Домбай (Гæдиаты, 1911)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Домбай  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ДОМБАЙ


Æрæмбырд ысты иуран
Фæранк, арсæй, бирæгъæй.
Зæронд домбай къутæры
Хуыссыд, мæгуыр, иунæгæй.

Зыгъарæг дæр сырдтимæ
Фæлæууыди фæндгæнæг:
— Цæй, домбайы фæнæмæм,
Хъыг нæ дары йæхæдæг.

Домбайы дын афсæрстой,
Нæртон над ын ыскодтой.
Зыгъарæджы ассæстой,
Хъуыды дæр æй нæ кодтой.

Сырдтæ иууыл дзæбæхæй
Фæцыдысты фæйнæрдæм.
Зыгъарæг та фæлдæхтæй
Нал улæфыд йæ дзыхæй.

Домбай йæ маст иууылдæр
Зыгъарæгæй ысуагъта.
Нал дзы баззад иу мур дæр,
Фыдджынау æй ыскарста.

Афтæ, мæ хур, тыхджынæй
Дæхи хъахъхъæн мæллæгæй,
Кæннæуæдæ цытджынæй
Баззайдзынæ хаерæгæй.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse