Ацин кодтой (Коцойты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ацин кодтой  (1912) 
by Коцойты Арсен
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Коцойты А.Б. Уацмыстæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.
Ацин кодтой

(Радзырд Фæскавказы зæхкусджыты цардæй)

Тедо цæуы иу лæдзæджы æнцой, Пидо та æнæ дыууæ лæдзæджы къахдзæф дæр нæ кæны.

Зæронд лæгтæ цæрынц фæрсæй-фæрстæм чысылæй фæстæмæ... Сæ фыдæлтæ, чи зоны, сæхи ныййарджытæ дæр, раздæр цардысты кæмдæр хæхты фæстæ, сæ цæгатварсырдыгæй.

Хистæрты ныхæстæй зонынц, кæддæр, тынг раджы, æфцæджы фæстæ хæххон адæм кæрæдзи куы цагътой, мыггаг мыггаджы ныхмæ куы стад, алы хъæу дæр хæстон фидары хуызæн куы уыд, йæ кæрæтты бæрзонд мæсгуытæ, афтæмæй, — уæд бирæтæ ралыгъдысты ардæм, Гуырдзыстонмæ... Ам æрцардысты, сабыр цардмæ чи бæллыд, кæнæ йæ туджджынтæй чи лыгъд, ахæмтæ. Æрбынат кодтой гуырдзыйы æлдæртты зæххытыл æмæ сæрибар адæм систы хъазайраг зæхкусджытæ — хизантæ33.

Скодтой бирæ хъæутæ. Æлдæрттæ сын лæвæрдтой æнæпайда зæххытæ — æрхытæ, змисбынтæ, гæмæх бынæттæ, къæдзæхтæ — æмæ сын дзырдтой: «Мæнæ уын зæхх, кæд уæ зæрдæмæ цæуы, уæд ыл æрынцайут, цæрут ыл, æмæ уый хыгъдмæ фидут уыйбæрц æмæ уыйбæрц, уыдзæн уыл ахæм æмæ ахæм хæстæ».

Тедо æмæ Пидо хорз зонынц, ахæм ран æрбынат кæнын цы у, уый!.. Искуы къæйфарс лæбырдыл хъавыс хуымзæхх скæнынмæ... Æргъомæй йæм сыджыт хæссыс, хæссыс æй тынг дардæй. Кусыс, дæ хид калыс мæй, дыууæ мæйы, зæгъыс, срæвдз и. Йæ кæрæтты йын садзыс дуртæ, къæйтæ, цæмæй йæ сыджыт ма ралæбыра, уый тыххæй. Иу райсом ацыдтæ дæ хуыммæ, кæсыс æмæ йæ бынаты уыныс афтид къæдзæх: æхсæвы йæ ныхсадта къæвдайы дон... Райдай та ногæй, фæлæ та уарын дæр йæ куыст бакæндзæн...

Зæронд лæгты царды уыди рухс бонтæ дæр. Раджы, æрыгæттæ ма куы уыдысты, уæд æрцыд ахæм хабар, зæгъгæ, адæм нал уыдзысты æлдæртты дæлбар, уыдзæн сын сæхи зæхх æмæ йын нæ хъæудзæн хъалон фидын. Куыд цин кодтой уæд Пидо æмæ Тедо! Цин кодтой æппæт хизантæ дæр... Фæлæ дзæгъæлы. Суæгъд кодтой быдыры цæрæг зæхкусджыты, раттой сын зæхх дæр... Хизантæ та... куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты. Æрæджы дæр ма, иу æхсæз-авд азы размæ, фæсивæд цæуылдæр æууæндыдысты, кафыдысты фырцинæй.

— Ныууадзут, — дзырдтой сын зæрæдтæ, — ницæмæн хъæуы дзæгъæлы дзæнгæда! Нæ хъæуы знæт кæнын! Куыд уыди, афтæ уыдзæн!

Уæддæр та зæрæдты зæрдæтæм ныккаст ныфсы дыдзырухс... фæлæ та дзы ницы рауад. Æмæ сæ къух ауыгътой алцæуыл дæр, фæсивæды ныхæстæм хъусгæ дæр нал кодтой... «Куыд уыди, афтæ уыдзæн» — алыг кодтой зæрæдтæ, ныууагътой æппæт хъуыддæгтæ дæр æмæ афтæмæй цыбыр кодтой сæ бонтæ.

Тедо йæ хæдзары раз йæхицæн бадæн скодта хъæды лыггагæй, Пидо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй.

Райсомæй изæрмæ сæ рæстæг æрвитынц иумæ. Кæд Тедо рацæуы раздæр йæ бынатмæ, уæд æй Пидо дардæй ауыны, йæхи йæм баласы сындæггай æмæ йæ фарсмæ йæхи æруадзы истæй æнцой. Кæд æмæ Пидо фæзыны раздæр йæ бынаты, уæд æм йæхи байсы Тедо æмæ йæ фарсмæ æрынцайы.

— Цæй куыд, зæронд, куыд бафынæй дæ? — райдайы сæ иу. — Æхсæнчъытæ дæ тынг хъыгдардтой?

— Мæ хур акæн!.. Суанг кæркуасæнтæм нæ бафынæй дæн, æрцъынд мæ нæ бауагътой, хæрæджы сæр бахæрой.

— Уæдæ мæн дæр нæ бауагътой фынæй кæнын, раст куыйтау хæцыдысты.

Тедо ма хаттæй-хатт бафтауы:

— Æмæ куыд æмбисонды рæвдз сты æхсæнчъытæ, æрцахсдзынæ йæ, уый йæхи радав-бадав сисдзæн, архайдзæн йæхи фæтылиф кæныныл!..

— Гъе, æмæ куыд, аирвæзынц дын?

— Аирвæзы дзы.

— Мæнæй дзы бæргæ нæ аирвæздзæн, æз сын базонын кодтон, Пидо чи у, уый!

Уыйфæстæ сæ ныхас рахизы æндæр истæмæ. Кæд сæ исчи фын фены æмæ йæ бадары йæ зæрдыл, уæд æй рахабар кæны.

Ныхасы рæстæджы Тедо сисы сурдымæн æмæ дымы, уадзы фæздæджы къуыбылæйттæ. Пидо та тамако æууилы. Сæ ныхас фæтынгдæр вæййы, исчи сæ æлдар Леуан Батуридзейы куы ’рымысы, уæд. Пидо уый цардæй зоны иу æмбисонды хабар æмæ йæ арæх ракой кæны йæ хæларæн, уый дæр æм æдзух фæхъусы уыцы цымыдисæй.

— Æлдар Леуан уыд уазæгуаты паддзахмæ, — райдайы Пидо.

— Уый Леуан нæ уыд, фæлæ Луарсаб уыд, — нæ разы кæны Тедо.

— Нæ, уый æнæмæнг Леуан уыди... Цавæрдæр фæсарæйнаг ралæвар кодта паддзахæн цъæтджын сызгъæрин уæрдон æртæ бæхимæ. Паддзахы зæрдæмæ фæцыди уæрдон æмæ дзы афæнд кодта абадын, фæлæ йæ Леуан фæурæдта: «Паддзах, ма дзы сбад, раздæр уал æй авзарæм!»

Паддзах æлдармæ байхъуыста æмæ фæсарæйнагæн йæхи сбадын кодта уæрдоны. Уый йæ сæр бæргæ нынкъуыста, фæлæ йын цы хос уыд, паддзахы фæнд тыхджын у. Сбадт уæрдоны æмæ бæхтæ фезмæлыдысты, тахтысты дымгæйау. Уалынмæ уæрдон ныггуыпп кодта... цыма арв ныннæрыд! Уæрдон бæхтæ æмæ тæрæгимæ хæрдмæ фæхауд æмæ ныррыг сты.

— Уый дын, гъе! — фæзæгъы Тедо æмæ та йæ сурдымæны æрнæмы тамако.

Бакасти паддзах Леуанмæ.

— Мæ паддзахады æмбис дын дæттын ацы хъуыддаджы тыххæй!

— Нæ, нæ райсдзынæн, паддзах, — загъта Леуан.— Уый æз хæлардзинады тыххæй бакодтон.

— Æмæ уæдæ нæ райста паддзахады æмбис?

— Ай-гъай, нæ райста. Цы дзы кæна? Йæхæдæг дæр паддзахы хуызæн куы у! Цы нæ йæм ис?

— Афтæ у, Пидо раст зæгъы. Дзурынц, æлдармæ, дам, ис æвзист чырын, уый цъупдзаг у сызгъæрин æхцайæ... Йæ сæр æхгæнын дæр нæ комы, фæстæмæ асхъиуы.

— Гъе, уый дын гæды ныхас... Чырын хъуамæ æхгæнгæ кæна, науæд æхцатæ давд фæуыдзысты.

— Æмæ сæ чи фæдавдзæн? Хæстæг бацæуын дæр æм ничи бауæнддзæн... Йæ алыварс ис æхсаргæрдтæ æмæ хъаматæ. Уыдон ахæмтæ сты, æмæ дзы искæмæй мæнæ ацы хъæд куы ныххафай, уæд хъæд дыууæ дихы фæхаудзæн. Уыцы кæрдтæ сæхæдæг цæвынц, æлдарæй фæстæмæ чырынмæ чи бацæуа, уый, æлдармæ не ’вналынц.

— Уæд гæнæн ис... Уæд, ай-гъай, гæнæн ис, æмæ чырын æхгæнгæ ма кæна.

— Уый ма уадиссаг нæу, фæлæ дын цы радзурынмæ хъавын, уый зоныс?..

Æмæ Тедо ракой кæны, Леуаны фыййæуттæй иу æлдары фосæй уæрыччытæ куыд давта, уыцы хабар. — «Цы фæвæййынц уæрыччытæ? Ау, фос афтæ чысыл цот кæнынц?» — фарста Леуан. — «О ме ’лдар, афтæ чысыл... Бирæ дзы амæлы». Æлдар дзуры: «Кæд раст зæгъыс, уæд дын Хуыцау баххуыс кæнæд, кæд мæ сайыс, уæд та цавддур фест дæ бынаты!» Æмæ фыййау æвиппайды дур фестад.

— Уанцон нæу! — зæгъы Пидо дис кæнгæйæ. — Æцæг фестад дур?

— Уæдæ дын гæды дзурын, цы! Ныр дæр ма дур лæууы уыцы ран.

Зæрæдтæ арæх æрымысынц сæ лæппуйы бонтæ дæр. Тедо дзуры, зæгъгæ, уыди сахъ лæппу, Пидо дæр йæхи æвдисы уыцы хуызы.

Пидо зæгъы:

— Æз æцæг бæдæйнаг уыдтæн! Суанг-иу Цæцæнæй ратардтон бæхтæ æмæ сæ уæй кодтон Калак æмæ Гуры. Æмæ цы ’нхъæлыс? Фæстейæ дæр мæ никуы расырдтой!

— Цы, уый зоныс, Пидо?

— Цы?

— Ацу æмæ уыдæттæ дæ фырты сывæллæттæн радзур. Æз дын дæ аргъæуттыл баууæндон?! Æз æй куы зонын, æмæ ды æфцæгæй фалæмæ дæ къах дæр куы никуы авæрдтай... фæлæ æз... Æз Цæцæны дæр, Быдыры Иры дæр æмæ...

— Фæлæуу... фæлæуу! Кæд, цымæ? Сывæллæттæ дæр дзы æдасæй цæуын куы байдыдтой, уæд... Ныр дзы дæлæ Уано дæр ацæудзæн, ахиздзæн æфцæгыл, æмæ йыл бындз дæр нæ фæхæцдзæн.

Сгуыхтдзинады кой куы æрцæуы зæронд лæгтæм, уæд сын арæх асайы загъдмæ æмæ уæд сахатгай нал фæдзурынц. Фæлæ изæрмæ алкæд дæр бафидауынц. Афтæ цæуынц зæрæдтæн сæ сабыр бонтæ.

***

Иу хатт Тедо хæдзарæй куы рацæйцыди, уæд йæ къухы райста нартхоры æфсир. Иу карк йæ фæдыл рауад æмæ, лæг йæ бадæныл йæхи куы ’руагъта, уæд ын йæ къухтæм сгæпп-сгæпп байдыдта. Фыццаг æй атæрыныл бафæлвæрдта, стæй куы бамбæрста, нартхормæ æвналы, уый, уæд ын нæмгуытæ азгъæлдта.

— Цы кусыс уый, Цыппурсмæ нард кæныс дæ карчы? — фæрсы Пидо йæ цурмæ бацæугæйæ. Æрбадт йæ фарсмæ.

Тедо ахъуыды кодта: «Цæй, æцæг æм базилон... снард уыдзæн æмæ йæ хуыздæр аргъыл ауæй чындæуыдзæн».

— Уæд цæуылнæ? — загъта йæ сыхагæн. Фæндыд æй, ныр дыууæ азы иу бæрæгбоны дæр карк дæр кæмæ нæ уыд, уыцы Пидойы амæстæй марын. — Цæуылнæ Цыппурсмæ дæр? — æхсызгонæй дзуры Тедо. — Æви нын æнахуыр хъуыддаг у бæрæгбонмæ карк æргæвдын, кæнæ хъыбыл æргæвдын дæр?! Огъо-гъо... Куадзæнмæ хъыбыл куы аргæвстам, уæд та?.. Цæудзæн ыл ныр... ныр ыл æртыккаг аз цæуы... Лæппу ныллæууыд, ауæй, дам, æй кæнæм. Нæ, зæгъын, аргæвдæм æй бæрæгбоны. Не ’фсин дæр дын ме ’вварс фæци. Æмæ цы ’нхъæлыс, Пидо, и? Акалдтам хъыбылы, уæдæ цы!..

Дзурæг сæрыстырæй кæсы сыхаджы цæстытæм, уый та йæм хæлæг кæны.

— Хъуыддаг уыд изæрæй, — дзуры дарддæр Тедо. — Уыд сабыр, мæйрухс изæр. Нæ лæппу йæ фыртимæ хъыбыл æфснайдтой, æз та пыхсытæм ауадтæн уæхстагтæ кæнынмæ. Сыхæгтæ дæр куыннæ базыдтой, Тедо хъыбыл аргæвста, уый. Æвæццæгæн, афтæ æнхъæлынц, æмæ Тедо дæр уыдон хуызæн æнæ дзидзайæ цæры!.. Уистæ рахастон æмæ бацыдтæн хæдзармæ. Дисæй куыннæ амардтæн: йæ нард уыди раст мæнæ уый бæзджынæн, уыныс?..

Тедо æвдисы йæ армы тъæпæн æмæ йæ хистæр æнгуылдз.

— Уымæй мæнг зæгъыс, æвæдза! Хъыбыл афтæ нард никуы уыдзæн!

Пидо ницыуал загъта. Тедо ма бирæ фæдзырдта хъыбылы тыххæй æмæ каркæн æппæрста иугай нæмгуытæ.

Пидо сыстад æмæ æнæдзургæйæ араст йæ хæдзармæ.

— Фæцæуыс, цы, Пидо?

Уый фæстæмæ нал ракаст æмæ ницы сдзырдта. Тедо бахъыг кодта йæ сыхаджы ацыдыл. Исты ма йын куы радзырдтаид, бæргæ, фæлæ æвиппайды...

Уалынмæ Пидо фæзынд. Йæ къухы хаста нартхоры æфсир, æрлæууыд-иу, йæ фæстæ цыд бабыз, æмæ йын згъæлдта нæмгуытæ. Бабыз-иу рауыгъта нæмгуытæ, Пидо-иу ын ног æрызгъæлдта æмæ йæм сидт: «Цип-цип». Æппынфæстаг æрбадт йæ раздæры бынаты æмæ зынæрвæссонæй дзуры сыхаджы ’рдæм:

— Ацы бабыз æз хæссын куадзæнмæ.

— Куыннæ стæй, куадзæнмæ!.. Æз æй уæддæр Цыппурсмæ хæссын.

Афтæ дзырдтой дыууæ зæронды, фæлæ сæ фæндтæй исты рауайа, уый сæ зынæй уырныдта. Хорз загътой, хъуыддаг уыдонæй аразгæ кæй нæ у, фæлæ, хæдзар кæй уæхсчытыл æнцайы, уыцы бинонтæй — бинонтæн та, чи зоны, карк дæр æмæ бабыз дæр æндæр истæмæн нысангонд сты: кæм хъалон фидынæн, кæм æлдары хаццоны аргъмæ, кæнæ бинонтæй искæмæн исты дзаума æлхæнынæн...

Куыдфæнды уа, уæддæр уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ зæронды зæрдиагæй бавнæлдтой карк æмæ бабызмæ зилын, фæхъæлдзæгдæр сты, уыди сын ныр, сæхи цæуыл ирхæфсой, уый.

— Мæ карк уынддагдæр уыдзæн... Кæс-ма йæм, куыд стымбыл, куыд! — дзырдта Тедо.

— Нæ, Тедо, мæ бабыз уынддагдæр уыдзæн, — йæ бон фырнæрдæй цæуын дæр нал у.

— Цыфæнды зæгъай, уæддæр бабыз карчы цур ницы у. Бабыз та цæййаг у, бабыз?.. Не ’лдар карчы фыдæй фылдæр ницы уарзы, бабызы фыд та хæргæ дæр нæ кæны.

— Цы зæгъыс, цы? — фесты Пидо, йæ армы тъæпæнæй йæ цæстытæ ахгæны æмæ, дис кæнгæйæ, кæсы йæ сыхагмæ.

— Æмæ цы?

— Куыд цы?! Дæ карчы мæ бабызыл барыс? Карк та цы у? Нæ иуырдæм, нæ иннæрдæм... Паддзах йæхæдæг уарзы бабызы фыд, карчы фыд йæхимæ æввахс дæр нæ уадзы.

Изæры-иу зæрæдтæ сæ хæдзæрттæм куы цыдысты, уæд-иу Пидо æрдæгвæндагыл фæстæмæ фæкаст æмæ дзырдта:

— Кæс-ма, кæс, мæ бабыз атæлфын дæр нал фæразы.

Тедо дæр-иу фæзылд æмæ дзырдта:

— Æмæ ды мæ карчы нæ уыныс, йæ къах айсын дæр нал фæразы.

Уыцы бонæй дыууæ мæйы рацыд, афтæ хъæдгæронæй фæзынд цалдæр барæджы. Сæ фæндаг дардтой хъæумæ. Дыууæ зæронды сæ суыдтой.

— Уый хъæуыхицау уыдзæн йе стражниктимæ, — загъта Пидо, дардмæ кæсгæйæ, йæ къухæй аууон акодта, афтæмæй... — фæлæ йæ кæд исты хъуыддаг ис, уæд фæрæдыд: зæрæдтæ æмæ сабитæй уæлдай никæй ссардзæн... Нæ зоны, куыстафон у, уый?!

— Хъæуыхицау нæу, фæлæ сты цавæрдæр цуанонтæ.

— Фендзыстæм, кæд хъæуыхицау нæ уа, уæд.

— Фендзыстæм, кæддæра цуанонтæ нæ уой... Тагъд сæ ардæм хъæуы.

Барджытæ-иу фæаууон сты кæнæ бæлæсты фæстæ, кæнæ æрхмæ ныххизгæйæ. Фæлæ уайтагъд зæрæдты комкоммæ къуылдымыл фæзынд цуанон куыдз æмæ срæйдта, йæ фæстæ æндæр... Разындысты барджытæ дæр.

— Уый не ’лдар Леуан у, — загъта Тедо æмæ сыстад йæ бынатæй. Сыстад Пидо дæр æмæ, йæ лæдзджытыл æрæнцой кæнгæйæ, ныггуыбыр.

Уый уыд æлдар Леуан Батуридзе йе ’хсæрдæсаздзыд фырт Миха æмæ дыууæ фæсдзæуинимæ.

Леуан у ацæргæ лæг, фæлæ нырма йæ тых йæ мидæг ис, нырма уарзы хъазты скафын. Йæ тымбыл цæсгом æрттивы фырнæрдæй, тугау дары сырх-сырхид, йæ цæстыты йын нæрдтæ афтæ æрбалхъывтой, æмæ ма зынынц дыууæ сау стъæлфæй. Æлдар ахуыр никуы кодта, фæлæ йæ ном æмæ йæ мыггаг фыссын зоны.

Йæ фырт Миха æртæ азы гимназы фæцахуыр кодта уыцы иу къласы, стæй йæ фыдæн загъта, ахуыр кæнын мæ нал фæнды, зæгъгæ, æмæ иудадзыг хæдзары баззад.

Зылды адæм иууылдæр зонынц, Леуан æнæ сæн цæрын кæй нæ зоны, уый. Кæмфæнды уа, фынгыл сæн нæй, уæд хæрынмæ нæ бавналдзæн. Сæнæй уæлдай ма уарзы цуан кæнын — фæцайдагъ ыл æрыгонæй. Ныр дæр здæхти цуанæй.

Худ сæры иу фахсыл конд, афтæмæй цыд хъалæй йæ бæхыл, йæ фæстæ та йæ фæсдзæуинтæ, уыдонæй иуы саргъыл ауыгъд уыд фæндаггон аг, сæны лалым æмæ æндæр ахæмтæ, иннæйы саргъыл уыд дзæкъул — уым зындысты мæргъты мæрдтæ. Æлдары лæппу хъазыд йæ бæхыл, скъæрдта йæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм.

Барджытæ æрлæууыдысты зæронд лæгтæм хæстæг. Фæсдзæуинтæ Леуанæн аххуыс кодтой бæхæй рахизын, Миха та йæхæдæг æргæпп ласта æмæ рохтæ авæрдта лæггадгæнæгмæ.

Алыранæй сыхъуыст куыйты рæйын. Сывæллæттæ рыгты сæ хъазын фæуагътой æмæ кастысты уазджытæм.

Пидо æмæ Тедо систой сæ худтæ æмæ сæ сæртæй акуывтой. Дзуапп сын ничи ратта.

— Тагъддæр хæринаг арæвдз кæнут, лæппутæ! — загъта æлдар лæггадгæнджытæн, йæхæдæг йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта æмæ схызт къаннæг обаумæ, уырдыгæй зындысты йæ зæххытæ.

Æлдары лæппу бацыд зæронд лæгтæм æмæ райдыдта семæ «хъазæн» ныхæстæ кæнын.

— Дыууæ лæдзæджы дæм цæмæн ис? — дзуры Пидомæ. — Бæхы фæзмыс? Цыппар къахыл æнцондæр цæуæн у? Мæнæ дæуæн та дæ боцъо цы хуызæн у — сæджы тæф кæны, мæнæ дзы хъæмпы хæлттæ дæр! — æлдары лæппу райвæзта Тедойы боцъо æмæ кæл-кæлæй ныххудт.

— Михакъо, а Михакъо! — обауæй æрцæйцæугæйæ дзуры æлдар йæ фыртмæ. — Цы ми кæныс уым, зæронд лæгтимæ зонгæ кæныс?

Лæппу ныууагъта зæрæдты æмæ араст йæ фыды ’рдæм.

— Æй, Михакъо, Михакъо, цæй цуанон ис дæуæй, куыд ницы амардтай уæддæр.

— Хорз фадат мын нæ фæци, баба, æдзух дæр мæ дардæй æхсын хъуыд... фæлæ иннæ хатт фендзыстæм.

Леуанæн обаурæбын стыр бæласы аууон нымæт æрытыдтой æмæ йыл йæхи æруагъта.

— Фендзыстæм, иннæ хатт дæр дард нæу... Кæсыс, Миха, цы диссаджы зæххытæ мын ис! Адон сæ хуыздæртæй сты... Рæсугъд бынат, мæр хъæздыг... Фæлæ мын маст у...

— Цы дын у маст?

— Акæс-ма, цас зæххытæ ис! Ацырдæм, уыцырдæм — иууылдæр мах сты. Уартæ хъæд уыныс? Уый дæр мах у. Афтæмæй сæ пайда та — ницыгомау.

Михакъо цыма йæ фыдмæ хъусы, афтæ дардта йæхи, фæлæ йæ хъуыдытæ ам кæй нæ уыдысты, уый бæрæг уыд йæ фезмæлдтытæй, алырдæм ракæс-бакæс кæй кодта, уымæй.

Леуан уый нæ фиппайдта æмæ дарддæр дзырдта:

— Бирæтæ афоныл сæ хъуыддаг нывыл сæвæрдтой æмæ сæ чысыл зæххæй исынц бирæ æфтиаг... фæлæ æз дæр райдайдзынæн... Ног азæй фæстæмæ хаццоны аргъ фæдывæр кæндзынæн... Хизантæ сразы уыдзысты, æндæр сыл цы бон уыдзæн уæдæ... Æмæ уæд...

Михакъо йæ фыдæй адард.

— Сывæллонæй уæлдай нæу! — хъыгзæрдæйæ загъта Леуан æмæ æрхуыссыд нымæтыл, фæндыд æй, цалынмæ хæринаг рæвдз кæна, уæдмæ афынæй кæнын. Йæ цæстытæ нæма æрцъынд сты, афтæ фæцыд топпы хъæр. Схæцыд йæ сæрыл.

Алырдыгæй та ратахтысты куыйтæ æмæ рæйын систой, сывæллæттæ та лидзынмæ фесты.

— Кæс-ма, кæс, баба, æвзæр топпæхсæг дæн? — худгæйæ дзырдта æлдары фырт.

Йæхицæй цалдæр къахдзæфы æддæдæр уæлгоммæ хаудæй карк йæ гæндзæхтæ цагъта.

Тедо иу къахдзæф акодта размæ æмæ уыцы уагыл лæугæйæ баззади. Йæ цæстæнгас, æнæ исты æвдисгæйæ, куы æлдары худæг фыртыл æнцад, куы тыбыртæцæгъдæг каркыл.

— Фыдуаг дæ, Миха, фыдуаг! — йæ мидбылты гæзæмæ бахудгæйæ, сдзырдта æлдар Леуан. — Цæй, уый цæмæн хъуыд?..

Æрбацыд фæсдзæуинтæй иу.

— Зæгъ-ма, Габо, — дзуры йæм Михакъо, — исты æвзæр топпæхсæг дæн æз? — Ахæсс æмæ йæ сфизонæг кæн.

Фæсдзæуин ахаста амæттаг.

— Габо, Габо! Тагъддæр-ма рауай ардæм! — уый хъæр кодта Михакъо.

— Искуы ма ахæм бабыз федтай?! — амыдта, дард сæм чи лæууыд, уыцы бабызмæ. — Æрцахс уый дæр æмæ йæ сфизонæг кæн хъæдындз æмæ цывзыимæ, баба куыд уарзы, афтæ!..

Габо фæрæвдз бардзырд æххæст кæнынмæ. Уæзбын, хаст бабызы рацахсын — уымæн цас диссаг уыд!

Бабыз фæсдзæуины къухты куы сбаб-бабб кодта, уæд æлдар Леуан йæ сæр уайдзæфгæнæгау батылдта æмæ загъта:

— Фыдуаг!.. Тынг фыдуаг дæ, ацы лæппу!

This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 111 years or less since publication (if applicable).

Public domainPublic domainfalsefalse