Бурдым æмæ булæмæргъ (Гæдиаты)
Appearance
Бурдым æмæ булæмæргъ
Уастæрджитæ, уасхотæ, уастутыртæ æрæмбырд сты Уасы къуыппыл æмæ зарыдысты.
Бурдым æмæ сæм булæмæргъ дæр ахуырмæ бацыдысты. Бурдым бафынæй, хæмпæлы схуыссыд. Булæмæргъ сæм хъуыста, хæстæг сæм ссыд. Æхсæвбонмæ фæзарыдысты дауджытæ. Булæмæргъ сахуыр уыдоныл хорз зарджытæ.
Боныцъæхæй сугдзау хъæдмæ фæцæйцыд æмæ хæрæгыл фæхъæр кодта, гокыс, зæгъгæ. Бурдым хъæрæй фехъал æмæ ма æрмæст сугдзауы хъæр фехъуыста æмæ уый сахуыр. Куы нæ бафынæй уыдаид, уæд уый дæр, булæмæргъау, дауджыты зарджытæ базыдтаид.
Ныр бурдым гокыс-гокыс кæны, булæмæргъ — дауджыты зарджытæ зары.
This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago. |