Арагуийы æлдар Нугзар (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Арагуийы æлдар Нугзар  (1911) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1911, Рауагъ аз: 1911. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991
АРАГУИЙЫ ÆЛДАР НУГЗАР


Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны агъоммæ, Арагуийы доны былыл, сау хохы къæдзæх сынæджы раз, Косетмæ хæстæг, ныр дæр ма сæ систæ æнæхæлд сты, лæууыди мæсыг æмæ галуан. Ацы мæсыджы царди Арагуийы Ерыстау æлдар Нугзар.

Уыцы рæстæгмæ гæсгæ, æлдар Арагуийы гуырдзиаг адæм — Хады комæй хъалон иста, фæлæ Хъуды ком, Тырсыгом æмæ Хиуы ком сæрибар адæм уыдысты, æлдарæн хъалон нæ фыстой, бегара нæ кодтой. Æлдар чысылгай-чысылгай Хъуды комы адæмы йæхимæ æрбахæстæг кодта. Фæсивæды хуыздæртæй мыггæгты тыхджынтæй Хады комæн моураутæ [1], хъалонисджытæ скодта, хицоны цæстæй сæм акасти, Хады комы гуырдзиаг адæмæн сæ хицæуттæ æрæвæрдта. Хъуды комы адæм дæр ыл баууæндыдысты.

Хъуды комы адæмы ’руаджы Тырсыгомы адæмимæ дæр слымæн, баурæдта дзы йæхимæ хъалонисджытæ-моураутæ. Хъуд æмæ Тырсыйы адæм йæ коммæ кæсын байдыдтой, тых кæнынмæ, хъалон исынмæ йемæ цыдысты, фæлæ сæ хъалон исын нæма уæндыд.

Уалдзæг уыдис æмæ бæстæ кæрдæгæй, цъæх сгæлладау, сæрттывта. Арагуийы дон къæдзтæ-мæдзтæ, пырх калгæ, æнусы къæдзæхтыл йæхи æппæрста, фырмæстæй урс фынктъанхъатæ фæйнæрдæм пырх кодта. Мæргътæ алы ’взагæй дзæнæтон сæрибары зарджытæ кодтой. Хурзæрин арвы астæу йæ хъарм тынтæй зæххы рæвдыдта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой.

Раст хуыцаубон уыд æмæ адæм ныхасы бадтысты. Уалынмæ æлдар йæ асаултимæ уым балæууыд æмæ адæмæн арфæ ракодта. Адæм фестадысты, салам ын радтой æмæ йæ æрхизын кодтой. Æгъдаумæ гæсгæ æрбадти æмæ афтæ зæгъы:

— Хиуы ком схъал сты, сæ бæстыл цæуæг, цъиу тæхæг нал уадзынц, æлдарæн æрдуйы бæрц дæр кад нæ дæттынц, хъалон нæ фидынц, хæстмæ сæм цæуын хъæуы, — загъта, — нæхицæн сæ хъалондар, бегарадзау скæнæм.

Куырис сыгъд æмæ йыл бæттæн худти. Ирон адæмыл хæсты хъуыддаджы ’рдæм фехситт кæн, æндæр сын бирæ нæ хъуыд æмæ нæ хъæуы, раджы дæр æмæ ныр дæр алы бæсты арæнтæй сæ фæллад стджыты хъæрзын, уынæргъын хъуысы. Хæсты быдыры æнæхъуаджы ’хсидгæ нæмыгæй йæ цард чи бахуыссын кодта, кæддæриддæр ирон адæм ахæм дзæгъæл хъуыддаджы тыххæй зивæг нæ кодтой æмæ нæ кæнынц. Æлдары дзырдыл сразы сты.

Æлдар Хъуды комы адæмæн фæстаг хуыцаубонмæ æмгъуыд скодта, хæстмæ цæттæ куыд уыдаиккой, афтæ. Хуыцаубон æрцыд æмæ æлдар Хады комы æфсæдтимæ Хъуды комы фидары дзуары мæсыджы раз фæзы æрæнцад. Уыдонимæ баиу сты Хъуды комы æфсæдтæ æмæ дыккаг бон Тырсыгомы 'рдæм араст сты. Тырсыйы адæмæн дæр хъуыстгонд уыди хабар æмæ цæттæ уыд меды, раст Къобы фæзы Тырсыйы æфсæдтимæ дæр баиу сты. Хъуыддаг бирæ нал ахаста. Хиуы комы адæм дæр сæхи хæстмæ сцæттæ кодтой. Дыккаг бон Самтъеройы фæзы Хиуы æфсæдтимæ ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты. Дыууæ домбайæ тугæмхæццæ цæстæнгасæй иу иннæйы аныхъуырынмæ хъавыд.

Дыууæрдыгæй минæвæрттæ сарæх сты, се ’хсæн рацу-бацу кодтой. Æлдар сæ йæхицæн хъалондар, бегарадзау æгъдæуттæ агуырдта. Хиуы комы адæм та сæрибары дуг, сæ царды хæрзæбоныл хæцыдысты, зыдтой, Ерыстау æлдары уæззау уаргъы бын сæ байзæттаг дыдæгътæ кæнгæ кæй цыдаиккой, уый æмæ сæ царды бæсты мæлæт хуыздæрæн равзæрстой.

Хур аныгуылд, фæстаг хатт ма тугæмхæццæ сырхсырхид тынтæй хæхтæн салам радта. Бæстæ фæталынг, афтæ минæвæрттæ хъуыддаг хæсты 'гъдауыл ахицæн кодтой. Самтъеройы фæзы дыууæ фарсæй æфсæдты топпы цæхæр мæйдар æхсæвы кæрæдзимæ æвзæгтæ-æвзæгтæ мæлæты хос хаста. Топпы хъæрæй Терчы фæйнæфарс кæмтты, æрвнæрæгау, бæстæ араудта. Мæлæтдзаг цæфты хъæрзынæй зæхх æнкъуысти, арв змæлыд. Хиуы комы адæм — усæй, лæгæй — иууылдæр хæсты быдырмæ рацыдысты, нæлгоймаг адæм хæцгæ кодтой, сылгоймæгтæ та сын сæ фæстæ дон æмæ хæринаг хастой. Бæлвырд нæ зонын, æцæг, хæст цал боны ахаста, Хиуы комы адæм басастысты, мæсгуыты дæгъæлтæ æрхастой æмæ сæ Арагуийы æлдары кьухы радтой æмæ йын зæххы æмбæрц бакуывтой.

Цы дардыл дзурын, æлдар йе ’фсæдтимæ Хиуы комы суанг фæззæгмæ фæцард. Хиуы адæмæн сæхицæй — тыхджындæр мыггæгтæй хицæуттæ скодта, моураутæ, хъалонисджытæ дзы баурæдта, фидар æгъдæуттæ дзы сæвæрдта. Хъалондар, цагъариуæг йæ сæрмæ чи нæ хаста, уыдон æрцахсын кодта, кæй марын акæнын кодта, кæй та Косеты мæсыджы хъоргъы ауадзын кодта. Хæцæнгарзæй сæм цы ссардта, иууылдæр сæ байста æмæ æрæгвæззæг йæ хæдзармæ ацыд. Æфсæдтæ дæр фæхæлиу сты. Афонтæ цыдысты, рæстæг уыцы иухуызон саутар мылазон хаста, тыхджынтæ æдыхты скæсын нæ уагътой. Æлдар Хъуды комæй сайгæ-сайгæ хъалон исын байдыдта. Мæсыг хи дурæй сæтты. Хъуды комы адæмы тыхджындæртæ сæ фарс фесты, моураутæ, хъалонисджытæ сæ скодта. Фистæг—бæхджынæн дондзау. Хъуды комы тыхджындæр адæмты ’руаджы Ерыстау æлдар æгас Хъуды комы адæмы йæхицæн хъалондар, цагъар скодта, адæмы сызмæста. Уарзондзинад, æцæгдзинад, сæрибардзинад сындзын уæззау худы бын хъеллау кодтой, уыцы рæстæджы æлдæрттæй хæхтæ æмæ къæдзæхтæ дæр тарстысты. Адæймагæй сдзурын, сныхас чи уæндыд сæрибар дуджы тыххæй? Уыцыиухуызон саутар мигъ бадт адæмыл, кæуын цæстæнгас лæвæрдтой.

Арагуийы Ерыстау æлдар йæ фыдхъуыддæгтыл, фыдмитыл фæсмон нæ кодта, фæлæ ма ноджыдæр фыддæр фыдмитæ кæнын райдыдта. Æлдары æвастæй лæг ус нæ хаста, чызг чындзы нæ цыд, лæг-иу ус куы 'рхаста, уæд-иу кæд æлдары бафæндыд, уæд хъуамæ ног чындзы фыццаг æхсæв æлдарæн фенын кодтаиккой... Ахæм æнæфсармдзинадæй æмæ фыдтыхмитæй раст сырды хуызæн сси. Фæлæ уыцы фыдхъуыддæгтæ æмæ фыдмитæ иудадзыг æлдары аххос нæ уыдысты, уый тыххæй æмæ адæмы дæлбынтыдзуаг къæбылатæ йæ фарс уыдысты, адæмы кæрæдзийыл æфтыдтой. Адæм кæрæдзийы дзырд нал æмбæрстой: иумæйаг цардыуаджы хæрзæбон æгъдау фехæлд. Иутæ æлдары хорзæхæй мæгуырты уæлæ симдтой, адæмы фæллойæ минас кодтой, иннæтæ уæззау уаргъы бын змæлын нæ фæрæзтой, сыдæй мардысты. Афтæмæй Ерыстау бирæ азты æлдарад фæкодта Арагуийы бæстыл.

Раст уыцы рæстæджы Арагуийы доны хæд былыл, хохы хъæбысы, Ганис, зæгъгæ, иу чысыл хъæуы цард æнæзæнæг лæг æмæ ус — Берд æмæ Хъызмыдæ. Берд æмæ йæ усы адæм бирæ уарзтой сæ рæдау, кæрдзындæттоны тыххæй, стæй æнæзæнæг кæй уыдысты, уый тыххæй дæр сын адæм тæригъæд кодтой æмæ сын зæнæджы тыххæй Хуыцаумæ бирæ куывтой. Уыцы куывд Хуыцауы раз æнæахъазæй нæ баззад: зæронд Хъызмыдæ басывæрджын æмæ адæмыл айхъуыст йæ хабар. Фæлæ адæмæй кæй уырныдта, кæй нæ, уый тыххæй, æмæ Хъызмыдæйæн йæ цæрæнбонты зæнæг нæ уыди æмæ йæ азтæ дæр ивгъуыд уыдысты. Хъызмыдæйæн йæ арын афон æрцыд æмæ раст куадзæны размæ майрæмбоны лæппу ныййардта. Адæм æрæмбырд сты Бердæн арфæтæ кæнынмæ, кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цыдысты, сæ уарзон лæг æмæ усы сын Хуыцау кæй барæвдыдта, уый тыххæй, сбуц сты æмæ Хуыцауæн кад лæвæрдтой. Фæлæ уæды æлдæртты рæстæджы мæгуыр кусæг адæмæй амондджын чи уыд? Сæ фос, сæ зæнæг, сæхæдæг, иууылдæр æлдæртты бар уыдысты, цы сæ фæндыд, уый сын кодтой.

Раст уыцы уалдзæг, Хъызмыдæйæн лæппу куы райгуырди, уæд æлдары аргъонахъ гадза [2] дæр къæбылатæ ныййардта. Гадза уайтагъд амард æмæ йæ къæбылатæй дæр иуы йеддæмæ нал фервæзт, амардысты æмæ къæбылайы хъуджы æхсырæй хастой.

Иу бон æлдар Ганисы хуссæрттæм цуаны бацыд. Хъызмыдæ хæдзары дуармæ бадт, йæ сывæллон йæ хъæбысы. Æлдар ус æмæ сывæллоны куы федта, уæд сыл йæ цæст андæгъд: Хъызмыдæ бæрзонд, урсцъар, нард, зæрондгомау ус, фæлмæн цæстæнгас лæвæрдта, сывæллон дæр уый хуызæн, æнхъизæнджын дзулы гуыдыны хуызæн пухпухид нард, йæ хъæбысы, хурау, худт.

Æлдар йæ дæлдæртимæ Берды хæдзары дуармæ фæлæууыд æмæ Бердмæ бадзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хъусыс! Мæ аргъонахъ къæбыла дæм æрбарвитдзынæн æмæ йæ дæ усæн хорз схæссын кæн, дзидзихъуаг æй ма ныууадзæд. Куыд уынын, афтæмæй дæ усæн хорз æхсырыхъæд ис, æмæ къæбылайы дæр хорз схæсдзæн. Хъусут, куыддæр æй дзæбæх не схæссат, афтæ уæ хæрз бынсæфт фæкæндзынæн!

Бæх фæзылдта æмæ ацыд.

Дыккаг бон æцæг æлдар йæ куыдзы къæбылайы моурауæн Берды усмæ барвыста æмæ йын бафæдзæхста, дзидзихъуаг æндæр æй куыннæ ныууадзой, афтæ. Моурау къæбылайы Берды усмæ радта, æмæ сын æлдары фæдзæхст ныхæстæ дæр радзырдта. Мæйтæ ивтой, бонтæ цыдысты. Усы дзидзи къæбылайы исты хъыгдардта, æви йæм æндæр сахъат уыдис, Хуыцау зыдта, къæбыла тынг смæллæг.

Иу бон та æлдар Ганисы хуссæрттæм цуаны бацыдис æмæ Берды дуармæ æрхызт. Хъызмыдæ тыргьы бадт, йæ сывæллон йæ хъæбысы, къæбыла та йæ разы хуыссыд. Æлдар къæбылайы рауын-бауын акодта æмæ йæ фыдхъуынтæ, цолайæ куы федта, уæд схъæр кодта, йæ цæстытæй зынджытæ аппæрста, йæ дзыхæй цæхæртæ æмæ афтæ зæгъы:

— Нæ уын загътон, хæрджытæ, дзæбæх æй схæссут!

Æлдар усы хъæбысæй сывæллон раскъæфта, йæ къæхтыл ын фæхæцыд æмæ дзы усы сæрæн æртæ цæфы фæкодта. Сывæллонæн йæ астæу асаст, æртæ хатты ма йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа.

Æлдар та усыл фæхъæр кодта:

— Дæ цæстытæ дын скъахдзынæн, хорз æй куы нæ схæссай, уæд! — æмæ ацыдис. Адæм æрæмбырд сты мæгуыртæ, æмæ сывæллоны баныгæдтой. Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой се ’намонд рæстæджы тыххæй, фæлæ сæ бон цы уыдис æмæ банцадысты. Хъызмыдæ къæбылайы хæссын байдыдта.

Уыцы рæстæджы кусæг адæм æфсæн рæхыстæй баст уыдысты, сæ сæр сæ бар нæ уыд, ницы æмбæрстой. Скъола — æндæр кусæг адæмæн нæ уыд, афтæ æнхъæлдтой, æмæ райдайæнæй байдайæнмæ цагъары æфсондз хъуамæ хæссæм,—дзырдтой. Адæймаг сæрибар исдзинад кæй у, уый æмбаргæ дæр нæ кодтой, афтæмæй æлдæртты æхсары бын бирæ сæдæ фæлтæрты фæцардысты.

Сывæллоны мæлæты фæстæ ус къæбылайы хæссын райдыдта. Тыхджын цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары. Æлдæртты дзырд уыцы рæстæджы арвы цæфау уыд.

Къæбыла куыд хъомыл кодта, афтæ фыдуагæй-фыдуагдæр кодта. Иу бон усы дзидзийыл дæндагæй фæхæцыд. Бонæй бонмæ дзидзи æрхæм асайдта, рæссыйын байдыдта. Куыдзы хæст ферхæм, схæф кодта, усы риу къутуйы йас ныррæсыд. Уыцы рæстæджы кусæг адæмæн дохтыртæ, æндæр кæм уыд, усмæ чи фæкастаид. Дзидзийы хæлд стыр низ асайдта æмæ Хъызмыдæ амард. Адæм æрæмбырд сты, Хъызмыдæйы мардыл фæкуыдтой фæхъыг кодтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ раздæхтысты.

Адæмы зæрдæ тæригъæддаг мардæй тынг фæрысти, тынгдæр та уый тыххæй, æмæ Берд — сабыр æмæ раст кусæг лæг, комы дымæгыл цард æмæ алы тыхст бæлццонæн дæр хъарм фысым уыдис, Хъызмыдæ та —хъæлдзæг æмæ рæдау æфсин, кæйдæриддæр мады хуызæн рæвдыдта æмæ сæ уый тыххæй адæм фылдæр уарзтой.

Берд афæдзæй афæдзмæ хистытæ фæкодта, йæ фæллой сихсыди, мæгуырæй баззад. Берд — иуæй зæронд лæг, иннæмæй — æнæ бинонтæ, йæ цардæй стыхсти, кæд ма йын адæм æххуыс кодтой, уæддæр ын кæрдзын скæнæг нал уыд, æмæ бирæ бонты æххормаг зади. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мæгуыр цардæй æмæ мæстджын сагъæстæй Берд йæ зондæй дæр фæцух æмæ дзæгъæл цæуын райдыдта, цыма-иу æлдарæй искуыдæм лыгъд, хъæргæнгæ згьордта:

— Æлдар æрбацæуы, æлдар, æлдар... Сывæллон, сывæллон!

Æмæ-иу згъорынæй куы сфæлмæцыдис, уæд-иу дæлгоммæ зæххыл ахаудта, кæд-иу æй исчи баурæдта, уæд-иу уымæн дæр æлдары хъаст йæ сонт ныхæстæй дзырдта. Берд уыцы хуызæнæй иу аз фесæфтис, стæй раст тъæнджы мæйы фæндагыл, Дзимыры æфцæгыл, ныссалд. Хъуды комыл айхъуыстис Берды мæлæты хабар, адæм æрæмбырд сты. Берды мард æрхастой. Кæмæн йæ бон цы уыдис, уый æрхаста: хойраг, нозт, Хъызмыдæйы фарсмæ йын ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой, æхсæны хист ын скодтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуыстис Берды хæдзаруатæй алы æхсæв дæр уыджы уасын.

Арагуийы Ерыстау æлдары тыхмитæй, фыдмитæй адæм сфæлмæцыдысты, уæлдайдæр та Берды хъуыддаджы тыххæй иууыл смæсты сты æмæ чи абырæг алыгъд, чи хæхты бамбæхсти [3], хъалон нал фыстой, моураутæ дæр бирæ фæмардтой, фæлæ уæддæр æлдары хинæйдзаг зонд æмæ калмы æвзаг адæмы сайын хорз фæрæзта. Иу адæмæй иннæты бырста. Куырис сыгъд æмæ йыл бæттæн худти, адæм кæрæдзийы дзырд не 'мбæрстой, æмæ та сæ-иу йæхицæн хъалондар цагъар скодта.

Фæлтæртæ ивтой, азтæ цыдысты... Адæм уыцы саутар, сау мылазон мигъты бын цардысты, рухсмæ фæндаг ничердæм ардтой. Кæд-иу искуы иу лæг фæзындис, æмæ-иу исты сдзырдта сæрибар дуджы тыххæй, уæд-иу æй æлдæрттæ æрбамардтой, æрбайсæфтой, афтæмæй бæстæ талынгæй талынгдæр кодта.

Иу уалдзæг «Фидары дзуары» бон уыдис æмæ адæм æрæмбырд сты мæсыджы раз æмæ та æлдары кой райдыдтой. Рубайты Мистала, урсзачъе зæронд лæг, сыстад æмæ загъта:

— Хур ныл баталынг, мæй рухс нал кæны, зæхх мæстæй ризы, стъалытæ зæхмæ хауынц, нæ тæригъæдмæ кæсын нал фæразынц. Иу æвзæр фыдуаг æлдар нын нæ устыты кæрдæн систа, нæ чызджыты нын фæхудинаг кодта, йæ куыдзы къæбылаты нын нæ устытæн хæссын кæны, нæ фæсивæды нын йæхимæ басайдта, нæ зæрдæтæ кæрæдзимæ нал сты, сæфынмæ нæ бирæ нал хъæуы, фæлæ æууæнк, æууæнк, кæрæдзийæн æууæнк радтæм, нæ дзырд иу скæнæм, нæ цытджын дзуары раз ард бахæрæм.

Адæм æмхуызон схъæр кодтой:

— Бахæрæм, бахæрæм! Ард бахæрæм!

Æмæ та фæсабыр сты, фæхъус сты. Адæмы ’хсæн бындз куы атахтаид, уæд уый базырты хъæр дæр фехъуыстаид. Мистала кардæй æртæтигъон бæрз къæцæл ацамадта æмæ та афтæ зæгъы:

— Дзуары угард ныккæнæм, мæ хæдзæрттæ, дзуары угард, хорз адæм! Уый фæстæ адæм æмхуызонæй дзуары угард ныккодтой, куыд кæрæдзийыл сайдæй ничиуал рацæудзæн, æлдармæ дзырдтæ ничиуал бахæсдзæн, ууыл ард бахордтой. Угæрдтæ дзуары мæсыджы хуылфы сæвæрдтой æмæ та адæм ныхас кæнын райдыдтой.

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Дзанайты Тохти загъта:

— 0, нæ хорз фæсивæд, о, нæ хорз кæстæртæ, рæстæджы хæрзæбон саразын сымахмæ кæсы. Мах куыд базæронд стæм, нæ рæстæг дæр немæ афтæ базæронд. Кæд бирæ фæцардыстæм, бирæ федтам, уæддæр дзы нæ зæрдыл бирæ нал лæууы. Лæг æртæ æррайы кæны æмæ йæ фæстаг æррайы дуг зæронддзинад у, фæлæ уæ цы фæнды, уый зæгъут, зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу, мах дæр уын æмбал.

Райдыдтой æмхуызон дзурын æмæ сфæнд кодтой: «æлдармæ минæвар сæрвитæм».

Се ’хсæнæй равзæрстой минæвар, зондджындæр æмæ зæгъынæн

хъæбатырдæр лæг — Рубайты Реуазы æмæ йын загътой:

— Цу, Реуаз, æмæ æлдарæн зæгъ: мах æмсæр, æмхуызон сæрибар адæм уыдыстæм, ныр нæ дæхицæн хъалондарцагъар скодтай, нæ сыхаг адæм Хиуы комимæ нын кæрæдзи ныццæгъдын кодтай, нæ туджы хæстæ мыггагмæ нæ сихсийдзысты. Дæ куыдзы хъæвдынты нын нæ сылты урс æхсырæй фæхæссын кодтай, рæсугъд бæх, рæсугъд чызг никæмæн уадзыс. Ныууадз нæ хуыздæр у, нæ фыдæлтæ дын цагъар нæ уыдысты, мах дæр дын нæ уыдзыстæм.

— Ацы ныхæстæ æлдарæн æнæфсарм зæгъ, — Тохти загъта æмæ минæвар ацыд. Раст æмбисбон уыдаид, афтæ Реуаз æлдары кæрты æрхызт æмæ æлдармæ асаултæй иу лæджы барвыста. Æлдар æм басидт æмæ йын афтæ зæгъы:

— Зæгь, цы хабар дæм ис?!

Реуаз æлдарæн радзырдта адæмы фæдзæхст ныхæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æлдар мæстæй, артау, ссыгъдис, бандон фелвæста æмæ йæ Реуазы сæрыл ныццавта. Реуаз йæ карды сæрмæ февнæлдта, фæлæ йыл æлдары асаултæ амбырд сты æмæ йæ кæрты æрра куыдзы мард ныккодтой.

Адæм сæ минæвармæ æнхъæлмæ фæкастысты, цы дзырд схæсдзæн, зæгъгæ, суанг изæрмæ, стæй куы никуы зындис, уæд .алчи йæ хæдзармæ ацыд, бæрæгбон фехæлди, дыккаг райсом Тохти æмæ Мистала Реуазы бæрæггæнæг куыд ныццыдаиккой, афтæ. Æхсæвы æлдар æфсадхон арвыста æмæ Хады комы æфсæдтæ æрæмбырд кодта æмæ райсом раджы Хъуды комы «Фидары дзуары» мæсыджы раз фæзы йе 'фсæдтимæ æрæнцад.

Хъуды комы хæцæг адæм дæр «Фидары дзуары» мæсыджы бацыдысты æмæ уырдыгæй хæцын райдыдтой. Æлдар йæ урс бæхыл йе ’фсæдты астæу ратæх-батæх кодта. Мæсыджы сæрæй Дзанайты Тохти фехста æмæ æлдар йæ урс бæхæй асхъиудта, йæ сæрыл хъил фæлæууыд. Æлдар ноджыдæр æфсадхон арвыста Хады коммæ æмæ та æфсæдтæ æрбакодта. Æртыккаг бон бæстæ гæрах æмæ цæхæр сси, Хъуды комыл арт бафтыдта, басыгъта, никуыуал ницы ныууагъта. Хæцæг адæм хæхты фидæрттæм сæхи айстой, сылтæ æмæ сывæллæттæ хъæуты баззадысты, уый тыххæй æмæ сын хæхты фидæртты цæуæн нæ уыди, стæй хæст æвиппайды æрцыд æмæ адæм сæхи сцæттæ кæнын нæ бафæрæзтой.

Цыппæрæм бон æлдар йе ’фсæдтæ арвыста æмæ Хъуды комы цыдæриддæр сывæллоны мыггаг ссардта, иу фæзмæ сæ æрæмбырд кодта æмæ дзырд радта йе ’фсæдтæн, цæмæй сывæллæтты бæхтæй банай кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, æфсæдтæ æлдары дзырд сæххæст кодтой, сывæллæтты ныммур, ныцъцъæл кодтой. Сывæллæтты нымæц цас уыди, хуыцау зоны. Уыцы чысылты ныййарджыты кæуын, дзыназынæй къæдзæх бадон уыдаид, фæлæ æлдар йæ рихибынæй худт, æрдуйы бæрц тæригъæд дæр сын' нæ кодта. Хъуды комы цыдæриддæр ссардта фосæй, хæзнайæ, иууылдæр сæ ахаста æмæ ацыд. Æрмæст ма Хъуды комы фæйнæфарс хъæутæ сау æндæрг хастой арты сыгъдонæй.

Æлдары ацыды фæстæ адæм æрæмбырд сты, сывæллæтты кæм банай кодтой, уыцы фæзы æмæ алчи йæ сывæллоны бæрæг кодта, фæлæ ма сæ цы бæрæг уыдаид! Ныцъцъæл, ныммур сты. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой æмæ сæ баныгæдтой. Уыцы фæз абоны онг дæр хуыйны «Непис къало», ома «паддзахы мус». Адæм æрсабыр сты, æрæнцадысты, сæ сыгъд хæдзæрттæ бацарæзтытæ кодтой. Сау сагъæс, æрдиаг адæмы ’хсæн нæ цух кодта. Æлдар дæр та сæ хъалон исын райдыдта. Адæм уæззау уаргъы бын цæуын нæ фæрæзтой, афтæмæй рæстæг сау тар мигьы бын æнцад лæсыд.

Иу уалдзæг та «Фидары дзуары» бон уыд æмæ Хъуды комы адæм дзуары мæсыджы раз æрæмбырд сты æмæ та æлдары койтæ кодтой.

— Æвæдза, нæ фесæфт хуыздæр у, — загъта Мистала, — уыцы сырд æлдарæн атæппæт æвзæр митæ ныббарыны бæсты!

Урсзачъе зæронд лæг Дзанайты Тохти адæмы ’хсæнæй фестад æмæ афтæ зæгъы:

— Нæ фесæфт хуыздæр у, нæ фесæфт, хорз адæм, нæ байзæдтаг хъалондарцагъарæй ныууадзыны бæсты. Иу арс ныл сахуыр ис æмæ нын фыдмитæ кæны. Æмбисонд афтæ у, Дзуахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта, æмæ, дам, æй Безан амардта. Уыцы хуыйæн куы ницы фæнд скæнæм, æндæр амал нæй, æмæ йæ рихитæ аздыхта.

Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, цыдæр хъуыдыты аныгъуылдысты, стæй æмхуызон сдзырдтой:

— Мæлæт, мæлæт, марын æй хъæуы, æндæр хос нæй! — æмæ та фæсабыр сты.

Тохти уырдыг фестад æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнæ хорз адæм! Уæззау хъуыддаг рæуæг дзырдтæй нæ рæзы. Æлдары амарын, хъæл акъуырæгау нæ уыдзæн. Лыстæг æркæсæм, фæсмон куыннæ фæкæнæм, афтæ. Мах иууылдæр æмхуызон, æмсæр адæм, хор æмæ донау, иумæ сæвзæрдыстæм, кæрæдзийæн æууæнк радтам, фæлæ ноджыдæр радтæм, цæмæй, топпы нæмыгау, нæ фæнд иу уа. Æмвæнд, æмдзырд адæмæн хох дæр нæ лæууы.

— Разы, разы! — адæм æмхуызон сдзырдтой æмæ та дыккаг хатт ард бахордтой æмæ æууæнкдзинады бæрæгæн дзуары хуылфы фæйнæ топпы нæмыджы мысайнаг сæвæрдтой æмæ иннæ аз куадзæн боны æлдары амарыны тыххæй фæнд скодтой.

Рæсугъд хур бон уыд. Арвы астæуæй хурзæрин йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста. Цъæхсæр къæдзæхтæ, æвзистау, æрттывтой. Æрнæджыты зæлдаджы хуызæн тамагæрдæг ирдгæ фæйлыдта. Алы хорз дидинджыты тæфæй адæймаджы зæрдæ рухс кодта. Уалдзыгон мæргъты зарынæй адæмы æнкъард сау зæрдæйы цыдæр хъæлдзæгдзинады бæрæг абадт. Хурскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Арагуийы дон, хæрдгæбыдау, къæдзтæ-мæдзтæ йæхи айвæзта, фæйлауæн фæйлауæны сырдта æмæ æнусы къæдзæхтыл пæлхæндæг æртахæй йæхи цавта, цыма уый дæр тарф фынæйæ райхъал ис. Иу дзырдæй, бæстæ дæр базмæлыд, цæмæдæр йæхи цæттæ кодта. Адæм изæры онг фæминас кодтой, стæй алчи йæ хæдзармæ ацыди.

Фæззæг æрцыди, зымæг дæр аивгъуыдта, уалдзæг æрæввахс. Сæрибар дуджы тыххæй йæхи нывонд чи ’рхаста, Чырыстийы бæрæгбон — куадзæн æрцыд, адæм кæрæдзийæн арфæтæ кодтой. Раст уыцы бонмæ; уыд æлдарæн дæр йæ марыны æмгъуыд, уый тыххæй æмæ алы хæдзар дæр, фос кæмæ уыд, уый æлдарæн хъуамæ уæрыкк бахастаид, фос кæмæ нæ уыд, уый та — гогыз, йе — карк æмæ афтæмæй æлдарæн куадзæны арфæтæ ракодтаиккой. Æлдары марыны æмгъуыд дæр куадзæн бонмæ уый тыххæй сарæзтой, æмæ сыл цæмæй æлдары зæрдæ ма фæгуырысхо уа. Адæм — зæрондæй, ногæй æрæмбырд сты æмæ æлдармæ арфæты ’фсон бацыдысты.

Стыр галуаны астæу, кæрты адæм рæнхъытæ алæууыдысты. Æлдар сæм мæсыгæй рацыд æмæ сын арфæ ракодта, фæлæ уыцы арфæтæ æгьдауыл нæ уыдысты. Йæ зæрдæ йæ базыдта. Йæ дзырдтæ йæ дзыхæй æрхæцгæ цыдысты. Адæм æдгæрзтæ кæй уыдта, уый тыххæй йæ хуыз рафæлив- бафæлив кодта, йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Уыцы сахат цъиу куы фестадаид, дардмæ куы атахтаид æмæ æдзæрæг ран куы цардаид, уымæ дæр бæллыд. Йе уæд та адæмæн цагъар куы фестадаид, уый дæр æй фæндыд, фæлæ йын уыдæтты гæнæн нал уыд æмæ йыл цы 'рцыдаид, уымæ æнхъæлмæ каст: хаттæй хатт-иу мæсыджы алыварс йæ цæст ахаста, фæлæ йæ дæлдæртæй иу дæр адæммæ ракæсын нал уæндыд.

Адæмы разæй Тохти ралæууыд æмæ афтæ зæгъы:

— Арагуийы æлдæр! Æрбад, де ’лдардзинады фæстаг бон у, æмæ ма дын кад радтæм, бафæрсæм дæ!

Æлдарæн бандон æрæвæрдтой æмæ æрбадт, фæлæ ахæм мæгуыр цæстæнгасæй ракаст адæммæ, ахæм сагъæссаг бæрджытæ фæзынд йæ цæсгомыл æмæ йæм адæмæй бирæты зæрдæ фæфæлмæн, фæлæ алчидæр ардæй тарст æмæ хъуыддаг бауромыны тыххæй сдзурын нæ уæндыд. Адæмы хистæртæ, зæрæдтæ дæр йæ разы æрбадтысты. Адæм фæсабыр, фæхъус сты. Адæмы ’хсæн мæлдзыджы къæхты хъæр дæр фехъуыстаид. Дзанайты Тохти сыстад æмæ афтæ зæгъы:

— Ерыстау æлдар! Абон дæ тæрхоны бон у æмæ дæ фæрсæм: цæмæн нын кæрæдзи ныццæгъдын кодтай? Сыхаг Хиуы комы адæммæ, цы дæ хъыг дардтой? Цæмæн сæрра кодтай мах дæр? Цæмæн нæ фæсайдтай сæрибары дугæй? Дæхицæн нæ хъалондарцагьар цæмæн скодтай?

Æлдар ацы ныхæстæн цæстысыгæй дзуапп лæвæрдта, æндæр ницы.

— ...Зæгъ, цы дын кодтой нæ саби сывæллæттæ, мæнæуы куыристау сæ цæмæн банай кодтай? Цы дын кодтой нæ мæгуыр уазал хæдзæрттæ, цæмæн сæ басыгътай? Зæгъ, зæгъ, цы дын кодта Берд — æгас комы фысым, цæмæн æй федзæрæг кодтай? Адæймаджы цытджын æхсырæй дæ куыдзы къæбылатæ цæмæн хæссын кодтай, цæмæн дæйын кодтай дæ куыдзы хъæвдынтæн адæймаджы арфæгонд дзидзи? Æлдар ацы ныхæстæн иуæн дæр дзуапп нæ радта, æрмæст-иу йæ рæссыд стыр сырх цæстытæ доны разылдта æмæ-иу мæсыджы ’рдæм йæ усмæ фæкаст. Тохти адæмырдæм раздæхт æмæ загъта: — Тæрхон, тæрхон, нæ фыдæлты тæрхон!

Адæм тæрхон кæнын райдыдтой. Цæмæйдæриддæр уыцы рæстæджы адæмы æмбырд тæрхон кодта, чи загъта: «дуры бын æй фæкæнæм», чи загъта: «ауындзгæ йæ æркæнæм», чи загъта: «гæрзтæй йæ амарæм», æрæджиау бафидыдтой æмæ загътой:

— Кардæй йæ амарæм, уæздан лæджы кадæн гæрзтæй мард хуыздæр.

Æвиппайды кæрдтæ фехситт кодтой, мæсыджы къултæ ферттывтой æмæ æлдарæй уонг уонгыл нал аззад, галуаны астæу цъæх нæууыл йæ туг азæй кодта, йæ фыды кæрдихтæ туджы малы сæр ленчытæ кодтой. Адæм сæ кæрдтæ асæрфтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти æлдары мæсыгæй йæ усы хъарджытæ.

Æлдары дæлдæртæй иу лæг чысаны Ерыстау Дзимсермæ хъæргæнæг ацыд, цæвиттон, æлдары ус Дзимсеры чызг уыд. Дзимсер дæр æрцыд æмæ æлдары баныгæдтой, æлдары усы йæ цагъартимæ Дзимсер акодта Чысанмæ æмæ уым царди. Уæдæй фæстæмæ Арагуийы Ерыстау æлдары хæдзар федзæрæг, æрмæст ма дзы мæргътæ ахстæттæ кæнынц.

Рæстæг уыцы иу сау тар мылазон хаста, рухсы цъыртт æм никæцæй зынд, кусæг адæмы цард, æфсæн рæхыстæй баст, талынг мæйдары хъеллау кодта. Адæмы зæрдæ ныссау, ныддур, масты бру атонын, аскъуынын нæ фæрæзтой. Стыр уæззау дуры бынæй цæстысыг тугæмхæццæ калд. Чысаны Ерыстау æлдар Дзимсер дæр та йæ сиахсы адæммæ—Хады коммæ чысылгай чысылгай æвналын систа. Хады комæн та йын сæхицæй дæр хæрзгæнджытæ фæзынди, фæлæ Хъуды коммæ нæ уæндыд, уый тыххæй, æмæ Хъуды комы ирон адæм сæ фæнд иу скодтой æмæ Ерыстаутæй сæхимæ цæуæг нал уагътой æмæ сæрибар адæм уыдысты.

Дзимсер Хады комæй хъалон исын райдыдта. Уый дæр та Арагуийы Ерыстау æлдарæй фыддæр æмæ тъайлагдæр фæци. Хады комы адæмæн сæхицæй хъалонисджытæ-моураутæ тыхгæнджытæ скодта æмæ та адæмы бартæ рæхыстæй сбаста. Ирон адæмæй гуырдзымæ хæстæг чи цард, уыдонæй дæр та хъалон исын райдыдта [4] Дзимсер фыццаг Хады коммæ цæуын нæ уæндыд, æрмæст йæ хъалонисджытæ-моурауты ахъазæй куыста. Уый фæстæ Хады комы хъалоны æгъдæуттæ куы сфидар кодта, уæд йæхæдæг дæр хъалон исынмæ цæуын райдыдта: хорз бæх, хорз гал, рæсугъд чызг никæмæн уагъта. Дзимсеры æвастæй лæг ус нæ хаста, чызг чындзы нæ цыд. Хъалон исынмæ-иу куы ацыд, уæд-иу æхсæв фысыммæ кæмæ баззад, уымæй-иу æхсæвы йæхицæн чызг агуырдта. Ахæм æвзæр митæ кæнын та уый дæр райдыдта æмæ та Хады комы адæм сæ фыццаг уæззау уаргъы бын дыдæгътæ кæнын систой.

Иу фæззæг та Дзимсер Хады коммæ хъалон исынмæ уыд æмæ йæ æхсин нæ уагъта:

— Дысон æхсæв, — загъта, — æвзæр фын федтон, цыма, дам, дын дæ мæсыгыл сармадзантæ ныццавдæуыд æмæ фехæлди.

Дзимсер кæлкæл ныххудт æмæ йын афтæ:

— Уый куыд зæгъыс, æхсин-æлдар, æз Хады коммæ куы бацæуын, уæд мæ тæсæй хæхтæ ризынц, дуртæ фадынц. Æртæрдзынæн дын гал рæгъæуттæ, фосы дзугтæ, хъаланкари хъуымацæй дын балхæндзынæн хæдойнæгтæ, хæлайфæгтæ, æмæ дæм чысангомы æхсинтæ хæлæг кæндзысты.

Уыцы бон Дзимсер дыууадæс лæгимæ хъалон исынмæ ацыд.

Раст Арагуийы доны былыл, Хады комы, Млет, зæгъгæ, иу хъæуы царди авд æфсымæры, сæ хистæр Хуца, зæгъгæ. Авд æфсымæрæн иунæг æфсымæрхо Тамар, йæ рæсугъддзинады кой æгас адæмыл айхъуыст.

Дзимсер дæр æй фехъуыста æмæ та йæ зæрдæ иу ран нал лæууыд. Уыцы чызджы бæллондзинад та йын йæ намысы рудзынг талынгтæ кодта, æмæ уый тыххæй æмраст уыдонмæ æрфысым кодта.

Хуца æмæ йе ’фсымæртæ хорз зыдтой Дзимсеры фыдзæрдæйы конд, сæ иунæг æфсымæрхойы сын æнæфæхудинаг кæй нæ ныууагътаид, уый æмæ сæхи раздæр сцæттæ кодтой. Дыууæ стыр кауы сбыдтой æмæ сæ хæдзары мидæг дыууæрдыгæй къулынцой бахъил кодтой.

Уалынмæ Дзимсер дæр ныххæццæ. Хуца йæ размæ, хъæлдзæг фысымау, рауад, æрхизын сæ кодта йæ дыууадæс лæгимæ æмæ сæ хæдзары даргъ бандоныл æрбадын кодта. Дзимсерæн йæ цæст чызгыл андæгъд, йæ зæрдæ, артау, ссыгъд, талынгтæ кодта. Чызгæн дæр фырмæстæй йæ зæрдæ цыма æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, æрбалхъывта, катайтæ кодта. Дзимсеры тыппыр стыр сырх цæстытæ рагъыйас фындзы фæрстæй зындоны цæстæнгас лæвæрдтой, иудзырдæй, кæфхъуындар æнхъæлмæ каст æнæаипп чызджы аныхъуырынмæ. Уалынмæ æхсæвæр дæр сцæттæ, бахордтой, бануæзтой æмæ иу кауы раз Дзимсер æлдары схуыссын кодтой, иннæ кауы раз — Дзимсеры дыууадæс лæджы, Дзимсер афтæ зæгъы:

— Зонут, ныр мæнæн цы хъæуы, уый? Уæ хойы мæм ракæнут!

Хуца хъæлдзæгæй афтæ зæгъы:

— Хорз, уый зонын, æлдар, дæ рын бахæрон, чызгæн дæр æмбæрстгонд у, фæлæ цырагъы рухсæй æфсæрмы кæны.

Дзимсер йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы:

— Ахуыссын æй кæнут!

Цырагъ ахуыссын кодтой, хæдзар фæталынг! Уалынмæ гуыпп, зæгъгæ, æмæ сыл каутæ бафæлдæхтой, сæ хъыс-хъыс ссыд кауты бынæй. Чызг цырагъ асыгъта, Хуца æмæ йе ’фсымæртæ хъаматæ фелвæстой æмæ сæ кауы бынмæ ныррæхуыстытæ кодтой, ныммардтой сæ. Хæдзар тугæй мал сси. Уыцы бонæй фæстæмæ Хады комы адæм дæр сæрибар адæмæй баззадысты.

Дыккаг бон Арагуийы адæм, ирæй, гуырдзыйæ, æрæмбырд сты. Млеты хъæуы мæрдты баныгæдтой. Хуцайы Ломисы дзуарæн дзуары лæг скодтой, æлдары кæй амардта, уый тыххæй, æмæ абон дæр Хуцайы мыггаг, Бурдултæ, Ломисæн дзуары лæгтæ сты.

Афтæтæ кодтой уыцы рæстæджы æлдæрттæ æмæ барджынтæ.

Уыцы рæстæгæй фæстæмæ Арагуийы комæй фесæфт æлдары кой.

Notes[edit]

  1. Моурау — æлдары фæллойгæс, йæ зæххытæм, йæ хæдзар-мæ, йæ дæлбар адæммæ хъусдарæг.
  2. стыр æмæ тыхджын цуанон куыдзы мыггаг
  3. Уыцы рæстæджы хæдзаруæттæ зынынц хохы фидæртты. — Автор.
  4. Æрæджы дæр ма Ганис Назгъастæн хъалон фыстой. — Автор.

This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse