Домбай (Гæдиаты, 1905)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Домбай  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ДОМБАЙ


Домбай нал уыд йæ сæрæн,
Базæронд и, ныммæллæг,
Æрымысыд хуыздæрæн:
Рынчын, дам, дæн мæхæдæг!

— Базæронд дæн, мæ хуртæ,
Фæрынчын дæн мæ низæй.
Сафтид ысты мæ дуртæ,
Фæхъадæджын дæн мæ исæй,

Æрбацæут мæм, сырдтæ,
Арсæй, бирæгъæй, сагæй,
Фехъусут мын мæ дзырдтæ,
Бафæрсут мæ мæ уагæй.

Рагæй сæйын мæ хуынчъы,
Дзурын зынæй фæразын,
Сæвæрут мын мæ бичъы, —
Кæд ма уемæ фæхъазин.

Бирæгъ æм бауад раздæр,
Домбай дæр йæхи систа,
Домбайы цæф фæраздæр, —
Бирæгъ уым йæ уд систа...

Сырдты иугай фæсайдта
Зæронд домбай йæхимæ,
Хурхæй-иу сæ ныммардта,
Фæлывта сæ йæ хинæй.

Рувас домбаймæ касти
Иу къуыбырæй хæстæгмæ.
Домбай дæр дын ныффæлдæхт
Йæ иу фарсыл цæхгæрмæ.

— Бафæрс мæ, рауаи, рувас,
Рынчын дын дæн, фæмæлын!
Цы дын ракодтон уыйас, —
Æз дæ уындмæ куы бæллын.

— Мæрдтæм фæдау, мидæмæ
Æддæмæ дæ цæуæг нæй,
Куы мæм дзурай фидæнмæ,—
Мæнæн дæумæ цæуæн нæй.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse