Ахбол æмæ Мила (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ахбол æмæ Мила  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


АХБОЛ ÆМÆ МИЛА


Ахболмæ дын Мила куыдз уыд,
Зынджытæ хауд йæ цæстытæй.
Карды цæфтæй æнæ ныуæс
Иу дæр нал уыд йæ фæрсчытæй.

Йæ хицауы фæхъахъхъæдта
Зæрдиагæй зæронды онг;
Фосы 'мгæрон никуы уагъта
Æзæргæнæг, бирæгъы 'рдонг.

Цал хатты уыд карды цæфтæ,
Цал хатты фæци гæрæхтæ,
Уæддæр-иу Мила, райгæйæ,
Йæ дзыхæй калдта цæхæртæ.

Цал хатты уый бирæгъты 'рдонс,
Карчы цъиутау, ныппырх кодта!
Уæд-иу Мила йæ фырбуцæй
Алæбон дæр хъуымыз хордта.

Мæйдар æхсæв æрсытимæ
Цал хатты уый хæсты бацыд!
Ныр зæрондæй дуаргæрон
Ихы сæрыл уынджы басыд.

Йæ хъæрæй-иу фосы фæдыл
Хуыснæг хæтын нæ уæндыди...
Уæд Милайыл йæ хицау дæр
Къæсæрмæ дæр нæ хъæцыди.

Хæринаг ын хорз лæвæрдта:
Дзулы ссадæй фæлмæн цымгæ.
Ныр стонгæй зыр-зыр кæны
Дуаргæрон, сым-сымгæнгæ

Милайæн-иу йе срæйынæй
Маргъ тæхын дæр нæ уæндыди,
Ныр бындзыты йæ цæстыты
Ахстон кæнын æрфæндыди.

Ныр Милайæн зæрондæрдæм
йæ хуылф, артау, фæздæг уадзы,
Йæ царм фыдыл ныхъхъæбæр и,
Хицау дæр ма йæ кæм уарзы.

Дыуаргæрон ныттымбыл и,
Нал ын уадзы холлаг дарын;
Нал, дам, бæззы, ныззæронд и,
Фæнд ыл кæны топпæй марын.

Сырдты фæд-иу мæйдар æхсæв
Сау хъæды дæр нæ рæдыди.
Ныр зæрондæй йæ хицауы
Йæ фесафын æрфæндыди.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.