Ганис (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Ганис  (1906) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1906, Рауагъ аз: 1906. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ГАНИС


Бæрзонд сау хæхтæ,
Цъæхсæр къæдзæхтæ,
Уынгæг нарæг ком, —
Мæ гуырæн бæстæ;
Фæци мæ фæстæ
Хадæн ривæддон.

Урс дон Арагуи
Къæдзæхтæ арауы,
Æхситтæй зары;
Сырхыты хохæй,
Бæрзхъæды къохæй
Арагуи хъары...

Фугæ бæлæстæ
Сусæг ныхæстæ -
Дымгæйæн сидынц;

Уæлхохы фæзтæ,
Урссæр цæргæстæ
Йæ сæрмæ зилынц.

Сау хохы цæндтæ,
Хуырджын бæрзæндтæ,
Сурдтæ дзы симынц;
Хъуызгæ зарæгæй,
Сусæг хъарæгæй
Сæ зынтæ сидынц.

Арвы нæрынæй,
Тызмæг уарынæй
Сау хох лæбыры.
Цъиусуры тасæй,
Фæлдзæгъдæг хасæй
Мæга ныгъуылы.

Лæгау лæг — ыстæм,
Нæ зонæм — цы стæм,
Иугæйттæй сæфæм.
Лæг нæм чи вæййы,
Уый искæй тавы,
Мах та цъыф сæрфæм.

Уæххай, мæгуырæг,
Дунетæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Æнамонд кæсдæр,
Йæ фыды хæс дæр
Чи нæ фæлгъуыдта.

Æвадат сындзы
Къутæрыл хæцы
Мæгуыры фæрæз.
Мæстæй ныззары,
Йæ уæлæ дары
Цъæх хъисын пæлæз.

Ыстонг, уазалæи,
Хуыцауы азарæй
Бирæгъ дæр тæрсы.
Бирæгъ дæр зоны, —
Йæ мæгуыр боны
Куыдзы бын хуыссы.

Мæнæ стыр диссаг:
Сау хъæды иу саг,
Хъæргæнгæ, цæры;
Хохы лæнчыты
Размæ цæуджыты
Зæвæтæй цæвы.

Сау хъæд фердузтæ,
Ныры тæрхъустæ —
Сырдты паддзæхтæ.
Сау айнæг хæхтæ,
Сусæг гæндзæхтæ
Цæгъдынц къæдзæхтæ.

Сау айнæг хæхтæ,
Фидар къæдзæхтæ
Бындзарæй ризынц;
Зынаргъ дзæнхъатæ,
Æвзист хæзнатæ
Кæмæндæр уилынц.

Уæххай, дзæгъæл бын,
Æрцыд дыл дæ фын,
Баззадтæ дзæгъæл.
Де 'взист буарæн,
Де 'мбæхст дуарæн
Ссардтой дæгъæл.

Зындоны тасæй
Фæсном ныхасæй
Мæ фынтæ хъарын!
Кæлмхæсты зынтæ,
Тæфсæджы фынтæ
Къæдзæхтæн зарын.

Уæд та ма цæй,
Донласт хуылыдзæй
Цæмæй ма тæрсы.
Сæфон-арæзон,
Хуыцауы бафæрсон, -
Мæгуыр уый фæрсы.

Мæ зæхх — æрхытæ,
Лæбырд, пырхытæ,
Цæрæн дзы нал ис.
Мæ гуырæн бæстæ
Фесæфт мæ фдестæ,
Фехæлди Ганис.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse