Ахуымпар (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ахуымпар  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


АХУЫМПАР


О, хуыцау, ды зоныс
Мæ зæрдæ, мæ рад,
Дæхимæ мæ хоныс,
Фæнды дæ мæ цард.

Дæ хуызыл ыскодтай
Мæ зæрдæ, мæ конд.
Уд дæр мын цæвæрдтай,
Радтай мын дæ зонд.

Æз зонын дæ бартæ,
Кæнын сæ æххæст,
Фæлæ мæ нæ хъалтæ
Нæ уарзынц æрмæст.

Æз сын хорз куы кæнын,
Уыдон мæ нæмынц.
Сæ хъыгыл куы скæуын,
Уæддæр мæ фæзмынц.

Æз зонын дæ фæндон,
Дæ бартæй мæм ис.
Цу мемæ, — кæдæм цон,
Ды зоныс мæ рис...

Адæмæн фæдзурын
Дæ бартæ, дæ дзырд.
Сæ зæрдæ ныддурын,
Ферох сæ дæ цыт.

Æз æрмæст дæу зонын,
Дæуæн дæттын кад.
Дæ номæй дæ хонын, —
Сараз сын сæ цард.

Фæнды дæу алкæмæн,
О, бæрзонд æлдар,
Сæ рæдыд адæмæн
Дæхæдæг ныббар.

Мæн æрхæсс нывондæн,
Мæ уд дын дæттын,
Ме 'фцæгыл æфсондзæн
Де 'гъдæуттæ бæттын.

Ныббар сын, нæ зонынц,
Не 'мбарынц фæндаг.
Сæхи раст фæхонынц,
Сысты дæм уæндаг!

Фæлæ сæм бæрзондæй
Дæхæдæг æркæс.
Мæ уд сын нывондæй
Сæ сæрыл æрхæсс.

Ныббар сын мæн тыххæй
Сæ рагон æлгъыст,
Сæххæст кæн дæ дзыхæй
Дæ рагон æвдыст...



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse