А-лол-лай! (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
А-лол-лай!  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


А–ЛОЛ–ЛАЙ!


Къух дæ ауызын фæразы...
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
     Стыр лæг мын ысуай!..
          А–лол–лай!..

Ракæндзынæн дын мæ зарæг...
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
     Урс уæрыкк дын уон!..
          О, мæ бон!..

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн...
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
     Сау хæххон куыстæй...
          Ахуысс,цæй!..

Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
     Бирæ мын цæрай!..
          А–лол–лай!..

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,
Къахис митбынæй мæхъитæ,
     Стонг æмæ сыдæй...
          Ахуысс, цæй!..
     
Сугтæ мын хæссис æргъомæй...
Бадзурин дæм уæд æргомæй:
     Мады зæрдæ зон,
          О, мæ бон!..

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,
     Ма цæ бафæллай!..
          А–лол–лай!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse