Дугъон (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Дугъон
by Гæдиаты Секъа


ДУГЪОН


Рауай, хорз, рауай, нæ-дугъон!
Хусйары хор дын — хæрынæн,
Хос дын цæттæ — иухурон,
Сау хохы фæз дын — цæрынæн,

Дзæмдзæмы дон' дын — нуазынæн.
Къуыбар зæлдагæй дæ сæрфдзыстæм;
Хохы къæсæртæ дын—хъазынæн,
Де 'хсæвбынат дын мæрздзыстæм...

Дугъæттæй фыддæр бæргæ нæу, —
Йæ разы куы уаид тæгæна,
Дæттиккам ын сырх мæнæу, —
Цæмæй хуырджыны нæ кæла.




This work was published before January 1, 1928, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.