Габо (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Габо  (1942) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1942, Рауагъ аз: 1942. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Габо

Байон... Ахуыргæнæджы иууылдæр хуыдтой афтæ... Байон æрхоста линейкæ партæйыл:

— Хетагуров! Габо! Æнæ ныхасгæнгæ нæ лæууыс! Асурдзынæн дæ къласæй. Дæу дæр, Бурийы дæр.

Дыууæ лæппуйы сæ хъус-хъусæй ныхас фæурæдтой æмæ, цыма ницы уыдысты, уыйау ахуыргæнæгмæ хъусæг сæхи акодтой. Фæлæ цæй хъуыст? Уайтагъд та-иу сæ сæртæ кæрæдзимæ бахæстæг кодтой æмæ та-иу райдыдтой дзурын.

Ахуыргæнæг линейкæйæ стъолыл æрæнцой кодта, тызмæг каст бакодта дыууæ лæппумæ æмæ загъта:

— Хъыгдарут. Сымах абон ахуыр кæныныл не стут æмæ цæугæут уæ хæдзæрттæм. Зонут, æмæ ма дарддæр афтæ куы кæнат, уæд уæ иудадзыгдæр асурдзынæн скъолайæ.

Габо — къæсхуыр, саулагъз лæппу, 11–12-азыккон, цыма йын ахуыргæнæджы тæрхон тынг хъыг уыд, уый хуызæн æнкъардæй сыстад æмæ сæргуыбырæй араст ис дуары ’рдæм. Йæ фæдыл цыди иннæ лæппу дæр, — хæрз æнкъард та уый зынди. Уый уыди Габойæ бæрзонддæр æмæ уæнгджындæр, — цыдаид ыл æртындæс азы, бурхил кæй уыди, уый тыххæй йæ хуыдтой Бури.

— Адонæй ницы рацæудзæн, — загъта ахуыргæнæг, лæппутæ дуары æддейы куы фесты, уæд, — тынгдæр зæгъын Хетæджы-фырт Габойæ, уый у зивæггæнаг, фыдуаг митæм та — æмхиц.

Сыстад-иу лæппу йæ бынатæй, йæ цæсгом æлхынцъытæ кæнгæйæ, сдзырдта:

— Мæ сæр тъæппытæ хауы, ауадз мæ нæхимæ.

— Æфсон нæ кæныс, Дзанайы-фырт?

— Æппындæр нæ.

— Цæугæ!

Лæппу тагъдгомау ацыди къласæй. Куыддæр дуары æдде фæци, афтæ асырдта иннæ дыууæйы æмæ йæхи се ’хсæн фæкодта.

— Цом уæдæ? — фæрсы сæ.

— Цом, уæдæ цы кæнæм! — сдзырдтой иннæтæ иумæ.

Габо загъта:

— Æз мæ къухтыл хæцъилтæ стухдзынæн, кæннод мын басудздзысты.

— Мæн ахæмтæй ницы хъæуы,— загъта Бури.— Мæ хъуыддаг хицæн у. Æз галы дæр афæлдахдзынæн.

Габо баздæхти Дзанайы-фыртмæ:

— Дæ хъуыддаг та у æрмæст фæд сафын. Æргом рæтты-иу лидз, куыд дæ уыной, афтæ. Æййафгæ та дæ уæвгæ нæ бакæндзысты.

— Сымах сарæхсут, уыййеддæмæ æз мæ хъуыддаг хорз сæххæст кæндзынæн, — загъта Дзанайы-фырт.

Уыцы ныхæстыл æртæ лæппуйы фæхицæн сты.

Уыд фæсахсæвæр афон. Мæй нæ касти, фæлæ стъалытæ арвы къуырфыл æнæрæнцойæ тыбар-тыбур кодтой, æмæ æхсæв тынг талынг нæ уыди. Цымийы хъæу уыди æнцад, æвæццæгæн, цæрджытæн сæ фылдæр схуыссыдысты, куыйтæн дæр сæ хъустыл тасдзинад никæцæй уади æмæ сæ хуыссæнты фæлдæхтытæй лæууыдысты. Афтæ уыди, фæлæ хъæуæн йæ уæллаг кæронмæ куы ссыдаис, уæд дзы иу ныллæг хæдзарæй айхъуыстаис хъæлдзæг ныхас, хаттæй-хатт-иу ныхас фæмынæг уыдаид æмæ дзы хъуыстаид зард.

Дæу нæ фæнды уырдæм бацæуын æмæ дæхи равдисын, фæлæ дæ фæнды базонын, цы ис уыцы хæдзары. Ды ссардтай гамхуд æмæ бакастæ дуарæй, хæдзары дуарæй нæ — хæдзары устытæ хæринаг кæнынц, æндæр дзы ницы ис — ды бакастæ, тыргъы æддейы цы стыр уат ис, уырдæм.

Уæртæ иу-æртын лæджы, — æппæты рæбынæй хистæртæ, иннæтæй чи куыд кæстæр у, афтæ бады дæлдæр. Æртæ лæппуйы дзы ис уырдыгыстджытæ, уыдон дæттынц бадджытæн, æгъдаумæ гæсгæ, арахъ, бæгæны. Хаттæй-хатт хæдзарæй æрбадæттынц исты ног хæринæгтæ æмæ сæ уæд уырдыгыстджытæ райсынц æмæ æрæвæрдтытæ кæнынц бадджыты раз. Бадджытæ сты хъæлдзæг — куыд нæ уой хъæлдзæг, уый у чындзæхсæв, зарынц, гаджидæуттæ уадзынц ног лæг æмæ усы цæрæнбоны тыххæй, авд лæппуйы æмæ сын иу цъæх чызг куыд райгуыра, уый тыххæй!

Уалынмæ нæ разы фегуырдысты дыууæ лæппуйы 12–13-азыккæттæ. Уыдон лæууыдысты кæрты, æхсæвы талынджы, хæдзары рудзынгæй мидæмæ кастысты æмæ ныр ам, талынг тыргъы, къуымы амбæхстысты. Ды сæ уыныс. Уыдон дæ нæ уынынц. Иу ус рахызти хæдзары къæсæрæй — йæ къухты тæбæгъ цæрвджын уæливыхтимæ, йæ фæдыл рахызти дыккаг ус — йæ къухты тæбæгъ тæфкалгæ фыдджынтимæ.

Дыууæ лæппуйæ стырдæр фесхуыста раззаг усы, йæ къухтæй йын тæбæгъ атыдта æмæ æхсæвы талынджы аныгъуылдысты. Къаннæгдæр лæппу, æвæццæгæн, йæ ныфс нæ бахаста дыккаг усæн йæ тæбæгъ байсынмæ æмæ фыдджынтæ, куыд уыдысты кæрæдзи уæлæ æвæрд, афтæ сæ тæбæгъæй фелвæста хæцъилтæй тыхт къухтæй æмæ сæ уæртæ фæхæссы æхсæвы талынджы. Сæ иу рахизæрдæм ауади, иннæ галиуæрдæм. Уыцы минут хæдзары дуары раз фегуырд æртыккаг лæппу æмæ уæртæ фæлидзы. Уыцы лæппуйы фæдыл æфтыд фæци, уынæрмæ цы уырдыгыстæг рауади, уый, фæлæ марадз æмæ йæ баййаф, æгас скъолайы Дзанайы-фыртæй уайагдæр нæ уыд.

Уыдон уыдысты, знон фæндтæ чи кодта, уыцы æртæ лæппуйы. Ды сын дæхинымæры загътай: «Молодецтæ», «молодецтæ» сын загътой бадджытæй дæр чидæртæ. «Гъæй-джиди, æз дæр ма уыдон цахъхъæн куы уаин, уæд æз дæр афтæ бакæнин», — дзырдтой уыцы чидæртæ сæхинымæры. Ахæм фыдуаг митæ фидыдтой æрмæст къаннæг лæппутыл æмæ уыцы рæстæджы. Ныр уыдон æгъдауы нал сты, нал фидауынц.

Лидзæг лæппуйы цы уырдыгыстæг асырдта, уый ницæимæ фæстæмæ куы раздæхт, æмæ та бæстæ куы ’рæдзæм ис, уæд æртæ лæппуйы кæрæдзиуыл фембæлдысты æмæ хорз минас фæкодтой. Уæлдай хæринæгтæ бавæрдтой æмæ дзы райсомæй скъолайы мидæг сæ иннæ æмбæлтты дæр хорз федтой.

Ахуыргæнæг Байон бирæтау хус ахуыргæнæг нæ уыди. Æвдæлон рæстæджы уый арæзта ахуыргæнинæгтимæ беседæтæ, сывæллæтты-иу ерысæй хъæбысæй хæцын кодта, дугъы сæ-иу уайын кодта æмæ ноджы æндæр ахæмтæ. Уыцы бон ахуыргæнæг расидти, зæгъгæ, стыр переменæйы рæстæджы уыдзæни дугъ призтимæ. Мæйы дæргъы-иу ахæм дугътæ уыди дыууæ-æртæ хатты. Иу рауадæн-иу дугъы уадысты дæс лæппуйы. Ацы хатт дугъæттимæ фесты Габо æмæ Дзанайы-фырт дæр. Фыццаг ауайгæйæ, дугъæттæ згъордтой гуппарæй, стæй кæрæдзи фæдыл адаргъ сты. Хетæгкаты Габо æнæнхъæлæджы аиртæст иннæтæй æмæ суанг финишы онг йæ бынат никæмæнуал ратта. Йæ фæстæ дыккаг æрцыди Дзанайы-фырт. Ахуыргæнæг æрхоста Габойæн йæ уæхск æмæ загъта:

— Молодец, Габо! Ды хъуамæ ахуыры хъуыддаджы дæр фæстейы мауал зайай.

Габо райста фыццаг приз — дæс тетрады æмæ, цингæнгæ, азгъордта къласмæ.

Ахуыры хъуыддаджы Габо хуыздæр ницæмæй кодта, зивæггæнаджы ном йæ рагъæй нæ хаудта, фæлæ та чысыл фæстæдæр фесгуыхти æндæр хъуыддаджы.

Иу къорд лæппутæ сæхи надтой, Нарыдон Арыдонимæ кæм баиу вæййынц, уымæ хæстæг. Æнтæф рæстæг уыди, æмæ лæппутæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн хъарм доны раленк-баленк кодтой.

Иучысыл лæппу, ленк кæнын хорз чи нæ зыдта, ахæм баирвæзти арф ранмæ æмæ ныгъуылын байдыдта. Иннæ лæппутæй чидæртæ сæ дарæстæ фелвæстой æмæ лидзæг фесты, чидæртæ та кæсгæйæ баззадысты æнамонд чысыл лæппумæ. Æвиппайды Габойы цæстытæ арвы ферттывдау цæхæртæ акалдтой, баппæрста йæхи, лæппу ма кæм фæзын-фæзын кодта, уырдæм, галиу къухæй йæ фесхуыста уæлæмæ, йæ сæр ын схъил кодта, йæ дзых гом куыд уыдаид, афтæ æмæ йæ уæртæ раласы. Иу минут тас уыди, сæ дыууæ дæр доны бын куы фæуой, уымæй. Габо йæхæдæг дæр тарсти уымæй, уый бæрæг уыди йæ дзагъыр цæстытæй. Иннæ лæппутæн сæ улæфт банцад, афтæмæй йæм кастысты. Уалынмæ былмæ рахæццæ ис æмæ лæппуйы зæхмæ æруагъта. Цавæрдæр диссагæй лæппуйы дзых разынди сыгъдæг, — дон дзы нæ бакалд, æмæ хъуыддаг æрмæст тарстыл ахицæн ис. Лидзæг лæппутæ дæр фæстæмæ раздæхтысты æмæ сæ дарæс æнцойæ сæ уæлæ кодтой.

Дис кодтой иууылдæр Габойыл. Уый уыди тæнтъихæг арæзт, æмæ йæм ахæм тых, ахæм ныфс разынын æнхъæл ничи уыд.

Æгас хъæу дæр уайтагъд базыдтой уыцы хабар æмæ бузныг уыдысты Габойæ. Уæлдай бузныг дзы уыдысты лæппуйы мад æмæ фыд. Лæппуйы мад хуынимæ æрцыди Габойы мадмæ æмæ, цæссыгтæ калгæйæ, арфæтæ æмæ хъæбыстæ фæкодта Габойæн.

Дыккаг бон ын ахуыргæнæг загъта:

— Нæ дæ ныууадздзынæн, хъуамæ ды байдайай хорз ахуыр кæнын!

Ацы хатт ахуыргæнæджы фæндон сæххæст ис — Габойæн йæ ахуыры хъуыддаг зынгæ хуыздæр кæнын байдыдта, æмæ йе ’мбæлттимæ хъæууон скъола хорз каст фæци.

Сæрды кæроны Габо ацыди горæтмæ. Уырдыгæй иу къорд рæстæджы фæстæ æрбайхъуысти, Габо, дам, реалон скъоламæ бацыди. Аивгъуыдтаид æртæ азы бæрц, афтæ та æрбайхъуысти, Габо, дам, Уæрæсемæ ацыди.

1941-æм азы, фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд советон адæм иууылдæр тынг æнувыдæй хъуыстой фронты хабæрттæм. Цымийы ног ахуыргæнджытæй иу бадти скъолайы дуармæ, папирос дымдта æмæ фæкæс-фæкæс кодта, постхæссæг-иу кæцæй фæзынди, уыцырдæм, фæндыди йæ тагъддæр ног хабæрттæ базонын. Бирæ йæ бахъуыди æнхъæлмæ кæсын æмæ сфæлмæцыди. Уалынмæ уынджы тигъæй æрбазынди постхæссæг Тома, йæ цæсгом рухс, мидбылты худы.

— Цæй хъæлдзæг дæ абон, Тома?

— Хъæлдзæггаг ис газеты æмæ уымæн дæн хъæлдзæг.

— Зæгъ, цавæр у!

— Нæ зæгъдзынæн. Дæхæдæг æй бакæсдзынæ. — Афтæмæй ацыди Тома.

Кæсы ахуыргæнæг газет æмæ æвиппайды фестади йæ бадæнæй, фестади æмæ рауай-бауай кæны, рауай-бауай кæны æмæ дзуры:

— Мæнæ диссаг! Мæнæ стыр диссаг! Уал æмæ уал азы йæ кой йæ хъæр куы никæцæй хъуысти!

Йæ фатеры дуар ахгæдта æмæ тагъд къахдзæфæй араст ис хъæуы уынгты. Йæ ных сарæзта Хетæгкаты хæдзары ’рдæм. Фыртагъдæй дзы йæ лæдзæг райсын дæр ферох ис, æмæ йæм ныр стыр гæрæм куыдз куы рагæпп кодта, уæд æй цæмæй баиргъæвтаид, уый нæ уыди. Газет дардта галиу къухы, рахизæй та-иу зæхмæ фæлæбурдта, цыма куыдзыл дур цæвынмæ хъавыди, уыйау, афтæмæй йæ йæхимæ не ’рбауагъта, цалынмæ йæм фысым йæхæдæг хæццæ кодта, уæдмæ. Ахуыргæнæг, газет тилгæйæ, загъта:

— Дæ фырт Габо удæгас æмæ æнæниз у, цытджын лæг сси, йæ хæстон стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй йын советон хицауад ратта генерал-майоры цин.

— Уæ, стыр хорз дыл æрцæуа!.. Мидæмæ... мидæмæ рацу. Уæртæ нæ зæронд æфсинæн йæ цæстытæ кæуынæй куы бахуыскъ сты. Мах æй рагæй куынæуал федтам! Ныр генерал-майор!

Бацыдысты мидæмæ.

— Уæ, не ’фсин, цины хабар нын æрбахаста ахуыргæнæг. Зæронд ус сыстади сæ размæ.

— Нæ зонын, цæй цины хабар мыл сæмбæлдзæн!

Ахуыргæнæг та газет бæрзонд систа.

— Дæ фырт Габо æнæниз, удæгас у. Йæ хæстон стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй йын советон хицауад ратта генерал-майоры цин. Мæнæ ацы газеты фыст ис уый.

Усæн йæ цæссыгтæ фемæхстысты æмæ къорд рæстæджы сдзурын ницы фæрæзта.

Æппын æрæджиау къуыхцгæйæ сдзырдта:

— Уæ, стыр хорз дыл æрцæуа, махæн уый чи фехъусын кодта... Габо... Габо... мæ лæппу! Уæдæ мын удæгас æмæ æнæниз у! Æмæ ноджы генерал-майор!.. Куывд, нæ лæг, куывд!

Æмæ та йæ цины цæссыгтæ фемæхстысты.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 81 years or less since publication (if applicable).