Æфсæдхон (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Æфсæдхон  (1914) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1914, Рауагъ аз: 1914. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ÆФСÆДХОН


Знаг æрбацæуы, лæбургæ,
Йæ карды ныфсæй нæ бæстæм,
Топпы нæмгуытæ, лæхургæ, —
Бавналæм мах дæр нæ гæрзтæм!

Нæ Фыдыбæстæ нын куы байсой, —
Сау хох ныккæндзæн æрдиаг.
Нæ рæзты бæхтыл куы хъазой,
Уый нын уæддæр у хъуыдиаг.

Нæ сылтæн куы сисой сæ кæрдæн,
Чызджытæй куы кæной хынджылæг,
Нæ хуымтæй куы скæной уыгæрдæн, —
Нæ цард ныууыдзæн хæрзмынæг.

Уистæй нæ куы тæрой сæ разæй,
Лæгтæн куы байсой сæ гæрзтæ,
Куы нæм ныббырсой æмварсæй,
Тыхæй куы байсой нæ бæстæ.

Нæ фое нын куы байсой, нæ хортæ,
Хæдзæрттаей куы скæной бæхдæттæ,
Куы нæ ныккæной фæлхортæ,
Сæхи нын куы скæной æлдæрттæ;

Худинаг нæ истой сæ сæрмæ
Кавказы хохæн йæ зæнæг,
Карды цæфæй-иу цæхгæрмæ
Ызнаджы лыг кодтой сæхæдæг!

Худинаг куы райсæм нæ сæрмæ,
Фыдæлтæн куы скъахæм сæ цырт,
Нæхи куы 'руадзæм æвзæрмæ, —
Ничиуал кæндзæн нæ дзырд.

Бавналæм, бавналæм нæ гæрзтæм,
Знаджы фæсурæм нæ бæстæй.
Ма йæ бауадзæм нæ бæстæм
Нæ къухы нæ кард æлвæстæй!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse