Дзул æмæ сæн (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Дзул æмæ сæн  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ДЗУЛ ÆМÆ СÆН


Сæн афтæ зæгъы: «Кæн мыл фыдæбон, —
Æнæ мæн нæ бæззы ницæй бæрæгбон,
Æз къуымых кæнын æхсаргарды ком,
Знæгты скæнын, мад-фыртау, æнгом».

Дзул афтæ зæгъы сæнæн:
«Æнæ мæн лæгæн нæй цæрæн;
Ды йын дæ æрмæст цæлæн,
Дæ бирæ нызт у уымæн кæлæн».

Сæн афтæ зæгъы: «Уæ, гормон, дзул!
Де 'фсир ныкъкъули иуæрдæм зул,
Мæныл дæр æрвæсс, æз дæр дæн къул, —
Æмхуызон мæм кæсы фæз æмæ къул.

Дзул афтæ зæгъы: «Стæм дыууæ 'мгары,
Фæлæ дæ фæдыл лæг зонд нæ ары,
Де стыр зæрдæйæ къулхудæй зары,
Дæ риуыгътытæ йын йæ уæнгтæ мары».



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse