Ахуыр (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ахуыр  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


АХУЫР


Адæмы фæзмгæйæ иухатт мæ йерæдзыпп
     Ахастон тулдзджынмæ мемæ.
Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ
     Цуаны нæ фæуадзынц семæ!

Исты дзы фехсон мæ зæрдæ куыд загътаид, –
     Ифтыгъд мыййаг дын куы нæ уыд! –
Фыдæлты хæзна нæ къулыл æнæсæрфтæй
     Иу–фынддæс азы фæлæууыд.

Ацыддæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæддзæ дæн.
     Адæм кæм кусынц, кæм бадынц;
Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн...
     Фæрныджы зиууæттæ зарынц...

Бахызтæн хъæдбынмæ... бакастæн æрдузмæ, –
     Уæртæ дын иу лæг фæхъуызы...
Иу къæцæл дæр æм нæ уынын хæцæнгарзæй,
     Иу сыбыртт дæр дзы нæ хъуысы...

Ай мын цы ми кæны, уый куы нæ базонон! –
     Пыхсы йæ фæдыл фæхъуызын...
Ноджы кæсын, æмæ уæртæ йæ тæккæ раз
     Ферох кæмæйдæр йæ хызын...

Макуы дын бантыса, макуы дын батайой
     Уыцы мæгуыры къæбæртæ!
– Гъей, хорз лæг! Ма бакæ! Худинаг, худинаг! –
     Нал æм фæлæууыд мæ зæрдæ.

Хуыснæг дын фестъæлфыд, йе ргом мæм фездæхта.
     Ох–хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!
джихæй мæм аззади, истуг фæдурдзæфау...
     Нал уыддæн хорзау мæхæдæг...

Бахудт йæ мидбылты... – Ма тæрс, мæ хуры хай,
     Дзуры мæм, базыдтон чи у, –Ма тæрс!
Мæ хуыснæгад раджы куы ныууагътон;
     Искæй нæу хызын, мæхи у!

— Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс?
     Чи дæ нæ уадзы йæ райсын?..
Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг.
     – Афтæ, мæхицæн дзы хъазын, –

Загъта ма, мæгуыр, йæхæдæг ныуулæфыд...
     Тудæджын ын фестаддæн, хъуамæ!
Дзурын æм нал уæндын; дзурын дæр чи уæнды
     Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ?!

— Гъей, лæппу, – фергом лæг, – ам мæ кæй баййæфтай,
     Уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн:
Сихор мæн у, фæлæ ма йæ куы радавон, –
     Адджындæрæн æй хæрдзынæн.

Худгæ мыл ма фæкæ! Къаннæг сывæллонæй
     Сахуыр дæн сæфты хуыснæгыл.
Сомы йыл бакодтон, искæй фос нал давын,
     Фæлæ фæхæст дæн хæйрæгыл.

Фынгтæ мын байдзагкæн алгъуызон минасæй,
     Айдагъ сæ уындæй ныккæрзын!
Цалынмæ–иу æй мæхицæй нæ радавын, –
     Ад мын нæ кæны мæ кæрдзын...

Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй
     Иу бирæгъ рахæддзæ фахсмæ.
Лæгтопмæ февнæлдта... Хæхтæ ныццараудтой.
     Бирæгъ æртылди нæ размæ...

– Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! –
     Армытъæпæнтæ фæцагътон, –
Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп, –
     Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.