Всати (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Всати  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ВСАТИ


Бирæйы фæфæнды
Райсомæй хуыссын...
Хур æркаст... нывæнды
Хохæй хохмæ тын...

Комæй коммæ хъазгæ,
Царды хос хæссы...
Цард тындзы йæ размæ...
Всати ма хуыссы...

Всатийæ зæронддæр
Дауджытæм кæм и? –
Хæхтæй дæр бæрзонддæр
Чиу, уый йæ фæци.

Мит лæджы цæст сайы, –
Схиз æм, уæд – ныхас! –
Раст йæ астæу зайы
Стыр нæзыбæлас;

Дон кæлы йæ рæзты
Урс æхсæрдзæнтæй;
Цъититæ йæ фæрсты
Бадынц их–зæйтæй.

Фалæрдæм лæбырынц
Сау дуры цæндтæ;
Тар хъæдæй нæ зынынц
Арф, уынгæг кæмттæ...

Урсурсид дзæгъгъатæй
Бандæттæ, тæрхæг;
Саджы урс сыкъатæй
Всатийæн – сынтæг...

Арсы хъуын – йæ лыстæн,
Тинтычъи – йæ баз...
Цæй, хуыссæд! – йæ куыстæн
Сæфынæй нæу тас...

Авд лæппуйы зилынц
Всатийы алфарс,
Залмы сыфтæ тилынц, –
Бындз нæ уадзынц 'ввахс.

Иннæ авд æддæдæр
Аходæн фыцынц...
Физонæг фæхъæбæр,
Фæхсынтæ нæрсынц...

– Оф, оф! – загъта Всати, –
Арв кæмдæр нæры...
Рахъил, дурыл сбадти...
Аходæнхæры...

Комæй, чидæр зары...
Всати 'хсыны агъд...
– Чи та нæ хъыгдары?
Акæсут-ма тагъд!

Дарддзæст лæппу араст
Айнæджы былмæ,
Къухаууонæй акаст
Сау комы бынмæ...

– Федтон, – загъта, – диссаг:
Комынарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..

Топп — йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ...
Исты цын хæринаг
К'уаид уал цæттæ!.. –

– Гъе, 'рра! – Всати загъта, –
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæ мæгуыртæй;

Ауадз цæ йæхимæ! –
Уый та цæ хынцдзæн,
Давæггаг фыдимæ
Карз арахъхъ дæддзæн!..

Бирæ нал уыд хурæй...
Зарынц та кæмдæр...
Дарддзæст лæппу дурæй
Акаст та ныр дæр...

Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл...

– О, уæрæйдæ, Всати!
Ракæс, рафæлгæс,
Бæрзондæй ныллæгмæ
Хорз нæ бафæдзæхс!

Мах – дæуазæг, Всати,
Ды – нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс!..

Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст...

– Гъе, ныр, гъе, нæхион, –
Разын ныр рæдау!
Аскъæр цыл нæ сион,
Хорз цæ фен, лæгау.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.