Æхсины лæг (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Æхсины лæг  (1909) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1909. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


ÆХСИНЫ ЛÆГ


З а р æ г

Хæххон фыййау, йæ фос ривæд
Куы кæнынц, уæд нæ фæзары...
Цы уыл æрцыд, нæ фæсивæд,
Уæ зæрдæтæм цы маст хъары?

Лæджы дам бас куы басудзы,
Уæд фу кæны йæ доныл дæр...
Лæг сусæгæй куы нымудзы,
Уæд нал сæтты йæ номыл дæр.

Хæххон фыййау йæ фосимæ
Къæдзæхты дæр нæ фæллайы...
Нæ фæсивæд! Кæрæдзимæ
Уæ зæрдæ дæр куы нæ райы!..

Хуыцау дын радтæд бирæ хъом,
Бæрæг зындзæн дæ хорз уæныг...
Нæу сусæг хорзæн йецæг ном,
Налатæн та – йæ фæсномыг.

Æсхъомыл дæн уырысимæ, –
Нæ цæм фæдæн сæны хъæстæ...
Цы уайсадæм кæрæдзимæ, –
Зæгъут–ма раст уæ ныхæстæ!

Цы дын зæгъæм? – уæлæмæ дæр,
Дæлæмæ дæр – нæ дзуринаг:
Æхсины лæг – нæ сæфты хъæр,
Нæ фыдты фыд, нæ худинаг!

Гадза бирæгъ æнгом дзуджы
Быдыры дæр ныппырх кæны...
Цы ма кæнæм? – ныры дуджы
Æхсины лæг æлдар кæны!

Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр
Нæ ауæрды лæбурыныл...
Æхсины лæг йæ бæстæй дæр
Нæ ауæрды мæнг дзурыныл.

Æстур дæр ма йæхи рæгъау
Нæ нымайы кæйдæр хъомыл...
Æхсины лæг, фыдызнагау,
Арт бандзары йæхионыл.

Æстур дæр ма йæхи рæгъау
Хуыздæр хоны кæйдæр хъомæй...
Æхсины лæг, цъæх хæрæгау,
Ту нал сæрфы йæ цæсгомæй.

Рынчынæн дам æдзухæй дæр
Йæ низы кой – йæ дзуринаг...
Æхсины лæг нæ Ирæн дæр –
Нæ низы хай, нæ худинаг!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse