Тахтæй, дууехгæнгæ арви тар,
Уесойнæбæл буркудзау;
Зардта къæдзæ 'взагæй Нарти зар
Хъури гъæрбæл æнæ 'вгъау.
Мин минемæй æ фалæнбулай
Хъозæнттæ: ка ши — тæбæгъи,
Ка — тохонабæл æнæхъулай,
Ка — дæргъæмæй бæлæгъи,
Ка ши джиуарбадт — саст шебури,
Ка — фæшти, ка — мæтæжей
Фæрсаг кодтонцæ сæ тæхуни, —
Æнсудтитæй кæрæджей.
Уæд ше 'стуфмæ хуæнхтæ,
будуртæ, Сау гъæди мæри рæубес,
Балиртæ, ниууадзгæй сæ дуртæ,
Кодтонцæ йеумæ сæ дес.
Ирд, сурх жинг кондау, æвзалутæ,
Æнæ нимæдзæ бæрцæй,
Арвæй йи мæйæ 'ма стъалутæ
Кастæнцæ сæмæ хицæй.
Сæ даргъ нади, Æрфæни фæди,
Багьудæй сæ уолæфун,
Уомæй мегърæбун сæ мин сæди
Бабадтæнцæ æнæсум.
— «О, ме 'нсувæртæ, о, мæ хуæртæ, —
Уæд йеу райдæдта дзорун, —
Ракæшетæ, нæ цори уæртæ
Æ рохс æхшедуй бонæн!
Гъæуй мæйи бакæнун аууон, —
Ма фæууинæд нæ маке —
Рæхгидæр имæ тæхæд фарон,
Хезун ма кæнæд æхе!»
Гъе уæд, дзурди ушми, бидтирбæл,
Райсгæй сау уг идадзæй,
Зæронд лæг, сау мегъæ — æ хъæппæл,
Тагъд истахтæй сæ разæй.
Уæд ниджджиназта æ тæхуни,
Хъæбæр нирризтæй къæхæн,
Фестъæлфтæй хусгæй лæг æ фуни,
Сцудæй æ тулфæ зæнхæн...
Кæми фæжжиннидæ, цæргæсау,
Мæйи цормæ нæ бæлццон,
Кæми 'й бакæнидæ сатæг-сау
Æ сау хъæппæлæй æнцон.
Уотемæй æй, сайгæ, арæхсгай,
Йеу бакодта æ гъæбес;
Иннетæ уой ушми сосæггай
Рæнгъæй тахтæнцæ æмбес.
Бахъæрттæнцæ еу хонхи 'ндзæрмæ,
Сæ хъал зартæй рæвдудæй,
Ка 'дтæй тахт æ сæрæй æ бунмæ
Фуцъулуз 'ма рæсугъдæй.
Уоми сæ минтæ кæрæджебæл,
Æнсувæртау йигурдæй,
Нæ кæнгæй сæхебæл æгæр джебæл,
Идзулдæнцæ æмбурдæй.
Уой фæштей скодтонцæ ше 'уæрчи
Йи рæсугъд 'ма фуцъулуз,
Фал цæфтæ æрцудæй уой дæргъчи,
Æнæхатир фудлæгъуз:
Хъæжин топпитæ — сæ фæсонти,
Уаджимисаг — сæ хуæцун,
Æзнаг, фудгол, 'ма сæхеуонти
Гъе уæд кодтонцæ фæлмæцун.
Уой фæштей алке ши фæстæмæ,
Ка — цæфæй, ка — æнæцæф,
Ка — хæсгæй хъал анз æ бæстæмæ,
Тагъд цудæнцæ æнæсум...
Æрхастонцæ сæ джиллитæн:
Ка — æхшнирсæг 'ма хуфæг,
Ка ши — нард æфшерæ сæ хумтæн,
Ка — хъал фæззæг 'ма зуст зумæг.