
Кæсунцæ Орс хонхмæ —
мегъæ'йбæл бадуй.
Дзорунцæ кæстæртæ:
«Нæ Орси уаруй.
æврагъ æй, æврагъ æй,
арв дæр дзи нæруй».
Зæронд дæр фестадæй,
кæстæртæн зæгъуй:
«Зæронди фæрсетæ, —
мегъæ уæ сайуй,
цауæйнон сикъети
бæрзондбæл маруй.
Гуймани фæйдтайтæ
айсоми цæугæ, —
ку радта не'Фсати —
хуæрдзйан æй бæргæ».
Хæснитæ кæнунцæ
æ хæццæ хинстбæл:
«Зæгъæн, ка фæммулд уа,
æврагъ ес Орсбæл...»
Дзорунцæ йе 'рдхуардмæ:
«Райсæ нин бæрæг!»
Рарветуй æ топмæ, —
рандæуй Дзæуæг.
Ку 'схъæртуй Гуйманмæ, —
Хæрдмæ 'ймæ кæсуй:
хонсарæй цæгатмæ
дзæбедур æхсуй.
Цауæйнон бастадæй,
æ топп исзинг æй.
Дзæбедур цæгатæй
уæддæр нæ киудтæй.
Ку 'скастæй «бонхуарз»-мæ, —
æ топп ниггæлдзуй:
«Ци 'сдзорон ме 'рдхуардмæ?»
Кæуæги фæнзуй.
«Хиццаг нæ минасæ, —
фулдæр мæ фæсмон.
Фесафтон мæ хуасæ, —
æхстон нивисон».
Цæунцæ цæгатмæ
лимæнтæ уæддæр:
«Нийзелæн еу къагъдмæ
додой нин æ сæр».
Хæстæгмæ разиндтæй
дзæбедур æцæг.
æскъуди ниндагъдæй
федар æ сæфтæг.
Нуртæккæ Гуймани
хуæздæр ци гъудæй?
Фенсонуй æ сирди,
райзелуй билæй.
Равардта не 'Фсати —
адгин сæ рæфтад.
Хæссунцæ 'й цæгати, —
хайуантæ... фæснад.
Сау Силам Гуйманмæ
неугæ никкæсуй:
«Ракæсæ де 'мбалмæ, —
байзудта дæ куй».
Уалинмæ Гуймани
фенсонуй Дзæуæг...
Байзадæй адаги
æносмæ нæ лæг.
Расхъиудтæй тæгæрбæл,
фегъустæй æ гъæр:
«Ме 'вдесæн фæууотæ,
хор æма тæгæр!»
Сау куй дæр зæйуатбæл,
урдугмæ гургæ,
нистадæй хецауæн
æ цори бæргæ.
«Уæу-æу-æу, уæу-æу-æу»,–
неуй æ реубæл.
Фæнзунцæ'й къæдзæхтæ:
рохсаг уа йе 'нбал.
Бадунцæ нихæси.
Дзæуæг фæззиндтæй.
«Уардта дзи нæ Орси,
Зæронд фæммулдæй.
Не 'ссердтон Гуймани!
Ецирдиги нæ'й.
Раздахтæн хонсарæй.
Дзæбедур мæн æй.
Февзистон мæ топмæ,
о, мардзæ, цæвæ'й, —
æ фæрци голлагæ
байдзаг æй фидæй».
Сау куй дæр æ фæсте
неугæ фæззиндтæй.
Тонунцæ сæ ростæ
мадæй' ма ностæй.
Ностæн дæр æ фæндæ
раздæр конд адтæй.
Зунд æнцæ æгъдæуттæ, —
анз ин сау даргæ'й.
Ку сеса æ саутæ, —
Дзæуæгмæ цæудзæй.
Уарзони æдæрсгæ
хъуритæ кæндзæй.
Анзи бон ку 'рхъæртуй, —
рохсаг Гуйманæн.
Ресунцæ æ фæрстæ
Мæстæй Силамæн.
Ку скæсуй Дзæуæгмæ —
æ зæрдæ ресуй.
Дзæуæг æнæфсæрмæй
Сæ сæргъи истуй.
Нуртæккæ зæрондæн
æ хæснæ æцæг,
радтуй æ ниуазæн,
райсуй æй Дзæуæг.
Тæгæрæн æ сифæ,
тогæй игъæстæй,
хъалацæн æ хурфи
дунгæй низзилдæй.
Бæгæни хъалаци
хорæй ирадæй.
Сау Силам æзнаги
хуæруй дæндагæй.
Сау куйæй боз æнцæ, —
бæззуй æ дæндаг,
фал ностæ абонмæ
фæцæй тæрхойнаг.